Уæллаг Зджыдæй Мацутæйы онг

0
54

Тыхджын къæвдаты аххосæй Садонкæйы дон йæ былгæрæттæй рацыд æмæ Транскамы фæндаджы вазыгджындæр хæйттæ Уæллаг Зджыдæй Мацутæйы онг сæхгæдта.

Республикæйы Фæндæгты хæдзарады комитеты специалисттæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Садонкæйы былгæрæттæ рагацау фидар систæй сфидар кодтой, фæлæ инженерон скондтæ ницæмæ æрдардта ивылд дон æмæ фæндагмæ рахызт. Ныртæккæ специалисттæ фæндаг сыгъдæг кæнынц, æппæт зиан нымайынц.

Куыд зонут, афтæмæй «Транскам»-ы фæндаджы хай «Уæллаг Зджыд-Мацутæ» байгом кодтой фарон 15 ноябры 2002 азы донивылды фæстæ. «Фæзуат ахæм вазыгджын уыд, æмæ 2000 азты райдайæн специалисттæ басастысты, цæрджыты æнцондæр кæй уыдзæн æндæр ранмæ раивын, ног цæрæнбынæттæ сын саразын (кæнгæ дæр афтæ бакодтой). Фæндаг сног кæныныл фылдæр тыхтæ, фæрæзтæ бахъæудзæн. Æмæ, æцæгæйдæр, афтæ рауад, фæндаджы хай ахæм у, æмæ йæ иу хаттæй иннæмæ дон сæхгæны», – зæгъынц Фæндæгты хæдзарады комитеты специалисттæ.

Куыд ма фæбæрæг кодтой, афтæмæй фæндаджы уæлцъар уыйас хъыгдард нæ баййæфта, æрмæстдæр цъыф æмæ сыджытæй байдзаг. Фæндаджы змæлд тагъд скусдзæн. «Скæндзыстæм æй, уый тыххæй фæрæзтæ ис. Фæндаджы кæцыдæр хæйттæ хæлд æрцыдысты, фæлæ хæххон уавæрты уымæн æнæ ‘рцæугæ нæй», – загътой бæрнон ведомствæйы кусджытæ.

Датиты Ольгæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here