Моргуаты Чермены зын фæндæгтæ

0
43

Мидхъуыддæгты оргæнты ветеран, милицæйы отставкæйы булкъон Моргуаты Чермен фæцыд зын фæндагыл рæнхъон оперативон кусæгæй Цæгат Кавказы РУБОП-ы амынæты бахауджыты суæгъд кæныны æмæ адæмы давыны ныхмæ хайады хицауы бынатмæ. Авд азы дæргъы ацы бæрнон бынаты кусгæйæ, хайад йæ разамындæй суæгъд кодта 333 адæймаджы, хъыгагæн, æртæйæ дзы Чермены къухты сæ уд систой, сæ хæдзæрттæм нæ ныххæццæ уæвгæйæ.

Моргуаты Зауырбеджы фырт Чермен райгуырд Зилгæйы хъæуы 1948 азы. Мидхъуыддæгты оргæнтæм кусынмæ нæ тырныдта, фæлæ, цы заводы куыста, уым æй парткомы уæнгтæ сразæнгард кодтой, æмæ 1975 азы Дзæуджыхъæуы Промышленнон районы милицæйы хайады райдыдта йæ службæ оперативон æвджиддарæй (оперуполномоченный). Йæ зонындзинæдтæ фæбæрзонддæр кодта Советон Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады академийы.

Рахизфарсы районы милицæйы хайады Моргуаты Чермен службæ кæнын райдыдта 1985 азы уголовон агуырды хайады, фæстæдæр та – оперативон куысты хайады хицауы хæдивæгæй.

– Уæд Рахизфарсы районы милицæйы хайады сæргъы лæууыд Бæдтиаты Феликс, йæ хæдивæг та уыд Валерий Эм. Сæ дыууæ дæр уыдысты фæлтæрдджын разамонджытæ æмæ хорз адæймæгтæ, – мысы Чермен.

1988 азы Советон Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады арæзт æрцыд 6-æм Управлени Александр Гуровы хъæппæрисæй. Уый уыдис, 80-æм азты кæрон паддзахады æдасдзинадæн тæссаг чи уыд, уыцы организацигонд фыдгæнджыты ныхмæ Советон Цæдисы историйы фыццаг тохгæнæг дæлхайад (ГУБОП). Цæгат Ирыстоны 6-æм хайадæн разамынд лæвæрдта Хымылонты Вячеслав.

– 6-æм хайад арæзт æрцыд фыдракæндты тæссагдæр хуызты ныхмæлæудæн – фыдгæнджыты æхсæнæдтæ рабæрæг кæнын æмæ сæ ныппырх кæнынмæ, къазнайæ давæг чиновникты рабæрæг кæнынмæ, наркотикты зилдух æруромынмæ, адæмы давын æмæ сæ суæгъд кæныны тыххæй æхца домыны ныхмæ, – зæгъы Моргуаты Чермен.

Советон Цæдис куы фехæлд, уæд социалон институттæ дæр фехæлдысты, уыдонимæ – адæмы æдасдзинадыл дзуапдæтджытæ дæр. Уыцы уæззау рæстæг, 1992-1996 азты, Чермен разамынд лæвæрдта РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады УБОП-ы бандитизм æмæ æхца домыны ныхмæ хайадæн.

Æхсызгонæй мысы Чермен, уыцы рæстæг йемæ чи куыста, уыцы æмбæлтты – Цæгат Кавказы РУБОП-ы разамонæг Руслан Ешугаовы, Цæгат Кавказы зонадон управленийы хицау Ахмед Хасамбековы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ æрвылбонон æмкусджытæ – йæ хæдивджытæ Дзуццаты Феликс æмæ Айдарты Мирославы, оперативниктæ Хуымарты Эльбрусы, Таугазты Юрийы, Мæрзаты Джамболаты, Тахъазты Артуры, Дзасохты Эдуарды, Гобозты Зурабы, Дзиццойты Асланы, Быценты Феликсы…

Чермен нын радзырдта хайады номимæ баст цау.

– Уæд нæ хайад хуындис УОП – управление по организованной преступности. Уыцы æртæ дамгъæйы цы амыдтой, уый нæхæдæг зыдтам, фæлæ йæ бирæтæ не ‘мбæрстой. Иухатт нæ управленийы рæзты уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг фæцæйцыд, федта табличкæ, æрлæууыд æмæ нæ фæрсы: «Ребята, выходит – вы организованной преступностью управляете?» Уæд ныссагъæс кодтам, æцæгæйдæр, мах организацигонд фыдгæнджытæн разамынд нæ дæттæм, фæлæ сæ ныхмæ тох кæнæм. Мæскуымæ нæ фæндон арвыстам æмæ ма йæм дыууæ дзырды бафтыдтам – «по борьбе».

1996 азы Дзæуджыхъæуы РУБОП-ы арæзт æрцыд бандитизм æмæ æхца домыны ныхмæ хайад. Уый уыдис æппæты зындæр участок, уымæн æмæ знаг уыд зондджын, æгъатыр, уыдис æм, милицæмæ цы ифтонггæрзтæ нæма уыд, ахæмтæ, стæй æхцайы фæрæзтæ. Оперативон службæйы йæм стыр фæлтæрддзинад кæй уыд, йæхи арæхстджын, хъуыдыгæнæг разамонæгæй кæй равдыста, уымæ гæсгæ Моргуаты Чермены снысан кодтой ногарæзт хайады сæргълæууæгæй Цæгат Ирыстоны.

