Донысæр

0
63

Абон бирæтæ нæ зондзысты, Донысæр рагон хæххон хъæуы ном кæй у, уый. Уæлладжыры комы фæндаджы 30-æм километры Æрыдоны доны рахизфарсмæ куы бахизай, уæд фестдзынæ арф Урсдоны комы. Ам дуртæй уæлдай цæст æрхæцы стæм бæлæстыл, къудзитыл, кæрдæджы гæппæлтыл. Комы дымæгæй иучысыл куы бауайай, уæд, Донысæрдоны былтыл цы гакъон-макъон фæндаг цæуы, уый бæлццоны схæццæ кæны денджызы æмвæзадæй 1660 метры бæрзæндмæ. Ам ис нæ фыдæлты рагон уæзæг – Донысæр.

Абон ацы хохаг хъæуы ничи-уал цæры, кæддæр та дзы цард цæджджинагау фыхт. Хизæнты ривæд кодтой æнæнымæц хъомрæгъæуттæ æмæ фысты дзугтæ, уынгты та бон-изæрмæ хъуыст адæмы ныхас. Бынæттон куырдты конд хæцæнгæрзтæ сæ къухы, афтæмæй лæгтæ хъахъхъæдтой сæ фыдыуæзæг, цыдысты уæлахизхæссæг стæрты. Ам цы фаты бырынчъытæ ссардтой, уыдон цæстытыл ауайын кæнынц кæддæры заманты æнауæрдон карз хæстытæ. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй хъæуы кар баргæ у мингай азтæй. Уымæн æвдисæн сты археологон артефакттæ, Æрдзимоны рагон уæлмæрдтæ, хъуынасæр мæсыг.

Донысæры цæрджытæ Уæлладжыры комы иннæ хъæуты хуызæн хъалон никæмæн фыстой, сæрибар адæм уыдысты æдзухдæр. Таурæгъы куыд амынд цæуы, афтæмæй равзæрдысты Хъусæгонæй – ирон паддзах Ос-Бæгъатыры фыртæй. Хъусæгонæн уыди фырт Цъæхил. Цъæхилы хистæр фырт æрцард Дагомы, астæуккаг – Урсдоны, кæстæр фырт та – Донысæры. Ацы æртæ хъæуæн уыдис иумæйаг ныхас – Мадизæн (Дагомы), иумæйаг кувæндон – Мигъдæу (Урсдоны) æмæ иумæйаг уæлмæрдтæ – Арв.

Донысæры Цъæхилы кæстæр фыртæй равзæрдысты ахæм мыггæгтæ: Азитæ, Бзыктæ, Гæбултæ, Гæлæбатæ, Дзбойтæ, Дзобатæ, Мсойтæ, Насхъидатæ, Саламтæ (Къобостæ), Хестантæ, Хъæллатæ. ХIХ æнусы кæронмæ се ‘мбис алы аххосæгты тыххæй сæ фыдыуæзæг ныууагътой æмæ сæхицæн æндæр цæрæнбынат бацагуырдтой. 1886 азы, паддзахы администрацийы сфыстмæ гæсгæ, хъæуы цард 202 адæймаджы (19 хæдзары): Дзбойтæ – 88 адæймаджы (9 хæдзары), Хестантæ – 68 (6), Дзобатæ – 31 (2), Бзыктæ – 8 (1), Мсойтæ – 7 адæймаджы (1 хæдзар). Рæстæмбис нымадæй алы хæдзары дæр уыдис дæс адæймаджы, фæлæ иуæй-иу хæдзæрттæ сæ бинонты бæзджынæй бæрæг дардтой иннæты ‘хсæн. Зæгъæм, иу цары бын цардысты Дзобаты Баймæты хъомыл фырттæ æмæ уыдоны зæнæг – æдæппæтæй 22 адæймаджы.

Хъæуы цæрæг алы бинонтæн дæр уыдис дурæй конд хæдзар, фæлæ адæмы тæккæ стырдæр хъæздыгдзинад уыдысты фос æмæ хор. Сфысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Донысæры уыгæрдæнты иумæйаг фæзуат уыд 70 дæсæтины (1 дæсæтин – 1,09 га). Алы уыгæрдæныл уыд ном æвæрд (Мадзар, Æддæгтæ, Æхсигуырдтæ, Гутонварс, Кæндысджын, Кодас, Куынтæ, Мæгатæ, Мæцъо-рауджын, Уыналдзæгат, Фæскъада, Хъæздон), æмæ дзы æрвылаз хос карст цыд 300 мæкъуылæй фылдæр (1 мæкъуыл – 1,2 центнеры). Зымæгиуаты рæстæг-иу фос холлагхъуаг никуы баззад. Сæрдыгон та адæм сæ фос дардтой æхсæнадон хизæнуæтты. Куы-иу ‘рбауазал кодта, уæд та сæм уыдис, хæххон æрдузты кæй карстой, ахæм цъæх-цъæхид хос.

