Европæ, Америкæ, Уæрæсе – ирæттæ кæм нæ цæры, ахæм бынат зын ссарæн у зæххыл. «Мадæлон æвзагыл чи нæ дзырдта, уыдон мæм ныр фыссынц иронау. Уымæй бузныг дæн мæхицæй», – зæгъы педагогон наукæты кандидат Мысыкаты Гадæккойы чызг Белæ. Уыдон та сты 500-йæ уæлæмæ.
Фæндзай азы размæ Белæ каст фæцис Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл университеты ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультет, раст уыйбæрц у йæ фæллойадон стаж дæр. Æрыгон чызг райдыдта ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы кусын. Уæвгæ йæм мадæлон æвзагмæ рагæй дæр уæлдай ахаст уыд, кæд нырыккон уырыссаг æвзаг каст студенттæн, уæддæр. Стæй канд æвзагмæ нæ, ирондзинадмæ цыдæриддæр хауы, уый тауыныл архайдта йæ сабибонтæй фæстæмæ. Хæтæлдоны скъолайы уыд зарæггæнджыты квартет «Мæдинæ», йе ‘мбал чызджытимæ республикон фестивалы сценæйыл сæ федта Ирыстоны хъуыстгонд поэт-зарæггæнæг Цæгæраты Гиго, æмæ йæ фæндонмæ гæсгæ, скъола каст куы фесты, уæд цыппарæй дæр сæ гæххæттытæ балæвæрдтой филологон факультетмæ, фæлæ фæлварæнтæ æнтыстджынæй ратта æрмæст Белæ.
– Рагæй дæр мадæлон æвзаг фылдæр уарзтон, националист нæ дæн, фæлæ ирон æвзаг мæ уды иу хай уыд кæддæриддæр. Бæллыдтæн журналист суæвынмæ, фæлæ ныййарджытæ, чызгæн уый цавæр дæсныйад у, зæгъгæ, мæ фæндыл не сразы сты… Æхсæз азы мыл куы цыд, уæд мæ зындгонд фæндырдзæгъдæг Туаты Светæ сахуыр кодта фæндырыл цæгъдын. Бирæ зындзинæдтæ уыд мæ царды, æмæ йæ мæ зæрдæ нал бакуымдта къухтæм райсын, фæлæ йæ уарзын фыццагау, ууыл бафтыдтон мæ чызджы дæр, – зæгъы монон уды хицау ирон сылгоймаг.
Ирон кафедрæйы ма куыста, афтæ йæм Къомайты Риммæ бахатыд, уырыссаг æвзаджы кафедрæмæ раив, зæгъгæ. Бæргæ йæ нæ фæндыд, фæлæ йын «нæ» зæгъын не сфæрæзта. Риммæ Зауырбеджы чызджы фæндонмæ гæсгæ кодта наукон куыст дæр, æмæ йын кæд бинонтæ уыд, уæддæр ын йе ‘фсины ныхас, сывæллæттыл ма тыхс, дæ куыст кæн, зæгъгæ, æвдадзы хос фæцис. Бантыст ын педагогон наукæты кандидаты диссертаци бахъахъхъæнын. Æхсай азы æхсай боны не сты, уыцы рæстæгмæ нæ ауæрста студенттæн зонындзинæдтæ дæттыныл. Бæргæ йæ нæ уагътой йе ‘мкусджытæ куыстæй ацæуын, фæлæ низтæ дæр сæ кæнон кодтой. Бахъуыд æй йæ куыст ныууадзын.
Райгуырæн зæхх, мадæлон æвзаг ын, раздæрау, адджын сты. Тыхсы сыл, йæ удæй сыл арт цæгъды. Йæ бон райдайы мадæлон æвзагыл æмдзæвгæ ныффыссынæй æмæ йæ дарддæр ахæлиу кæны интернеты тыгъдады, уæлдæр цы 500-йæ уæлæмæ адæймаджы кой скодта ам, уыдоныл.
Сæууоны арфæтæ дæм хæххон дымгæ хæссы,
Райсом дын йæ хорздзинæдтæ ног бонмæ дæтты.
Ног бон хæссæд ногдзинад, хæларæн – æнтыстдзинад,
Йæ кæстæрæн – сæрæндзинад, нæ бæстæйæн – сабырдзинад!
* * *
О, мæ хæлар, ракæс бонмæ,
Райсом дæм цæуы,
Уый дæ ног бонмæ ныр хоны,
Хорздзинæдтæ дын хæссы.
* * *
Дæ райсом хурæфсæст уыд алкæд,
Тавæд дæу æдзух,
Дунейыл йæ хъармдзæф тауæд,
Амонд дæм хæссæд æдзух.
* * *
Райсом фарнхæссæг фæуæд,
Мидбылхудт лæвар кæнæд,
Уæд сабырдзинад зæххыл,
Хъуысæд хъæлдзæг зард дæрдтыл!
Уæд нæ саби райгонд цардæй,
Рухс фæндæгтыл уайæд цырд,
Хур æм, уадз, фæлгæсæд арвæй,
Уæд йæ хистæртæй рæвдыд.
Ныр цыппар азы хæст у Белæ ацы хъуыддагыл, уый та ирон адæмы ‘хсæн канд бастдзинад нæу, фæлæ æвзаг парахат кæныны фæрæз дæр у.
– Æхсызгон мын вæййы, фæсарæнтæй, Уæрæсейы горæттæй мæм ирæттæ мадæлон æвзагыл сæ хъуыдытæ, сæ арфæйы ныхæстæ куы ‘рбарвитынц, уæд. Мæ фыст рæнхъытæ парахат кæй кæнынц, уый мæм хорз кæсы. Афтæмæй ирон æвзаг зæххы къорийыл зилдзæн, æмæ ма уымæй æхсызгондæр цы ис. Бирæтæ уæды онг иронау нæ дзырдтой, нæ фыстой. Ме ‘рвыст рæнхъытæ сæ уымæ кæй разæнгард кæнынц, уымæй буц дæн мæхицæй. Адæмæн æхцондзинады тыххæй фыссын, – йæ мидуарзт адæмыл парахат кæныны фæрæзыл кæй фæхæст, уымæй райгæ у автор æмæ, æвæллайгæйæ йæ зонындзинæдтæ цы фæлтæртæн не ‘вгъау кодта, уыцы зондамонæг. Блогер нæу, æхца дзы нæ кусы. Æрмæст йæ ирондзинады тынтæй æвæллайгæйæ тавы адæмты зæрдæйы уазал къуымтæ.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














