Тагъд æххуысмæ – алкæддæр цæттæ

0
62

Йæ профессион бæрæгбоны дæр кусгæ кæны Тагъд æххуысы республикон станцæйы коллектив. Рæстæмбис нымадæй сæм суткæмæ фæдзурынц 600-650 хатты, медицинон æххуыс кæнынмæ уыцы рæстæг атагъд кæнынц 68-70 бригады.

– Республикæйы аст район æмæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæн лæггад кæны нæ станцæ. Уыимæ, дæрддзæг æмæ бæрзонд æвæрд хъæуты цæрджытæ дæр махæй исынц æххуыс. Мæцутæ, Мызур, Фыййагдон, Лескен, ныр та ма сыл бафтыд Мамысон дæр – алы ран дæр цæттæ сты рынчыны уæлхъус æрбалæууынмæ, – зæгъы станцæйы сæйраг дохтыр Туаты Таймураз. Фæндзæм аз кусы йæ разамонæгæй, æмæ дзы уæдæй цы ивддзинæдтæ ‘рцыд, уыдон фæзындысты адæмæн лæггад кæныны хъуыддаджы. Нæ алфамбылай регионты ‘хсæн республикон станцæ зынгæ хуыздæр уавæрты кусы: специалисттæй цух не сты, рынчынмæ цæуыны рæстæг къаддæр у, сæ автопарк ивд æрцыд ног хæдтулгæтæй, сæ мидæг цы кусæнгæрзтæ ис, уыдонимæ. Алы бригадæйы дæр ис планшет, уый фæрцы ныр æртæ азы пайда кæнынц электронон документацийæ. Нæ сыхаг республикæты дæр уыцы ногдзинæдтыл кусынц.

Тагъд æххуысы станцæйæн афæдзы кæцыфæнды афон дæр бирæ куыст ис. Йæ разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, коллективы кæрæдзийы хорз кæй æмбарынц, уый сæвзæрд уавæрæй рацæуынæн стыр ахъаз у. Чидæр нæ хъуамæ иннæйы бамбара, æмæ уæд къуырцдзæвæнæй рацæуын дæр æнцондæр вæййы, зæгъы. Чи дзы кусы, уыдоны иннæ медицинон кусджытæй хицæн кæны сæвзæрд уавæрæй тагъд рацæуынæн мадзæлттæ саразын. Чи сæм æрбадзуры, уыдон алы хатт иугæндзон нæ вæййынц, вæййы дзы, йæ психикæ йæ бынаты кæмæн нæй, ахæмтæ. Науæд наркотиктæ æмæ хъæбæр нозты азарæй рынчынтæ, сæ фæстиуджытæ аиуварс кæнын та станцæйы кусджытæм æрхауы. Ахæм рæстæг та уæззау зондыл хæст хъуамæ уа тагъд æххуысы кусæг. Цавæр миниуджытæй æххæст сты коллективы дохтыртæ, фелсыртæ æмæ медицинон хотæ, зæгъгæ, куы бафарстон Таймураз Гайозы фырты, уæд ратта ахæм дзуапп:

– Зонынджын, хæрздзæттæ, ам кусын кæй фæнды, ахæмтæ, – уыд цыбыр йæ ныхас.

Рæхджы ма бафтдзæн станцæйы медицинон кусджыты нымæцыл. Ахуыры рæстæг Цæгат Ирыстоны Медицинон колледж æмæ Медицинон академийы студенттæн ис фадат кусынæн. Сæ рауагъдонтæ сæрмагонд ахуырты, стæй тагъд æххуысы ординатурæ каст фæуыны фæстæ æрбаздæхдзысты ацы кусæндонмæ дохтыртæ æмæ фелсыртæй. Тагъд æххуысы республикон станцæйы хуыздæр кусджыты та абон схорзæхджын кæндзысты алыхуызон хæрзиуджытæ æмæ кады гæххæттытæй. Ацы бон сæ къаддæр цы хъæуа сæ профессион хæстæ æххæст кæнын, уый сын нæ зæрдæ зæгъы.

– Æнæниз уæнт сæ хиуæттимæ, сæ куыстæн аккаг аргъгонд цы цæуа, уый сын зæгъы мæ зæрдæ! Ууыл кæй архайæм, уый уынынц, æмæ йын, аргъ кæнгæйæ, тырнынц сæ хæстæ æнæзæрдæхудтæй æххæст кæнынмæ, – кæронбæттæны загъта сæйраг дохтыр.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here