Дыгургомы Фæрæскъæтты хъæуы æз иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдтæн. Æмæ, йæ алфамбылай къæдзæхтæ æмæ арф кæмттæм кæсгæйæ, дис кодтон – куыд цардысты, куыд фæрæзтой йæ цæрджытæ ахæм зын уавæрты – суг хастой хæргæфстæ æмæ хæрджытыл цалдæр километры дæрддзæфæй хохаг хъæдрæбынтæй, газæн уыцы азты ам йæ кой дæр нæма уыди. Донæй сæ æфсæстой Урс хохы бынæй цæуæг суадæттæ. Сæ царды сæйраг фæрæз уыдис фос дарын, æмæ йыл стырзæрдæ никуы кодтой. Уæдæ исты дзаума кæнæ хæлцы хабæрттæ балхæнынмæ дæр цæуын хъуыди гакъон-макъон хохаг фæндагыл далæ сыхаг Мæхческмæ.
Дзырд ыл нæй – стыр уды хъару æмæ фæразондзинад хъуыди равдисын, цæмæй бинонтæн рæзой сæ сывæллæттæ, æххормаг, бæгъæввад æмæ бæгънæг ма уой, ахуыры хъуыддагыл хæст уой.
Æмæ, æвæццæгæн, кæстæртæ дæр, сæ хистæрты тухитæ уынгæйæ, æмбæрстой – хорз ахуыры, æгъдау æмæ хъæппæрисы фæрцы фервæздзысты хохаг царды зын уавæртæй, рацæудзысты адæмы рæнхъы. Уымæн бирæ у, Фæрæскъæтты чи схъомыл,
фæстæдæр та æхсæнады царды бæллиццаг бæрзæндтæм схизын кæмæн бантыст, йæ уыцы цæрджыты нымæц. Уыдонимæ сты сгуыхт ахуыргæнджытæ, æфсымæртæ Темыраты Валодя æмæ Ленины орден дыууæ хатты райсæг Темыраты Тазе, Темыраты Павел, раздæры иугонд «Цæгирконсерв»-ы генералон директор, совхоз «Сæуæхсид» саразæг, Ленины орденхæссæг Темыраты Андрей, наукæты доктортæ Текъиты Васили æмæ Дзагкойты Хъазыбег, актер æмæ драматург Темыраты Дауыт, поэттæ Хуыдæлты Æхсарбег æмæ Темыраты Мурат æмæ иннæтæ. Уыдоны нымæцы, бæгуыдæр, ис хъæууонхæдзарадон наукæты доктор, профессор Темыраты Хæмыцы фырт Виктор дæр.
Ацы бонты Виктор сбæрæг кодта йæ 75 азы юбилей. Куыд фæзæгъынц, йæ лæджы кары бацыд, æрлæууыд нæ куырыхон хистæрты рæнхъы.
Газеты æрмæджыты фæлгæты æппæт хабæрттæ ракæнынæн фадат нæ вæййы, фæлæ уæддæр бацархайдзыстæм Викторы профессионалон æмæ фæллойадон сгуыхтдзинæдты тыххæй цыбырæй радзурын. Каст фæци Хæххон хъæууонхæдзарадон институты экономикæйы факультет. Уыцы азты уагæвæрдмæ гæсгæ йæ ахуыры фæстæ кусынмæ арвыс-той Тамбовы облæсты мæргъты завод «Арженка»-мæ. Уым йæ теоретикон зонындзинæдтæ сфидар кодта практикон архайдæй, райста хъæугæ фæлтæрддзинад.
Цалдæр азы фæстæ Виктор сыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ, куыста цалдæр раны. 1982 азы та æрыгон специалистæн бабар кодтой разамынд дæттын Горæтгæрон районы Ленины номыл колхозæн. Фæстæзад хæдзарад æртæ азы фæстæ йæ къæхтыл слæууыд, рацыди раззагдæрты рæнхъытæм, йæ разамонæджы та схорзæхджын кодтой Кады Нысаны орденæй. Рацыди ма цалдæр азы, æмæ Ленины номыл колхоз сси Æппæтцæдисон социалистон ерысы уæлахиздзау, бахастой йæ Адæмон Хæдзарады Æнтыстдзинæдты Равдыстыты Кады фæйнæгмæ.