Уый уæззау рæстæг уыд, бирæтæ нæ бафæрæзтой, Советон Цæдисы фехæлдимæ сын цард сæ размæ цы зындзинæдтæ сæвæрдта, уыдонæн. Мидхъуыддæгты оргæнты чи баззад, службæ кæнгæйæ, уыдон æцæг фанатиктæ уыдысты, ардбахæрд формалон кæмæн нæ уыд, ахæмтæ. Иу æмæ дыууæ нæ уыдысты. Хуадонты Хъазыбег, СОБР-ы хицау, йæ куыстыл афтæ иузæрдион уыдис, æмæ мæйгæйттæ йæ хæдзармæ нæ цыд, лæппутæй алкæуыл дæр йæ зæрдæ рысти. Мæ курдиатмæ гæсгæ куыстмæ райста æфсады спецназы службæгæнæг Беккуызарты Хасанбеджы. Æфсад фехæлд, æмæ Беккуызары-фырт службæ кæнын райдыдта 6-æм хайады, ссис хуыздæр хæстонтæй иу: хъуыдыджын, цыфæнды зын уавæры дæр – арæхстджын. Фæстæдæр Хасанбег разамынд лæвæрдта Рахизфарсы районы мидхъуыддæгты хайад æмæ РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады фæндæгты æдасдзинады управленийæн, – йæ мысинæгты къуыбылой дарддæр халы Чермен.

Нæуæдзæм азты адæм сæфтысты дæсгæйттæ æмæ фылдæртæй. 1996-2001 азты Моргуаты Чермены разамындæй хайад, уæлдæр куыд фæбæрæг кодтам, афтæмæй суæгъд кодта амынæты уæвæг 333 адæймаджы, удуæлдайæ куыстой, егъау цæлхдуртимæ æмбæлгæйæ. Адæймаг-иу фесæфт, чидæр-иу йæ амарыны тыххæй æхца кæй бафыста, уый тыххæй, адавтой-иу адæймаджы æхца йыл райсыны тыххæй, уæй сæ кодтой фосау стыр аргъыл…

— Æхца райсыны тыххæй-иу амынæты кæй акодтой, уыдон-иу æмбæхстой æмæ сæ-иу дардтой фосы уавæрты, æххормагæй дзы цалдæр амард. Мæхи къухты дзы амард æртæ адæймаджы, систам-иу сæ арф дзыхъхъытæй. Амæттæгтæ, фашисттæ концлагерты кæй хурхæй мардтой, уыдонæй хъауджыдæр нæ уыдысты – афтид царм æмæ стджытæ…

Нæ хайады кусджытæй службæ домдта слестгæнæджы зонд, фæдысгарæджы фæлтæрддзинад, психологон æгъдауæй фидардзинад æмæ адæймагдзинад, уымæн æмæ ныл давд адæмы бинонтæ, хиуæттæ – мадæлтæ, цардæмбæлттæ, сывæллæттæ сæ зæрдæ дардтой. Уыцы хъайтарты рæнхъы уыдысты нæ лæппутæ: Мецъаты Марик, Хадыхъаты Валери, Челдыты Витали æмæ иннæтæ. Нæ хайад Уæрæсейы хуыздæртæй иу уыд, – зæгъы мидхъуыддæгты оргæнты ветеран.

2001 азы РУБОП-ты куыст урæд æрцыд, сæ бартæ сын раттой УБОП-ты дæлхайæдтæм, фæстæдæр та сарæзтой экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ центртæ.

2001 азы Моргуаты Чермены снысан кодтой РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады криминалон милицæйы хицауы хæдивæгæй, æмæ дзы бакуыста 2003 азмæ. Чермен æмæ йæ цардæмбал, милицæйы дæлбулкъон Гецаты Зитæ схъомыл кодтой чызг æмæ лæппу. Алчидæр дзы царды йæ бынат ссардта.

Пенсимæ рацæуыны фæстæ Чермен разамынд лæвæрдта хицæн хъахъхъæнæн куыстуатæн. Беслæны 2004 азы цы æвирхъау теракт æрцыд, уым фæмард сты йæ хæстæджытæй 13 адæймаджы, уыдонимæ – йæ дыууæ хæрæфырты дæр. Ветераны æнæниздзинад фæцудыдта уыцы фыдбæллæхы фæстæ.

Абон кæд Черменæн йæ пъагæттæ йæ уæлæ нал сты, уæддæр сæйрагдæрыл нымайы, кæддæр йе ‘мкусджытимæ йæ къухы кæй бафтыд сæдæгай адæймæгты сæ бинонтыл сæмбæлын кæнын, йæ фæстæ чи ‘рбацыд мидхъуыддæгты оргæнтæм кусынмæ, уыдонæн йæ фæлтæрддзинад æмæ дæсныйады сусæгдзинæдтæй цæстуарзонæй кæй хай кодта, уый. Уæвгæ, ивгъуыд рæстæджы цæмæ дзурæм? Моргуаты Чермен абон дæр архайы республикæйы мидхъуыддæгты оргæнты ветеранты организацийы.

УАЛЫТЫ Ритæ,
РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрад

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here