Æмгуыстады бындурыл

0
85

Афæдзы размæ Цæгат Ирыстоны йæ куыст райдыдта егъау компани «Балтийский лизинг»-ы дæлхайад. Дзæуджыхъæуы офис лæггад кæны нæ регионы амалхъомтæн. Æмгуыстады бындурыл æххуыс кæнынц алы хуызы, æмæ йæ ахадындзинад бирæтæ банкъардтой.

Сæ куысты бæрæггæнæнтæй разы сты, афæдзы пълан уæлдайджынтæй сæххæст кодтой. Нæ республикæйы базарад у бирæкъабазджын – райдай кæсагдарæн хæдзарæдтæй, дыргътæ, сæнæфсир æмæ къалбас кæнынæй, æмæ егъау арæзтадон, транспорты æмæ æндæр куыстуæттæй.

Лизингы æххуысæй амалхъомтæн фадат уыдис æмæ фылдæр æлхæдтой уæзласæн транспорт, хъæууонхæдзарадон, арæзтадон, фæндæгтыл кусæн æмæ æндæр техникæ. Компанийы сæйраг нысан у адæмы фарсмæ балæууын, бизнес – æхсæнадимæ æнгом кусын, нæ республикæмæ хъæугæ товартæ цы æввонггæнджытæ ласынц, уыдоны æргом раздахын.

Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыдис, «Балтийский лизинг» Дзæуджыхъæуы цы форум «Алания. Вершины бизнеса» сарæзта, уым. Ирыстоны амалхъом адæм, компанийы минæвæрттæ дзырдтой æмгуыстады фарстатыл æмæ дарддæры рæзтыл.

– Ныртæккæйы рæстæг дын размæ цыдæн æххуыстгæнæг куы уа, уæд æнцон у. Махæн нæ архайды нысан у, нæ уæрæх гæнæнтæй пайда кæнгæйæ, бизнес уæлдæр, нырыккондæр æмвазадмæ сисын. 35 азмæ нæ компанийы куыст апарахат, кусæм Уæрæсейы бирæ регионты, иугæр нæ клиент дæ, уæд кæрæдзийæн стæм хъуыддаджы æмбæлттæ. Фыццаг форумы уал зонгæ кæнæм нæ архайдимæ æмæ хонæм æмгуыстадмæ, – загъта компанийы генералон директоры фыццаг хæдивæг Антон Сапожков.

Компаниимæ сæ дарддæры æмгуыстады тыххæй дзырдтой бынæттон амалхъомтæ.

– Рагæй зонгæ дæн компанийы архайдимæ. Цалдæр хатты спайда кодтон сæ лæггадæй, разы дæн нæ æмгуыстадæй æмæ сын зæгъын бузныг. Æгайтма нæхи республикæйы фæзындис сæ хайад, – зæгъы Зассеты Тамерлан. Йемæ бирæтæ разы сты. Амалхъом Кадиты Вадим йæ бизнес райдыдта æртæ «Газель»-æй, ныр, компанийы æххуысæй, сæ машинæты нымæц дыууæсæдæмæ схæццæ.

Акционерон æхсæнад «Виноградарь Кавказа»-йæн бындур æвæрд æрцыд 2021 азы. Кусы хъæууон хæдзарады къабазы, зайын кæны сæнæфсиры алы хуызтæ. Йæ æнтыстыты тыххæй бузныг зæгъы «Балтийский лизинг»-æн.

Абон «Балтийский лизинг»-имæ зонгæ сты нæ бæстæйы 80 регионы, уæрæх кæнынц сæ лæггæдтæ дæр – уæзласæн транспорт, хъæууонхæдзарадон æмæ æфсæнвæндаджы техникæ, автобустæ, медицинон кусæнгæрзтæ æмæ таксомоторон парк… Иннæ компанитæй уæлдай ам алы клиентæн дæр скæнынц йæ фиддонты сæрмагонд график, уым фæбæрæг кæнынц æнæнхъæлæджы сæвзæргæ уавæртæ дæр, уæлдайдæр та – хъæууон хæдзарады æмæ арæзтады къабазы. Сæ клиент йæ размæ цы хæстæ æвæры, уый бамбаргæйæ, уынаффæ цыбыр рæстæгмæ рахæссынц. Нæ регионы экономикæйы рæзтыл сæ архайд кæй фæзындзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

Æмбырды архайджытæн зæрдиаг æгасцуай загъта РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Дзгойты Иринæ.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here