1886 азы хъæуы цæрджытæ æдæппæтæй дардтой 109 сæры стурвос, 340  сæры – фыстæ æмæ сæгътæ, бæхтæ – 8 æмæ 16 хæрæджы. Фосы фылдæр хай уыдысты Хестанты Тасойы къухы. Иннæтæм хауд чысыл мулк. Зæгъæм, фараст хæдзары нæ уыдис бæхтæ, бирæтæ та нæдæр фыстæ дардтой, нæдæр сæгътæ. Мæгуыр адæмы фылдæр хай цардысты цуанæй: Донысæры Сухсы,  Хъæриухохы æндæр æрдузты хызтысты сычъитæ æмæ дзæбидыртæ, сæгуыттæ, хъæддаг хуытæ. Цуаноны куывд уыдис цыбыр: «Æфсати! Хъæздыгæн дæр дæттыс, мæгуыры дæр æфсадыс».

Фосдарынад æмæ цуанæй уæлдай адæм цардысты зæххы куыстæй дæр. Хъæуы алыварс хуымгæнды зæхх уыдис хицæн адæймæгты къухы. Алы зæххы хайæн дæр уыдис ном: Хæлды Сæр, Къуырфытæ, Къобосты Хуымтæ, Тырфон, Саукæ, Хъæуыбын. Алы цæрæджы хыгъдмæ дæр ам хуымзæхх уыдис æрмæстдæр 0,25 дæсæтины, кæнæ быдыры ирон цæрджытæй авд хатты къаддæр. Хæххон хуымгæрæтты цы дуры цæндтæ баззад, уыдон зæрдыл æрбалæууын кæнынц Нигеры æмдзæвгæйы рæнхъытæ:

«О, мæгуыр дæ бон, нæ хохаг,

Цардыл чи хынцы фыдбон…»

Уæды рæстæджы хохæгтæ сæ зæххы гæппæлтыл фылдæр тыдтой хъæбæрхор æмæ сысджы. Цы хоры муртæ дзы зад, уыдон кодтой æрмæстдæр æртæ мæйваг. Цы хор-иу нæ фаг кодта, уый-иу æлхæдтой хъазахъхъаг станицæты кæнæ та йæ зайын кодтой, быдыры-иу хъæздыг адæмæй хаццоны цы зæхх райстой, уым. Хор-иу ссадтой, бон дыууæ голладжы чи ссадта, ахæм къада куырæйтты. Уыдон та фылдæр хæдзæрттæм уыдысты, æмæ-иу сæ бахъуаджы заман иннæтæн дæр лæвæрдтой.

XIX æнусы Донысæр уыдис хæстон фидары хуызæн. Тъæпæнсæр, дзæккорæй æмбæрзт хæдзæрттæ æхгæд уыдысты бæрзонд систæй, сæ сæрмæ та Хестантæ, Мсойтæ æмæ Дзобаты мæсгуытæ хъахъхъæдтой хъæуы æнцойдзинад. Хестанты мæсыг амад у стыр къæдзæхыл æмæ абон дæр ма уыцы æнæхъыгдардæй лæууы аргъауы уæйыджы хуызæн. Фондзуæла-дзыгон арæзтады бæрзæнд у 14 метры, йæ раззаг къулыл та нывгонд сты дзуæрттæ æмæ цыппæрдигъонтæ. Йæ бацæуæн у зæххæй 2,5 метры уæлдæр, æмæ-иу мидæмæ хызтысты æвæргæ асины руаджы. Мæсыджы дардтой дон, хæринаг, æмæ æрхъулайы заман йæ хъахъхъæнджыты бон дзæвгар рæстæг уыдис æдыхстæй цæрын.

Донысæрыхъæуккæгтæ рагæй дæр уыдысты Хуыцаумæ кувæг адæм. Цæрджытæ æппæтæй дæр уыдысты чырыстон, фæлæ æввахсдæр аргъуанмæ – Дæллаг Уыналмæ цыдысты искуы иу хатт, бынæттон зæдтæ æмæ дауджытæн фылдæр куывтой. Донысæры ахсджиагдæр дзуар уыд Уастырджийы кувæндон (Хестанты мæсыджы цур). Адæм дзуары бын-иу куывды фæбадтысты æмæ-иу уым сæ тæригъæдтæ ссыгъдæг кодтой. Раздæр арахъхъ ничи нуæзта кувæндоны, дзуары ном алчидæр ардта сæрсæргæнаг бæгæныйæ, сæ куывдтыты та куырдтой дунейы сабырдзинад, фарн æмæ амонд. Лæгты дзуары ном ардтой цин æмæ зианы рæстæг, сабыр цард æмæ хæсты заман: «Ракæс нæм рухс цæстæй, сыгъзæрин Уастырджи! Бæрзондæй ныллæгмæ мах дæр бафæдзæхс! Æнамонд фæндагыл нæ ма ауадз!»

