Бинойнагæй амонд кæй фæуа, уыцы нæлгоймаг йæ царды маргъау базырджын кæны, – дзырдтой фыдæлтæ. Уæдæ Гуырцъыты Алексей æмæ Райзет 58 азы иумæ, кæрæдзийы æмбаргæйæ цæрынц. Суададжы сæ зонынц фæллойуарзаг бинонтæй. Æмæ куыд нæ. Алексей æмæ Райзет иу бон дæр æнæ куыст нæ уыдысты. Советон рæстæг хъазуатонæй фæллой кодтой бынæттон колхозы. Хъæздыг хæдзарады дардтой бирæ стурвос, фысы рæгъæуттæ, бæхтæ, хуытæ, суанг ма гогызтæ æмæ кæрчытæ дæр. Æнцон кæм уыдаид сæрдæй-зымæгæй боныцъæхтыл фермæйы кусын, фæлæ Райзет уыцы азтæ æхсызгонæй мысы.
– Райдианты хъомтæ къухæй дыгътам, мæ бæрны уыдис 20 хъуджы, фæстæдæр, æхсырдуцæн машинæтæ куы фæзынд, уæд мын 50 сæры баисты. Разæнгардæй, æз фæраздæр уон, фылдæр пайда æрхæссон колхозæн, ууыл архайдтам ме ’мкусджытæ Хæдарцаты Надя, Цæллагты Ленæ, Гуырцъыты Дибæ, Гайты Настя æмæ Наталья, файнустытæ Тыджыты Рая æмæ Надя, Челдыты Зифæ æмæ иннæтимæ. Нæ фермæйæн хицау уыд Битарты Илья. Колхозы сæрдарæй куыста Фидараты Таймураз. Стыр кад уыдис хуымæтæг кусæг лæгæн, – зæгъы Райзет.
Куыд раззагдæр хъугдуцæг, афтæ йæ къам уыдис Кады фæйнæгыл, саккаг ын кодтой Фæллойы намысы майдан. Фæлæ мадæн æппæты зынаргъдæр хæрзиуæг сты йæ дзæбæх кæстæртæ цыппарæй, уыдоны цот астæй, уæлдай цин хæссынц хистæртæн Гуырцъыты æртыккаг фæлтæр – дæс цæринаг хъæбулы.
– Цæмæй бинонтæ бирæ азты «а» æмæ «о»-йæ фæцæрой, уымæн цы хъæуы? – бафарстон хæдзары æфсины.
– Сабыр цардæй хуыздæр ницы ис. Цыфæнды зынтæн дæр иумæ ис бафæразæн. Мæныл 18 азы Гуырцъыты хæдзары сæххæст. Мæ фыдыхо сæ хъæу Ломисы цардис, афтæ базонгæ стæм. Бæхуæрдоныл мæ аластой Дзимыры хъæумæ, уый Хуссар Иры ис. Фæстæдæр цæрæн бынатæн равзæрстам Суадаг. Дардтам бирæ дуцгæ хъомтæ, кодтам зæххы куыст, нæхи бинонты æмæ уæй кæныны фаг дæр уыдысты нæ æфтиæгтæ. Картоф, нуры, хъæдындз, уырыдзы, хъæдур нæм хорз зайынц. Нæхи фæллойæ кодтам хæдзар, ме ’фсин мын æххуыс кодта сывæллæттимæ, – зæгъы Райзет.
Фæллойуарзаг ныййарджытæн сæ кæстæртæ царды рæствæндаг фесты. Алевтинæ, Рая, Олег æмæ Руслан сæ фыды фарсмæ хæдзæрттæ скодтой, алчидæр сæ хицæн бинонтæй цæры. Æппæты кæстæр, Олег, йæ бинойнаг Касаты Любæимæ цæрынц хистæртимæ. Хæдзары зилæнтæ иумæ кæнынц. Ныртæккæ дæр фондз хъуджы дарынц, уыдонæн зымæгмæ хос æрцæттæ кæнын та лæппутæм хауы.
Кæд Алексей æмæ Райзетыл азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр
æгуыстæй бадын сæ сæрмæ нæ хæссынц. Даргъ зымæгон æхсæвты Райзет быдта хъарм цъындатæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хæцæг лæппутæн, фæйнæ 50 фæлысты арвыстой дыууæ хатты. Йе стыр бæллиц у, цæмæй бæстæ сабыр уа, нæ кæстæртæ сæ къонатæм дзæбæхæй сыздæхой.
Гугкаты Жаннæ