Виктор цалдæр азы разамынд лæвæрдта нæ республикæйы Хъæууон хæдзарады министрадæн дæр. Стыр арæхстдзинад равдыста, 1998 азы, дефолт кæй хонынц, уый адæмы зæрдæтæ куы сызмæлын кодта, бирæ куыстуæттæ æмæ хæдзæрттæ дойнаг дурыл абадæгау куы фесты, стыр материалон зианты куы бахаудтой, уæд, уыдонимæ хъæууон хæдзарады кусджытæ дæр. Уæд Виктор тынг бацархайдта, йе ’ппæт зонындзинæдтæ æмæ хъарутæ дæр сарæзта нæ республикæйы аграрон комплексы архайд бынтон заууатмæ ма ’руадзыны тыххæй. Уый фæрцы хæдзарæдты æфтиæгтыл зынгæ бафтыди, сæ ныфс нæ асаст.
2006 азы Викторы сæвæрдтой Хæххон паддзахадон аграрон университеты ректорæй. Цы дзæвгар хорздзинæдтæ йын бантыст саразын, уыдæттыл бирæ дзурын хъæуы, зæгъдзыстæм æрмæст дæр уый, æмæ 2010 азы онг университеты материалон-техникон, ахуырадон æмæ наукон гæнæнтæ фæхъæздыгдæр сты, стæй ма студентты ахуыр æмæ цардыуаджы уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй бюджетон æмæ æнæбюджетон фæрæзтæй хардзгонд æрцыд 180 милуан сомæй фылдæр. Стыр æргом здæхт цыди социалон фарстатæм, сидзæр æмæ æвæгæсæг студенттæн раттой æхцайы ‘ххуыс 14 милуан сомы бæрц. Аккаг цард æмæ ахуыры, фæллад уадзыны уавæртæ арæзт æрцыд студентты æмдзæрæнты дæр, куыстой цæлгæнæнтæ, хæрæндæттæ, хихсæн уæттæ æмæ афтæ дарддæр. Парахатæй-парахатдæр кодта наукон-иртасæн куыст дæр университеты. Виктор йæхæдæг рауагъта 60 наукон æмæ ахуырадон-методикон куысты, стыр аргъ сын скодтой.
Темыраты Викторы куыстæн бæрзонд аргъгонд æрцыд паддзахады ’рдыгæй. Хорзæхджын у Кады нысан æмæ Хæлардзинады (Республикæ Хуссар Ирыстон) ордентæй, майданæй «Ирыстоны намысæн» æмæ сыгъзæрин майданæй «Уæрæсейы Федерацийы агропромышленнон комплексмæ йæ ахъаззаг хай бахæссыны тыххæй». У Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг, цалдæр хатты йæ равзæрстой нæ респуб-ликæйы Парламенты депутатæй.
Абон дæр Виктор йæ хъæздыг профессионалон фæлтæрддзинадæй цæстуарзон хай кæны хъæууон хæдзарады фидæны специалисттæн, у аграрон университеты менеджменты кафедрæйы сæргълæууæг.
Цалдæр азы размæ мæ Темыратæ ракуырдтой, цæмæй сын феххуыс кæнон сæ мыггаджы чиныг рауадзынæн. Рацыди, боны рухс федта, «Уæларвон хойы дæлбазыры бын», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Чиныгыл кусгæйæ, бирæ цымыдисаг хабæрттæ базыдтон рагон æмæ кадджын Темыраты историйæ. Уым аккаг бынат бацахста æмæ абон дæр ахсы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр æфсæддон Темыраты Хæмыцы сæрæн лæппу Виктор дæр.
Хæмыцаты Морис














