Сабиты æнæниздзинадмæ – стыр æргом

0
58

Æнæниздзинады боныл нæ рæвдауæндон сæмбæлд хæрздзæттæйæ. Рагагъоммæ сарæзтам сценари, бацæттæ кодтам хъæугæ костюмтæ, муляжтæ. Рæвдауæндоны цы цыппар къорды ис, уыдонæй алкæм дæр бæрæгбон хицæнæй сарæзтам, æрбахуыдтам ныййарджыты дæр.

Æнæниздзинад адæймаджы царды стырдæр хæзна у, æмæ йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ хъахъхъæнын хъæуы. Уый тыххæй та сабитæн бауарзын кæнын хъæуы спорт, активон хъæзтытæ. Нæ коллективы уæнгтæ уыцы хъуыддагыл зæрдиагæй архайынц.

Æнæниздзинады боны фæлгæты цы мадзæлттæ сарæзтам, уыдоны сывæллæттæ æхсызгонæй архайдтой. Радзырдтам сын, æнæниздзинадæн пайда чи у æмæ йын зиан чи хæссы, уыцы хæринæгты тыххæй, бавдыстам сын сæ муляжтæ. Хъæлдзæг хъæзтыты активонæй архайдтой, зæгъæм, тынг бацин кодтой, уазæгуаты сæм Капризкæ куы ‘рбацыд æмæ сын ног хъазт «Зайцы встали по порядку» куы бацамыдта, уæд.

Бабæрæг нæ кодта аргъæутты хин æмæ кæлæн Баба Яга дæр, иумæ скодтам зарядкæ, архайдтой дзы æрмæст нæ хъомылгæнинæгтæ нæ, фæлæ сæ ныййарджытæ дæр. Нæ размæ цы нысан æвæрдтам, уый нæ къухы бафтыд – нæ сывæллæттæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй, пайдаджынæй арвыстой.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ахæм мадзæлттæ æрмæст Æнæниздзинады боны нæ саразæм, сабиты æнæниздзинадмæ стыр æргом здахы нæ коллектив, йæ сæргъы Тугъанаты Людмилæ, афтæмæй.

ДУДАЙТЫ Беллæ, Любовь ЕФИМОВА,
Дзæуджыхъæуы 83-æм рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here