Фылдæргонд пенси

0
45

80 азы кæуыл сæххæст, Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад республикæйы цæрæг уыцы адæмæн пенсимæ фидаргонд фиддæны бæрц æнæ курдиатæй дыууæ хатты фæфылдæр кæны.

Ныртæккæ 80 азы юбилей сбæрæггæнæг 24 минæй фылдæр цæгатирыстойнаг пенсиисæджы фылдæргонд пенси исынц. Паддзахад кæй сæвæры, фидаргонд фиддæн нымад у кармæ гæсгæ фæдзæхстадон пенсимæ зæрдæдарæнтимæ ахæм уæлæфтуаныл. Ныртæккæ 9584, 69 сомы кæй бæрц у, уыцы амынд уæлæфтуаны бæрцыл æрвылаз æфтауынц. 80 азы кæуыл сæххæст, уыцы адæймаджы пенсийыл бафтауынц амынд уæлæфтуан.

– Æстай азы кæуыл сæххæст вæййы, уыцы адæймагæн йæ пенсимæ уæлæфтуан æвæрынц  æмæ йæ фиддзысты радон мæйæ фæстæмæ. Ацы хъуыддаджы фæдыл адæймагыл исты курдиат æрвитыны хæс æвæрд нæй. Зæгъæм, пенсиисæгыл æстай азы кæд ссæдзæм апрелы сæххæст, уæд ын фылдæргонд пенси барвитдзысты майы, ссæдзæм апрелæй æртынæм апрелы онг æмгъуыдмæ бафтыдимæ. Фæстæдæр пенси, дывæр фидаргонд фиддæн нымайгæйæ, æрвитдзысты æрвылмæй, – зæгъы амынд хайады разамонæг Милдзыхты Аслан.

Фидаргонд фиддæн ногæй банымайыны бар ис æрмæст кармæ гæсгæ фæдзæхстадон пенсиисджытæм. Социалон, кæнæ дарæджы фесæфты фæдыл пенси чи исы, уыцы адæмæн фиддæн нæ фæфылдæр кæндзысты. Фыццаг къорды æнæкуыстхъомтæн дæр сæ пенсийы бæрц нæ фæфылдæр кæндзысты, уымæн æмæ ацы адæм, сæ кар нæ нымайгæйæ, ныронг исынц пенсимæ дывæр бæрцæй фидаргонд фиддæн.

Уымæй уæлдай, 80 азы кæуыл сæххæст, уыцы адæймаджы фæдзæхстадон пенсимæ æнæ курдиатæй æвæрынц зилыны фæдыл уæлæфтуан. Амæй размæ амынд компенсацион фиддæн æвæрдтой пенсиисæджы æмæ пенсиисæгмæ зилæг адæймаджы курдиатмæ гæсгæ, фæлæ фаронæй фæстæмæ Социалон фонды хайад фиддæн æвæры хæдбарæй. Пенсиисæгмæ ис æхцайы фæрæзтæй хи фæндонмæ гæсгæ спайда кæныны бар. Ацы азæй фæстæмæ адæймагмæ зилыны фæдыл уæлæфтуаны бæрц у 1413,86 сомы. Фæдзæхстадон пенси æмæ уæлæфтуаны бæрц æрвылаз фылдæргонд æрцæуынц.

Фарстытæ кæд баззад, уæд уæм ис Уæрæсейы Социалон фонды иумæйаг контакт-центрмæ 8-800-100-00-01 телефонæй лæвар бадзурыны бар (Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады линийы куысты фæтк: къуырисæрæй цыппæрæммæ – 9.00 сахатæй 18.00 сахаты онг, майрæмбоны та – 9.00 сахатæй 16 сахаты æмæ 45 минуты онг).

РЦИ-Аланийы Социалон фонды пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here