Абон газеткæсджыты мæ зæрды базонгæ кæнын ис, йæ цард культурæйы куыстæн чи снывонд кодта, ахæм диссаджы сылгоймагимæ. Уый у Цæраты-Дзестелты Клавæ.
Клавæ райгуырд Ног Бæтæхъойыхъæуы. Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ тæмæны куы уыд, уæд йæ фыд Алексей (Лексо) дæр хæцыд знаджы ныхмæ. Йæ цыппар сывæллоны сæ мад Анютæйы бар ныууагъта, Клавæ та гуыбны уыд, афтæмæй ацыд тохы быдырмæ æмæ фæмард хъæбатырæй. Сидзæргæс ус иунæгæй йе ‘ртæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы тыхтухитæй фæхаста. Цот Любæ, Жорик, Райкæ, Зауырбег æмæ Клавæ, рæстæджы зындзинæдтæ æвзаргæйæ, æххормаг, дарæсхъуаг, уазалæн быхсгæйæ, æрвыстой сæ бонтæ. Райсомæй-иу сабиты мад быдырмæ кусынмæ ацыд, изæр-иу йæ нартхоры кæрдзыны хай йемæ æрхаста æмæ сын-иу æй фондз дихы акодта. Клавæ ныр куыд мысы, афтæмæй-иу сæ хистæр хо Любæ, сæ ныййарæджы æрцыдмæ арт скæнон, зæгъгæ, хæцъилын дзабырты миты акъаци бæласы къалиутæ фембырд кодта, йæ къæхтæ-иу ныххуылыдз сты. Æрыгон чызгыл уыцы зындзинæдтæ æртæфстысты, фæрынчын æмæ амард. Клавæ цоты кæстæр уыд, æнахъом, кæсинаг кæй уыд, уымæ гæсгæ йæм хæдзары хабæрттæй ницы хауд, рæзыд æнæмæтæй. Райдайæн скъолайы фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Зилгæйы астæуккаг скъолайы.
— Активон фæскомцæдисон уыдтæн, ахуыр дæр хорз кодтон æмæ, 10 къласы каст куы фæдæн, уæд мæм фæскомцæдисонты бюромæ фæдзырдтой æмæ мын сæ фæндон загътой: Бæтæхъойыхъæуы ногдзауты раздзог хъæуы, æмæ дын уырдæм æнæ ацæугæ нæй. Раст зæгъгæйæ, уæлдæр ахуырмæ бацæуон, уый мæ фæндыд, фæлæ семæ не сразы уæвын дæр мæм раст нæ каст, æмæ дзы цалдæр азы бакуыстон, — дзырдта нын Клавæ.
Бæтæхъойыхъæуы сæрæн лæппутæй иу – Цæраты Албег йæ цæст æрæвæрдта уæздан æмæ куыстуарзаг чызгыл. Æрыгæттæ кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты æмæ сæ цард баиу кодтой. Йæ ног хæдзары æрбаййæфта Албеджы зæронд æнæфæразгæ мады, куыд фæстæмæ æрхуыссæнуатон ис. Уæдмæ бинонтыл бафтыдысты сывæллæттæ Æхсарбег, Галя æмæ Валя. Клавæйы бахъуыд йæ куыст ныууадзын.
Æфсин хуыссæнæй нал сыстад 5 азы, æмæ йæм чындз йæ цотимæ каст, лæггад ын кодта, цыма йæхи чызг уыд, афтæ. Йе ‘цæг дунемæ куы ацыд ус, уæд Клавæмæ иу бон хъæуыхицау Сартуаты Георги фæдзырдта æмæ йын загъта, нæ клубы киномеханик хъæуы, æмæ, дам, уыцы бынаты ды хъуамæ райдайай кусын. Клавæ бакатай кодта, уыцы дæсныйад куы нæ зонын, зæгъгæ. Беслæнмæ, дам, кинотеатр «Спутник»-мæ Алыккаты Хасанмæ ацу, æмæ дын бацамондзæн. Георги Бæтæхъойыхъæуы кадджын, дзырддзæугæ лæг уыд, æмæ йæ йæ зæрдæхудт райсын нæ бафæндыд. Ацыд Хасанмæ, æмæ йын бацамыдта механичы куыст.
Цыппар азы фæстæ та йæм ногæй Сартуаты Георги æмæ парторг Цъыккаты Дзæрæх басидтысты сæхимæ. Сылгоймаг стыхст, цы мæ кæнынц, зæгъгæ. Уыдон та йын загътой, цæмæй клубы директорæй кусын райдайа.
— Раст зæгъгæйæ, клуб тынг æдзæллаг уыд, фæлæ сразы дæн. Æцæг мæ размæ иу цæлхдур сæвзæрд — мæ аивадон разамонæг Бедойты Беллæ декреты ацыд. Фæхъуыды кодтон, йæ бынатмæ кæй райсон, зæгъгæ, æмæ Къубалты Фатимæйыл æрлæууыдтæн. Активон архайæг уыд аивадон къордты, æмæ йыл мæ зæрдæ дардтон, сарæхсдзæн, уый мæ уырныдта. Уыцы рæстæг каст фæцис 10 къласы. Хъæуыхицауæн бамбарын кодтон мæ фæндон. Ацы фарстайы фæдыл баныхас кодтам уæды районы культурæйы хайады сæргълæууæг Берозты Алыксандримæ. Немæ сразы. Афтæ æрлæууыд аивадон къордты сæргъы æрыгон чызг, æмæ иумæ фæкуыстам 30 азы – 2014 азмæ. Аивæдты училищæ каст фестæм дыууæйæ дæр. Уым ма сахуыр кодта мæ кæстæр чызг Валя дæр, — дзырдта раздæры клубы директор.
