РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты уæрæсейаг ассоциацийы æххæстгæнæг директор Дмитрий АФАНАСЬЕВИМÆ.
Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æппæтвæрсыг паддзахадон æххуысы мадзæлттыл, стæй, æмткæй райсгæйæ, ассоциаци æмæ республикæйы ‘хсæн æмархайд фенгомдæр кæныныл.
Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хицаудзинады оргæнты æрвылбоны куысты ахадгæ цæстдард ис гæрзифтонг быцæуы архайджытæ æмæ сæ бинонты тыхстаг фарстатæм – медицинон лæггæдтæ æмæ социалон реабилитаци, профессион цæттæдзинады ахуыртæ æмæ ветерантæн куысты бынæттæ дæттын…
Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, регионы æххæстгонд цæуынц сæрмагонд æфсæддон операцийы раздæры архайджытыл аудынады ахырадон æмæ профессион цæттæдзинады цалдæр программæйы.
Уыдонæй иу у федералон программæ «Хъæбатырты рæстæг»-ы халдих – республикон проект «Æхсарджын Ирыстон». Уыцы программæйы фæрцы раздæры хæстонтæн арæзт цæуынц профессион ахуырады методикон æмæ практикон семинартæ æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ. Программæйы фæткыл ахуырад æнтыстджынæй чи ахицæн кæна, уыцы адæмæн фæстæдæр куысты бынæттæ уыдзæн хицаудзинады регионалон æмæ муниципалон оргæнты, стæй æхсæнадон иугæндты…
Иннæ проект – сæрмагонд æфсæддон операцийы раздæры архайджыты нымæцæй хæстон-патриотон хъомылады фарстаты фæдыл ахуырадон кусæндæтты директорты уынаффæгæнджыты бацæттæ кæнын. Уыцы проект дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, ахъаз уыдзæн ветерантæн куысты бынæттæ дæттынæн, стæй сын сæ фæлтæрддзинадæй рæзгæ фæлтæры ахуырад æмæ хъомылады хъуыддаджы аккаг хуызы спайда кæнынæн.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хъæппæрисæй 2026 азы мартъийы та йæ тыхы бацыд рухстауæн проект «СВОя история». Ацы акцийыл комкоммæ бæрнон у æппæтуæрæсеон æхсæнад «Зонынад»-ы цæгатирыстойнаг хайад. Уыцы иугонды лектортæ æмæ эксперттæ хицаудзинады республикон оргæнты специалисттимæ иудадзыгон фæткыл араздзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты лекцитæ, мастер-класстæ æмæ æндæр фембæлдтытæ скъоладзаутæ æмæ студенттимæ.
Фембæлды архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй хъомысджындæр кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты уæрæсейаг ассоциацийы Цæгат Ирыстоны хайады архайд. Ныртæккæ регионалон хайады ис 3 мин уæнгæй фылдæр. Ассоциацийы бынæттон дæлхайæдтæ кусынц Алагиры, Рахизфарсы, Горæтгæрон æмæ Мæздæджы районты.
Дмитрий Афанасьевы ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны хицаудзинады регионалон æмæ муниципалон оргæнты æмвæзадыл æппæтвæрсыг куыст цæуы Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы хъуыддаджы.
Фембæлды архайæг уыд Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты уæрæсейаг ассоциацийы РЦИ-Аланийы хайады разамонæг Магкæты Олег дæр.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














