Хор тауыны куыстытæм

0
81

Цæгат Ирыстоны зæхкусджытæ сæхи парахатæй цæттæ кæнынц хор тауыны куыстытæм. Хæдзарæдтæ уалдзыгæнд культуртæн рахай кæндзысты 110 мин гектары бæрц фæзуат, фæззыгæнд культуртæ та бацахстой 68 мин гектары.

Быдырон куыстыты райдайæны агъоммæ хъæууонхæдзарадон техникæйы æхсæз мин иуæгæй фылдæр хуымтæм рацæуынмæ сты цæттæ. Зæхкусджытæ сертификацигонд минералон хъацæнтæй, зайæгойты хъахъхъæнынады ахадгæ фæрæзтæ æмæ нырыккон техникæйæ цæмæй ифтонггонд уой, æмбæлгæ ведомствæтæ уымæ стыр æргом здахынц.

Тыллæджы бæрц фылдæр æмæ хæрзхъæддæр кæнынæн чи ахъаз кæны, ахæм агротехнологитæй цæмæй пайда кæной, ууыл дæр архайынц. Раздæр куыд уыд, афтæ ацы аз дæр нартхоры,  хъæбæрхор æмæ рапсы хуымтæ стыр фæзуат бацахсдзысты. Уыимæ пайдайаг къабæзты райрæзтмæ, зæгъæм, спаржæ æрзайын кæныны хъуыддагмæ дæр æргом здахынц.

Ирыстойнаг зæхкусджытæ цы продукци æрзайын кæной, уый фæсарæнтæм цæмæй æфта, уымæн æххæстгонд цæуы ахъазгæнæг национ проект «Дунеон коопераци æмæ экспорт».

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here