Йæ юбилей рауад ныфсдæттæг

0
43

Дзæуджыхъæуы футболон скъола «Юность»-ы стадионы трибунæты къахбавæрæн нал уыд футболуарзджытæй. Уыдон ардæм æрбацыдысты сæ уарзон футболон скъолайы 50 азы бæрæгбонмæ. Бæрæгбон байгом кæныны мадзал райдыдта Уæрæсе æмæ РЦИ-Аланийы гимны азæлдæй.

Уый фæстæ бæрæгбон гом кæныны мадзал амонæг Куыдзиаты Олег стадионы уæвджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта футболон скъолайы равзæрд 1976 азы, йæ фыццаг директор Нодар Папелишвили æмæ йемæ кусæг тренерты стыр бавæрд скъолайы сырæзтмæ. Куыдзиаты Олег ма радзырдта Нодар Папелишвили æмæ, йæ фæстæ чи куыста директорæй, уыдон, Бæззаты Дзамболат æмæ Гаджиты Инал дæр скъолайы кад бæрзонд кæй хастой æмæ абон дæр кæй хæссынц. Ууыл дзурæг у, «Юность»-ы чи схъомыл, уыцы бирæ зындгонд футболисттæ æмæ тренерты номхыгъд. Уыцы тренерты рæнхъы сты: Николай Читашвили, Огъуаты Мурат, Гуæцъæлты Лев, Гиви Керашвили, Игорь Осинькин, Анатолий Кочетов. Уыдоны зæрдиаг куысты фæрцы ацы скъолайы схъомыл сты зындгонд футболисттæ: Александр Бубнов, Александр Яновский, Михаил Бакаев, Афанас Сафрониди, Гурам Чкареули, Сечъынаты Юри, Пагæты Артур, Гæззаты Юри, Дзæгъойты Алан, Гогниты Спартак, Гæбулты Владимир, Хуыбылты Арсен, Цæллагты Ибрагим æмæ иннæтæ. Уыцы фæндагыл абон чи цæуы, уыдонæй сты: Æгкацаты Станислав, Хæбæлаты Алан, Гуыдиаты Витали, Хосонты Хетæг, Дауыраты Руслан, Хуыгаты Алан, Плиты ’фсымæртæ, Хъараты Давид, Биазырты Давид æмæ иннæтæ.

Бæрæгбон гомгæнгæйæ, скъолайы кусджытæ æмæ сæ хъомылгæнинæгтæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой: Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимур, Дзæуджыхъæуы адæмон æмбырды сæрдар Таболты Сергей, РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан.

Милдзыхты Вячеслав сæрмагонд лæварæй схорзæхджын кодта зындгонд тренер Анатолий Кочетовы, Фрайты Сослан та зæрдылдарæн лæвæрттæ ракодта скъолайы тренертæ æмæ раздæры рауагъдонтæн.

Бæрæгбоны сæ аивадæй бахъæлдзæг кодтой ансамбль «Алан»-ы кафджытæ, кæронбæттæн та йын скодтой нæ республикæйы раздæры футболисттæ. Се ’хсæн уыдысты: Гæбулты Владимир, Пагæты Алан, Гæмæонты Олег, Цоциты Алан, Михаил Бакаев, Цæрикъаты Тарас, Андрей Передерий, Дзæгъойты Алан, Николай Сафрониди, Хæбæлаты Алан, Хæдарцаты Батрадз, Дауыраты Руслан, Гурам Чкареули æмæ иннæтæ. Уыдон, дыууæ дихы фæуæвгæйæ, равдыстой, абон дæр ма футболæй хъазт сæ зæрдæты фидар бынат кæй ахсы, уый.

Футболуарзджытæ дыууæ командæйы хъазтыл фембæлдысты тынг æхсызгонæй æмæ сын сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд.

Юбилейы цау та ныфс бауагъта, Ирыстоны футболæн фæстæмæ йæ раздæры æмвæзмæ схизын кæй бантысдзæн, уымæй!

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here