Чи хуыздæр зоны Нарты кадджытæ?

0
42

Тынг цымыдисаг рауад, мæнæ хæрзæрæджы Джызæлы Советон Цæдисы Хъæбатыр Дойаты Давиды номыл скъолайы цы мадзал ацыд – брейн-ринг, уый.

Йæ саразæг – хъæуы бынæттон администрацийы нысан уыд, нæ рæзгæ фæлтæр Нарты кадджытæ куыд зонынц, цавæр цæстæнгас дарынц, нæ рагфыдæлтæй нын цы диссаджы историон, культурон æмæ удварны хæзна баззад, уымæ. Ерысы рæстæг брейн-рингы архайджытæн – бынæттон скъолаты ахуырдзаутæн сæ хæс уыд Нарты кадджытимæ, сæ сæйраг хъайтартимæ баст цаутæ æмæ хабæртты тыххæй фарстатыл раст æмæ мидисджын дзуаппытæ раттын. Ногæй та райхъуыстысты Сосланы, Батрадзы, Сатанайы, Уырызмæджы, Ацæмæзы нæмттæ. Суанг дзы уыд ахæм фарстатæ дæр – цы амоны дзырд Уацамонгæ кæнæ, цы хуызæн уыди Сосланы пæлæз æмæ афтæ дарддæр.

Ерыс куыд вæййы, афтæ ам дæр кæйдæр дзуаппытæ уыдысты хуыздæр, мидисджындæр, кæмæндæр та – цауддæр. Уæддæр алчидæр тырныдта йе ‘ппæт хъарутæ æмæ зонындзинæдтæй дæр фæуæлахиз уæвынмæ.

Кæронбæттæны сæрмагонд жюри бахыгъта ерысы бæрæггæнæнтæ. Фыццаг бынат æрхаудта инæлар-майор Бæройты Михалы номыл санаторон скъола-интернатмæ. Дыккаг бынатмæ рацыд Дойаты Давиды номыл 2-æм скъола, æртыккаг та райста Коцойты Арсены номыл 1-æм скъола.

Брейн-рингы æппæт архайджытæ дæр дзы архайдтой стыр разæнгардæй, сæйрагдæр та равдыстой, Нарты кадджытæн кæй кæнынц стыр аргъ æмæ кæй архайынц хуыздæр сæ базоныныл.

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here