Клавæ йæ фæллад уадзынмæ куы рацыд, уæд йæ бынат ратта, иузæрдион куыст цы Фатимæимæ фæкодта, уымæн, æмæ ныр æнæфадæттæй 11 азы кусы. Бæтæхъойыхъæуы Культурæйы хæдзар тынг рагæй нæй. Зæронд уыд йæ бæстыхай æмæ ныккалд. Скъолайы сын бынат раттой, фæлæ сæхи хъæуы, зæгъгæ, сæ цыбыр рæстæгмæ рарвыстой. Сагъæсты бацыдысты, уæдæ цы фæуæм, зæгъгæ, культурæйы кусджытæ. Иу бон Клавæйæн хъæуы амбулаторийы кусæг афтæ: мæнæ мах фарсмæ ис бынат, колхозы цехтæ уыдысты. Уæд хæдзарады сæрдар Ханайты Таймураз уыд, йæ тыхстдзинад ын бамбарын кодта Клавæ. Бахатыд æм, кæмæй нал пайда кæнут, уыцы бæстыхæйттæ нын ратт, зæгъгæ. Таймураз æмбаргæ лæг уыд, Клавæйы уды катай бамбæрста æмæ йын загъта: «Æхцайæ баххуыс кæнын дын мæ бон нæу, фæлæ æрмадзы бæстыхæйттæ дæу фæуæнт».
Сæрдар ын цы бæстыхæйттæ радих кодта, уыцы къуымты клуб сарæзта. Абон, уыцы рæстæг куы æрымысы, уæд фæзæгъы:
— Уæды арæзтадон бригады сæргълæууæг Джериаты Батрадзмæ (уый дæр раздæр цыбыр рæстæг клубы директорæй акуыста) бахатыдтæн, рудзынг кæм ис, уый бынаты ма нын дуар акъæртт кæн, зæгъгæ. Уайтагъд æй йæ кусджытимæ фегом кодтой, асинтæ дæр ма дзы ацарæзтой. Сæ цæрæнбон бирæ нæ хъæуы лæппутæн, уыдон та нæм æрмæг балхæнынæн æхцайæ фæкастысты, — дзырдта Клавæ.
Дарддæр цыдæриддæр хъуыди цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын, уыдон фæкодта Фатимæимæ. Афтæмæй, фыдæбæттæ бавзаргæйæ, сæхицæн кусæн бынат сарæзтой Бæтæхъойы аивады кусджытæ. Кæд сæ авналæнтæ парахат нæ уыдысты, уæддæр, сæ амал куыд уыд, афтæ архайдтой, хъæубæстæ сæм тындзыдтой сæхи аирхæфсынмæ. Ахæм æркаст-иу нæ уыд районы, республикæйы, æмæ раззаг бынæттæ ма бацахсой сæ къордты архайджытæ. Культурæйы артдзæсты кусджытæ æхсæнадон куыстытæй дæр иппæрд никуы уыдысты. Æвзæрстыты афон, сфыстыты рæстæг, зиутæ аразгæйæ — алы хатт дæр разæй цыдысты. Нæ фембæлды рæстæг Клавæ загъта:
— Бирæ зындзинæдты сæрты ахызтæн, фæлæ 60 азы ам цæрын, æмæ мæм ардыгæй ацæуын зын кæсы. Мæ лæппу алыбон мемæ тох кæны, Дзæуджыхъæуы цæры æмæ мæ уырдæм кæны, фæлæ æз нæ цæуын, кæм базæронд дæн кад æмæ радимæ, уыцы хъæуы адæмимæ мæ фæнды цæрын.
Æгадæй кæй нæ фæцардтæн, мæ уарзон хъæуы кæй фæкуыстон, мæ цот раст фæндагыл лæуд кæй сты, уымæй сæрыстыр дæн. Сахуыр кодтой, Æхсарбег Хъæууонхæдзарадон институт фæцис каст, Галя у ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, Валя аивадон дæсныйад райста. Алкæмæн дæр сæ ис бинонтæ, кæстæртæ.
Бæтæхъойыхъæуы культурæйы кусджытæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй нæ районы, республикæйы хицауад æркæсой æмæ сын клуб саразой. Æртæ Советон Цæдисы Хъæбатыры цы хъæуæй рацыд, уым аивады артдзæст ма уæд нырмæ, уый мæм раст нæ кæсы. Ис нæм тынг хорз фæсивæд, æмæ сæ курдиат, сæ арæхстдзинад кæм равдисой, ахæм фадат сын нæй.
Цæраты Клавæимæ фембæлд мæ иу хъуыддагыл фидарæй баууæндын кодта – адæймаг йæ куыст зæрдиагæй куы кæна, уæд адæмы фарнæй алы хатт дæр хайджын вæййы.
ХОСОНТЫ Земфирæ














