Энергетикон æфсисады нысантæ

0
59

Уæрæсейы энергетикæйы министр Сергей Цивилев кусæг балцы ссыд Цæгат Ирыстонмæ, фембæлд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ. Ныхас цыдис республикæйы артаджы-энергетикон комплексы рæзтыл.

Уæлдай æргом аздæхтой Цæгат Ирыстоны электрохызон хæдзарады рацарæзтмæ, электрон фæрæзтæй ифтонгад фæбæрзонддæр кæнынмæ, цæрджытæм газ фæхæстæгдæр кæныны программæ царды уадзынмæ. Рæгъмæ рахастæуыд электрохызон комплексы рæзты нысантæ, уыдонимæ сты «Россети Северный Кавказ»-ы инвестицион программæтæ дæр.

Уымæ гæсгæ 2026 азы фæлхасгæнджыты технологон æгъдауæй баиу кæндзысты фæрæзты хызтæм, электрохызон хæдзарад рацараздзысты, Фæлхасгæнджытимæ кусыны центры электронон рады фæрцы  райдайдзысты архайын æмæ ма æндæр проекттæ. Сергей Меняйло, фыццаджыдæр, бузныг загъта уæрæсейаг министрæн, Цæгат Ирыстоны энергетикон рæзты фарстатæм афтæ лæмбынæг кæй у, уый тыххæй.

– Махæн энергетикон æфсисады æнæсцух æмæ æдасдзинады фарстатæ стратегион æгъдауæй сты ахсджиаг. Иугæр энергетикон фæрæзтæ æнæкъуылымпытæй кусынц, уæд нæ цæрджытæ дæр сты нывыл уавæры, афтæ – республикæйы æппæт куыстуæттæ дæр. Нæ экономикæ фидар баст у энергетикон фæрæзтимæ. Цы фарстатæ фæзыны, уыдонмæ стæм къæрцхъус, дарддæр дæр федералон центримæ уыцы куыст кæндзыстæм, – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.

Хицæн ныхас рауад газы фæрæзтæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, промышленносты, æндæр организациты объекттæ сифтонг кæныныл. Программæ конд у 2032 азмæ, уый руаджы фæзындзысты уæлæмхасæн техникон фадæттæ, афтæмæй, объекттæ баиу кæндзысты газы хызтæм. Регионы газы хæдзарад фæхъомысджындæр уыдзæн.

Сергей Меняйло министрæн радзырдта газы хызтæ фæпарахатдæр кæныны программæйы тыххæй. Нырмæ йæ процент  98-æй фæфылдæр. Газ хæдзæртты арæнтæм бауадзыны тыххæй республикæ сарæзта 3928 бадзырды. Тæккæ зæххы хайы онг газ фæхæццæ кодтой 3698 хæдзары хицаумæ, æрдзон артаг та фæзынд 2869 хæдзары. Уæрæсейы энергетикæйы министр Сергей Цивилев куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй газ цæрджытæм фæхæццæ кæныны хъуыддаг у сæйраг фарста, цæрджыты уавæртыл тынг зыны. Уæдæ республикæйы социалон-экономикон уавæры нывылад дæр уыимæ баст у.

Сергей Цивилев æмæ Сергей Меняйлойæн ма уыд дыууæвæрсыг  кусæг фембæлд дæр, уым ма ноджы лæмбынæгдæр æрныхас кодтой æппæт энергетикон æфсисады нысантыл.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here