Уастырджийы бын ард дæр хордтой. Ацы хъуыддаг уыд афтæ. Хъæуы-иу исты искæмæй куы фесæфт (йе хъуг, йе фыс, йе та æндæр исты), уæд-иу, кæмæй фесæфт, уый æрæмбырд кодта хъæуы се ‘гас æмæ-иу сын загъта: «Ныр уыл æууæндын, æмæ уæ цъындытæ раттут».  Æмæ-иу адæм сæ цъындытæ (хъама, рон, бæрцытæ, топп æмæ æндæр хорз дзауматæ) нывæрдтой кувæндоны бын. Стæй-иу хъæуы зæрæдтæй исчи скуывтаид: «О, Уастырджи! Мах тæригъæдæй йæ фесаф, мах ацы тухæны чи баппæрста æмæ мах ардæм чи цæуын кæны, уый». Адæм та-иу загътой: «Оммен! Оммен!» Уый фæстæ-иу лæгтæ иугай цыдысты дзуары бынмæ æмæ уырдыгæй фæстæмæ истой сæ цъындытæ. Мæнг ардæй адæм тынг тарстысты, æмæ зылын лæг йæ ныфс нæ хаста Уастырджийы бынмæ бацæуын йæ цъынды сисынмæ, фæлæ-иу алыгъд. Æмæ-иу уæд давæджы ном рабæрæг ис.

Куырттаты комырдыгæй фæндаг цыдис Донысæры цур, æмæ дзы тыхы заманы рæстæг абырджытæ сарæх сты. Фыдгæнджытæн та сæ дзырдхæссæг уыди Хестанты кусæг   Мица. Таурæгътæ фыссæг Хъайттаты Хъайтмырзæ дзырдта: Кавказы хæсты райдайæны Донысæрмæ кæцæйдæр æрбафтыд иу тыхстхуыз лæг æмæ æрæнцад уазæгуаты. Æгъдауæй не ‘мбæлы уазæджы аздахын, туджджын куы уа, уæддæр, æмæ нæ сыгъдæгзæрдæ фыдæлтæ æнæбары бæлццоны се ‘мвынг сбадын кодтой. Стæй йын уæздан Хестантæ фæтæригъæд кодтой æмæ йæ кусæгæй (кæвдæсардæй) райстой сæхимæ. Уый та уыд стыр рæдыд. Мица разынд æнæгъдау, æнæджелбетт змæнтæг, хæлæг ын йæ зæрдæ æлхысчъытæ кодта. Ахæм æвирхъаутæн та тæригъæд дæр нæ хъæуы æмæ иу дæр.

Алы сусæгдзинад кæддæр раргом вæййы. Адæм базыдтой: Мица йæ райгуырæн бæстæйы кæйдæр афæлдæхта, æмæ йæ сæр йæ кой сси. Лæгмарæг – æлгъыстаг æнусмæ, – зæгъы ирон æмбисонд. Йæхицæн тарсти, йæ къæдзил хуылыдз кæй уыди, уый тыххæй. Уайтагъд рабæрæг, ирон æгъдау, ирон фарн æмæ ирон амонды знаг кæй у, уый. Йæ ном йæхи ‘взагыл амыдта «æххормаг». Æмæ, æцæгдæр, стонг рувасы каст кодта, йæ тыппыр сырх цæстытæ та зындоны цæстæнгас лæвæрдтой. Хъæуккæгтæн цы бамбарын хъуыд, бурхил сайæгойæн йæ хъулон мидæгæй кæй ис, уый. Æхсарæй цас лæмæгъ уыдис, уыйбæрц тыхджындæр уыд хинæй, æвзагæй фыдбылыз саразынмæ. Уайтагъд абырджытимæ фидар бастдзинад сарæзта: иу фæрæтхъæдæй барст уыдысты æмæ æмдзæхдон систы канд хуыснæггаджы нæ, фæлæ ма алы æвзæр хъуыддаджы дæр. Фыдгæнджыты æххуысæй дæрддаг хъæуы сидзæр чызг аскъæфта æмæ дзы йæхицæн цагъайраг скодта.

Мица йæхи хуыздæр хуыдта æмæ кæддæриддæр искæй фегадмæ бæллыд. Сыхæгты-иу сæ кæрæдзийæн кард æмæ фыд фестын кодта йæ фыдæвзагæй, иудадзыг-иу сæ хъуæгтæ арæзта. Зондæй та дард нæ ацыд, æмæ йыл фæсномыг «Тæнæгсæр» сæвæрдтой. Сæры фыдзонд – буарæн фыдæбон, – зæгъы ирон амбисонд. Иу бон Мицайæн йæ цъаммар миты тыххæй Урсдоны Цъæхилтæ сау над скодтой, æмæ йæ зæрдæйы сындз фæныхсти. Куыд уыдаид, цы уыдаид, хæйрæг йæ зонæг, фæлæ сфæнд кодта æбуалгъ фæнд.

