Адæмы фыдбæллæхæй бахизын

0
75

Чернобылаг Атомон электростанцæйы бæллæхы 40 азы агъоммæ Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ фембæлдысты Цæгат Кавказы механизацийы, автоматизацийы æмæ хъæды хæдзарадæн разамынддæттыны техникумы студенттимæ.

Пъæлицæйы кусджытæ рæгъмæ рахастой радиацон, химион æмæ биологон æппарæццæгтæй цæрджыты бахизыны фарстатæ. Лекци баст уыд нырыккон тæссагдзинæдтимæ, уыдоны ныхмæ æрлæууынимæ, радиацион низтæ рапарахат кæнынимæ, химион хæцæнгарзы архайдимæ. Ахæм рæстæг пъæлицæйы хайад куыд кусы, уыдæттæ дæр радзырдтой, радиацион æмæ химион цæстдарды архайд дæр раргом кодтой.

Уæлдай æргом аздæхтой Чернобылаг бæллæхы фæстиуджытæм, æнæнхъæлæджы уавæрты хи дарыны, дзыллон æмæ алкæй хицæнæй фыдбылызæй бахизыны фæрæзтæм. Барадхъахъхъæнджытæ студентты базонгæ кодтой алыхуызон противогазтимæ, хи бахъахъхъæнæн уæлæдарæсимæ, æнæнхъæлæджы уавæрты ахъазгæнæн прибортимæ.

Ацы ахсджиаг лекци бантыст техникумы директоры уынаффæгæнæг Цыбырты Миленæйы руаджы. Уымæн йæ фыд, Цыбырты Руслан, 1986 азы уыд Чернобылаг фыдбæллæхы фæстиуджытæ иуварсгæнджыты ‘хсæн. Уæд бæллæхы ран райста рентгенты стыр бæрц, уыдæттæ фыст æрцыдысты йæ хыгъдон чиныджы. Йæ сæрвæлтау фыдæбон бæрæггонд æрцыд Фæскомцæдисы Центрон комитетæй. Студенттæ æппæт уыцы хабæрттæм хъуыстой зæрдæбынæй.

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here