Социалон æмæ экономикон рæзт

0
77

Республикæйы социалон æмæ экономикон рæзты фарстатæм æркастысты, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым.

Министрты кабинет рахаста уынаффæ Фæллой æмæ социалон рæзты министрады бæрны сæвæрын, æнæкуыстхъомты æмæ, се ‘нæниздзинады  авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, уыцы граждæнтæн реабилитацийы æмбæлгæ техникон фæрæзтæй ифтонг кæныны хæстæ. Сæ фылдæр федералон хыгъдмæ нæ хауынц, раздæр уыцы хæстæ æххæст кодтой министрады бæрны уæвæг куыстуæттæ.

Дзанайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъавынц æнæкуыстхъомты царды уавæртæ хуыздæр æмæ фадатджындæр кæнын. «Ацы аз хъуамæ социалон кусæндæттæ баххæст кæнæм сæрмагонд ифтонггæрзтæй, балхæнæм реабилитацийы техникон фæрæзтæ, бацæттæ кæнæм специалисттæ. Уыдæттæн нæ бахъæудзæн 65 милуан сомы», – загъта Хицауады Сæрдар.

Сидзæртæ æмæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæн республикæйы исбон Мæздæджы, Æрыдоны, Алагиры, Рахизфарсы, Горæтгæрон районтæн раттыны хъуыддагыл дæр бæрнон адæм сразы сты. Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, сидзæртæ æмæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæтты фарста тынг ахсджиаг у. «Ацы аз уыцы нысанæн арвитдзыстæм 200 милуан сомæй фылдæр. Нырмæ уал 35 фатеры адих кодтам фондз районы ‘хсæн. Фæлæ нырма бирæ фарстатæ ис, æппæт хъарутæй дæр бацархайын хъæуы хъуыддагыл», – радзырдта Дзанайы-фырт.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур куыд загъта, афтæмæй, Архитектурон цæстдарды службæ æхгæд кæй æрцыд, уымæ гæсгæ йæ хæстæ æвæрд æрцыдысты министрадыл. Уый адыл сфидар кодтой амалхъомадон архайды фæрцы бирæфатерон хæдзæрттæн разамынд дæттыны тыххæй регионалон лицензитæ аразыны фæдыл уагæвæрд.

Хъæууон хæдзарады рæзтыл дзургæйæ, ныхас уыд сæнæфсир дарыны хъуыддагыл. Кæд æмæ хоры культуртæн  сæ тыллæг  дзæбæх рауайы,  уæддæр фылдæр æргом аздахын хъæуы сæнæфсирмæ, уымæ гæсгæ субсидиты бæрц уыдзæн 140 милуан сомы. Министрты кабинет адарддæр кодта экономикон рæзты министры хæдивæг Хлойты Тамерланы куысты æмгъуыд.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here