Хъуыддаг уыд афтæ. Цæвиттон, Урсдоны Цъæхилтæм иу лæг æрбафтыд Куырттатæй. Мицайы ардыдæй абырджытæ йæ размæ бабадтысты æмæ йæ бастыгътой (ардауæг сын не ‘схъæр кодта, фæндаггон кæй уазæг у, уый).  Æфхæрд лæг ныццыд йæ фысымтæм. Изæрæй Цъæхилты авд æфсымæры хосгæрдынæй куы ‘рцыдысты æмæ хабар куы базыдтой, уæд сфæнд кодтой сæ уазæджы маст райсын. Æрхæрх ссыдысты Сухсмæ æмæ уырдыгæй æвиппайды Донысæры февзæрдысты. Абырджытæ фынджы рагъыл бадтысты Мицамæ æмæ, гæрзифтонг лæппуты къорд куы федтой, уæд сæ уд ауади. Хестанты мæсыджы дуар байгом кодтой,  мидæмæ балыгъдысты æмæ уæллаг уæладзыджы сæхи ныхъхъус кодтой. Цъæхилтæ æмхуызонæй топпытæй æмæхст фæкодтой мæсыджы æхгæд дуармæ. Абырджыты æхсæзæнгуылдзон раздзог фæмард. Мастисджытæ сæхимæ ацыдысты. Уыцы цауы фæстæ адæм сыстадысты æмæ Мицайы уыциу гуыппæй Донысæрæй расырдтой. Хъайттаты Хъайтмырзæ куыд дзырдта, афтæмæй фæстæдæр фыдбылызтауæг цъаммар æрбынат кодта быдыры хъæутæй иуы.

Хæхбæсты зынвадат цард адæмы ахуыр кодта фæстауæрц кæныныл. Донысæры цæрджытæ хорз зыдтой фæллойы алы капеччы аргъ дæр. Æхца фидын хъуыд алцæмæн дæр. Бæлвырд куы зæгъон, уæд скъолайы, аргъуаны, хъæуы правленийы, медицинон, ветеринарон лæггæдты тыххæй, æндæр хъуыддæгты фæдыл. 1900 азы æппæт хъалонтæ хæццæ кодтой 7 сомы æмæ æрдæгмæ. Уыцы æхца фидын та хохæгтæй алкæй бон нæ уыд.

Куыстытæ та уалдзæгæй фæззæгмæ нæ ихсыдысты: иу куыст-иу фæци, афтæ та-иу æй иннæ куыст æрбаййæфта. Фæлæ уæддæр хъæздыгдзинады карчы хъуыдатт Донысæры цæрджытæ никуы фехъуыстой. Адæм мæгуыр цардæй сфæлмæцыдысты, уыцы раппар-баппар кодтой сæхи, фæлæ сыл хъуын-æрду нæ хæцыд. Зæххыл кæй тыхстысты æмæ сæ абырджытæ кæй хъыгдардтой, уый тыххæй хуыздæр цардагур лыгъдысты æндæр рæттæм. XIX æнусы фыццаг амбисы Донысæрæй ралидзгæ Мсойты, Насхъидаты æмæ Хестанты бинонтæ æрбынæттон сты Карцайы. Чысыл фæстæдæр Салыгæрдæны дыууæ хæдзары сарæзтой Дзобатæ, Æрыдоныхъæуы аст хæ-дзары сарæзтой Саламтæ, фæйнæ иу хæдзары – Дзбойтæ æмæ Насхъидатæ. Уæлдай фылдæр та донысæрыхъæуккæгты зæрдæмæ Хъæдгæрон фæцыд, æмæ дзы æрцардысты Гæлæбатæ (6 хæдзары), Гæбултæ (2 хæдзары) æмæ Дзбойтæ (2 хæдзары). Уæдæй фæстæмæ фылдæр адæм сæ хъус æрдардтой быдыры æрцæрынмæ, æмæ ма ХХ æнусы райдианмæ Донысæры баззад раздæры цæрджыты æртыццаг хай.

Хохаг хъæуы цæрджытæй цы бирæ хорз адæм уыдис хæхбæсты, уыдон сæ фарн ныууагътой уæлæуыл абоны кæстæр фæлтæртæн, сæхæдæг та се ‘нусон бынат ссардтой сæ райгуырæн зæххы хъæбысы.

Цогойты Владимир,
историон наукæты кандидат

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here