Знон нæ республикæ сбæрæг кодта ирон æвзаджы бон. Кадджын бæрæгбон райдыдта Ирыхъæуы Ирон аргъуаны кæрты нæ цытджын поэт Хетæгкаты Къостайы цыртыл дидинджытæ сæвæрынæй.
Ардæм æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, РЦИ-Аланийы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз, нæ республикæйы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар Хозиты Барис, фысджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, скъоладзаутæ, студенттæ æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ.
Бæрæгбон байгом кодта Хозиты Барис æмæ радзырдта, ирон адæмæн мадæлон æвзаджы бон куыд тынг ахсджиаг æмæ сæйраг у йæ дарддæры рæзтæн, уый тыххæй.
– Абон стыр бæрæгбон у Ирыстонæн. Нæ республикæйы арæнтæй æддæдæр чи цæры, уыцы ирон адæмæн дæр. Ирон æвзаджы бонæн Къостайы æвæрæн у стыр диссаджы хуын, уымæн æмæ ирон литературон æвзагæн бындур куы сарæзта, уæд сæвзæрдис нæ классикон литературæ, æмæ нæм абоны онг цыдæриддæр фысджытæ рацыд, уыдон дзы æнтыстджынæй пайда кодтой, сæ уацмыстæ сын зонæм, скъолайы сæ рæзгæ фæлтæр ахуыр кæнынц. Кæддæр Джусойты Нафи афтæ загъта, Ирыстоны хур, дам, Нарæй скасти. Нар рагон ирон æвзагыл нысан кæны «хур». Нар дыууæ Ирыстоны иугæнæг у, æмæ нæ иудзинад фидарæй-фидардæр куыд кæна Къостайы тырысайы бынмæ, ахæм амонд нæ уæд. Ирон æвзаджы бон махæн тынг хъæугæ æмæ вазыгджын у. Уыцы бон та уæлдай хатт бамбарæм, цы адæмыхатт стæм, уый, цы кадджын фыдæлтæ нын уыдис, Ирыстоны ном дæрдтыл кæй фæрцы айхъуыст, уыцы хистæр фæлтæрты кад. Ирон æвзаджы боны фæрцы бирæ цымыдисаг хъуыддæгтæ арæзт æрцæуы, уыдон ахъаз сты æвзаг бахъахъхъæнынæн æмæ йæ рæзтæн, – загъта Хозийы-фырт.
Сергей Меняйло дæр тынг дзæбæх иронау арфæтæ ракодта мадзалы архайджытæн, цымыдисæй йæм хъуыстой стырæй-чысылæй.
– Нæ бæстæйы Президент иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта, нæ бирæнацион адæмты культурæ, традицитæ, æгъдæуттæ æмæ æвзæгты фæрцы фидар æмæ æнгом кæй стæм, уый тыххæй. Æвзаг адæмы сæйраг бындур у. Абон мæ кабинеты рафæлдæхтон Къостайы æнæмæлгæ «Ирон фæндыр». Уым æмдзæвгæты хуызы Къоста равдыста йæ дуджы цард, æмæ диссаг, уыцы цаутæ абон дæр сты ахсджиаг. Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Къостайы фæдзæхстытæ нæ хистæртæ æнусы дæргъы æххæст кодтой æмæ кæнынц абон дæр. Цалынмæ цæра ирон æвзаг, зонæм æй, уæдмæ уыдзæн Ирыстон, уыдзæн ирон наци дæр. Куы йæ ферох кæнæм, уæд ферох кæндзыстæм нæ хистæрты æмæ нæхи дæр, чи стæм, цы стæм æмæ кæцæй, уый. Цалынмæ нæхи нæ бафæнда мадæлон æвзагыл дзурын, нæ хистæртæн кад кæнын, не ‘гъдæуттæ, культурæ хъахъхъæнын, уæдмæ не ‘взаг дæр аккаг бынаты нæ уыдзæн. Нæ сывæллæттæ хъуамæ зоной, кæм райгуырдысты, кæмæй сты, сæ мадæлон æвзаг, ирон æгъдау. Мах нал уыдзыстæм, фæлæ ирон æвзаг дарддæр хæсдзысты нæ кæстæртæ, æмæ сæ фæндæгтæ рæсугъд, амондджын уæнт, – загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.
Алагиры 5-æм астæуккаг скъолайы æмæ Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы ахуырдзаутæ иронау æмдзæвгæтæ афтæ зæрдæмæхъаргæ аив æмæ рæсугъд бакастысты, æмæ сæм адæймаг хъусынæй нæ бафсæст. Сыгъдæг мыртæ зæлыдысты фæзы, æмæ нæ алкæмæ дæр афтæ кастис, цыма Къоста дæр хъусы рæзгæ фæлтæры рæсугъд ныхасыхъæд. Уæвгæ, хистæртæй ахæм зонд баззадис, хъæр, дам, мæрдтæм дæр хъуысы. Фæлæ, ирон адæмæн мадæлон æвзаджы бон æрмæст 15 майы ма уа, фæлæ æрвылбон дæр æмæ йын йæ бæрæгбоны йæ хъысмæтыл дæр уырыссагау ма дзурæм, фæлæ – сыгъдæг иронау. Æмбисондæн баззадысты дагестайнаг зындгонд поэт Расул Гамзатовы ныхæстæ: «Кого-то исцеляет от болезней другой язык, но мне на нем не петь. И, если завтра мой язык исчезнет, то я готов сегодня умереть». Ацы æмдзæвгæ æрзылд дунейы бæстæты адæмтыл æмæ йæ лозунджы хуызæн алчидæр йæхи ‘взагмæ ратæлмац кодта, уый тыххæй æмæ лæгæн дæттынц æгæрон тыхтæ мадæлон æвзаджы ад æнкъарынæн, уарзынæн æмæ йыл дзурынæн.
Саутæты Тамилæ,
къамтæ систа Татьяна ШЕХОДАНОВА














