Фæлтæрты ’хсæн бастдзинад

0
39

Нæ республикæйы царды æнæмæнгхъæугæ ссис, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон змæлд «Иудзинад» кæй расиды, уыцы бæрæгбон. Цины бæрæгбон та азæлыд Ирыл – «Ирон дæн æз! Нæртон мыггагæй, скифтæй»…

Районты уæлахиздзау чызджытæ ерысы бацыдысты. Рæсугъд фæсивæдæн фадат фæцис сæ арæхстдзинад, сæ курдиат æмæ зонындзинæдтæ ирон æгъдауы бындурыл равдисынæн.

Ирон адæм кæддæриддæр сæрыстыр уыдысты сæ кæстæртæй æмæ сæ хуыдтой сæ ныфс, сæ фидæн. Ерысы бацæуæг æрыгон чызджытæ царды кæнынц фыццаг къахдзæфтæ. Фæлæ ‘мбарынц, сæ хæдзæртты цы ‘гъдау, цы фарн æмæ фæлтæрты ’хсæн бастдзинад ис, уый дарддæр хæссын кæй хъæуы.

Ерысы бацыдысты: Цæллаты Татьянæ – Дигорайы 2-æм скъолайы ахуырдзау, Гиоты Ликæ Къостайыхъæуæй, Быгъуылты Данæ Майрæмадагæй, Точъиты Вероникæ – Елхоты 1-æм скъолайы ахуырдзау, Химилонты София – Советон хъæуæй, Псхацъæты Аринæ – Беслæны 1-æм скъолайы ахуырдзау, Калоты Каринæ, Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы ахуырдзау, Туаты Ульянæ – Змейкæйы 2-æм скъолайы ахуырдзау, Джимиты Агуындæ Фарныхъæуæй æмæ Мурасты София Михайловскы хъæуæй.

Сæ зонындзинæдтæн сын аргъ кодтой Мамытты Тамерлан – «Иудзинад»-ы Советы уæнг, жюрийы сæрдар, Газайты Зоя – Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Гуытъиаты Эльмирæ – ЦИПУ-йы ирон филологийы хайады сæргълæууæг,  Дзæуджыхъæуы администрацийы ахуырады хайады сæргълæууæг Нартыхты Лаурæ æмæ Горæтгæрон районы уæлæмхасæн ахуырады ахуыргæнæг Цхуырбаты Зарæ.

Ерысдзау чызджытæй алчидæр сæрыстыр кæй у йæхи ирон рахонынæй, уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой. Радзырдтой, цæмæй сын у адджын ирон ныхас, Ирыстон, ирон æгъдау, цы сæ кæны ирон, уый. Иннæ фæлварæны архайджытæ дзырдтой сæ мыггаджы равзæрд, дисы æфтыдта, куыд хорз зонынц сæ фыдæлты цардвæндаг, æхсызгон уыд таурæгътæм байхъусын.

Дарддæр уыд сфæлдыстадон конкурс. Æмдзæвгæтæ аив кæсын, кафын æмæ зарынæй сæхи бавзæрстой. Æркасты хицæн хай уыд «Рагон ирон дзаумæттæ – мигæнæнтæ æмæ кусæнгæрзтæ», уыдон рохуаты кæй не сты нæ кæстæртæй, уымæн æвдисæн уыдысты сæ зонындзинæдтæ.

Жюрийы уæнгтæн æркасты кæронбæттæны æнцон нæ уыдис хуыздæртæй хуыздæры сбæрæг кæнын. Иу иннæмæй – сæрæндæр.

Æртыккаг бынатмæ рацыд фарныхъæуккаг сæрæн чызг Джимиты Агуындæ, бацæттæ йæ кодта Хуытъинаты Маринæ, дыккаг бынат саккаг кодтой Гиоты Ликæйæн Къостайыхъæуæй, йæ ахуыргæнæг – Цыхуырбаты Зарæ. Фыццаг бынат та бацахста Мурасты София Михайловскы хъæуæй, бацæттæ йæ кодта Джыккайты Людмилæ.

Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы номæй сын балæвар кодтой æхцайы премитæ, зæрдылдарæн лæвæрттæ, дидинджытæ. Зæрдæйæн æгæрон циндзинад райстой бæрæгбоны æппæт архайджытæ дæр.

– Æхсызгон мын у, «Иудзинад» сывæллæттæн ахæм зæрдæмæдзæугæ бæрæгбон кæй саразы, уый. Æнæмæнг сæ алчидæр ноджы арфдæр банкъардзæн, ирон кæй у, уый, – загъта «Аланты Ныхас»-ы мыггæгты комитеты сæрдар Æгкацаты Вячеслав.

Æнæмæнгæй, ацы бæрæгбоны хъуыды у арф. Бузныг «Иудзинад»-ы уæнгтæн æмæ, сывæллæттимæ цы фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ кусы, уыдонæн.

Ирон сылгоймаг хъуамæ цы зона, уыдон хаст æрцыдысты æркасты домæнтæм. Бæрæгбон рæсугъд амыдта Налдыхъуаты Зæлинæ.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here