Сывæллæтты аивæдты скъолаты форум

0
55

Ацы бонты Дзæуджыхъæуы йæ куыст кæны Сывæллæтты аивæдты скъолаты цæгаткавказаг форум. Æмбырды сæйрагдæр нысантæ сты рæзгæ фæлтæры аивадон хъомылады системæйы абоны уавæр æмæ фидæны райрæзтыл æрдзурын, аивæдты скъолатæн æххуысы мадзæлттæ снысан кæнын.

Форумы архайджытæ систы Уæрæсейы Культурæйы министрады бæрнон кусджытæ, Цæгат Кавказы федералон зылды профилон ведомствæты минæвæрттæ, аивæдты скъолаты разамонджытæ æмæ специалисттæ, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, рæзгæ фæлтæр сæхæдæг.

Конференцийы программæйы ис бирæ цымыдисаг æмæ пайдайаг мадзæлттæ: пленарон æмæ секцион æмбырдтæ, концерттæ, мастер-класстæ, лекцитæ, равдыстытæ æмæ афтæ дарддæр.

Зæгъæм, фыццаг бон – 28 апрелы форумы архайджытæ сарæзтой пленарон æмбырд (республикæйы уазджытæн зæрдиаг салам загътой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов, Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз æмæ иннæ фысымтæ), уый фæстæ та æхсызгонæй бакастысты аивæдты скъолаты æвзонг хъомылгæнинæгты стыр концертмæ.

Абон конференци йæ куыст адарддæр кодта. Программæмæ гæсгæ, æмбырды архайджытæ базонгæ уыдзысты дунеон культурон-патриотон центр «Беслæны фыццæгæм скъола»-йы экспозицитимæ, дидинджытæ сæвæрдзысты террористон фыдракæнды амæттæгты номарæн къæйдурыл. Уый фæстæ Беслæны Фæсивæды галуаны байгом уыдзæн музыкалон инструментты равдыст.

Форумы архайджытæ бабæрæг кæндзысты сывæллæтты аивæдты республикон сколатæ дæр, базонгæ уыдзысты сæ специалистты фæлтæрддзинадимæ…

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here