Иудзинады бæрæгбон – Черменыхъæуы

0
29

Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин, куыд зонæм, афтæмæй ацы аз Уæрæсейы Адæмты иудзинады аз расидт, æмæ йæ фæлгæты арæзт цæуы бирæ бæрæгбæттæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Фæсте нæ зайы уыцы хъуыддаджы Ирыстон дæр. Ивгъуыд майрæмбоны Черменыхъæуы сарæзтой фестиваль «Чермен æмбырд кæны хæлæртты».

Хъæуы Культурæйы хæдзары коллектив разæнгардæй архайдта бынæттон цæрджытæ æмæ уазджытæн æцæг бæрæгбон балæвар кæныныл, æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Культурæйы артдзæсты директор Цæболты Руслан æмæ Адæмон театры режиссер Хъараты Аланæйы разамындæй аивадон коллективтæ зæрдиагæй бацархайдтой хæлардзинады тæгтæ фæфидардæр кæныныл, уымæн та йæ сæйраг рахæцæн уыдис, сценæйыл 10 адæмыхаттæй фылдæр æмархайд кæй кодтой, уый.

Æрмæст диссаджы зæрдæмæдзæугæ концерт нæ уыди, фæлæ дзы чи архайдта, уыцы адæмты минæвæртты иудзинады ирд æвдисæн! Абон Черменыхъæуы иу бинонтау æнгом чи цæры, уыцы адæмыхæттыты зарджытæ, кæфтытæ рахастой адæмы размæ, афтæмæй концерты азæлдысты ирон, уырыссаг, мæхъхъæлон, дагестайнаг, азербайджайнаг, сомихаг, гуырдзиаг, кæсгон, узбекаг æмæ бердзенаг æвзæгтыл æмдзæвгæтæ, кæфтытыл залы бадджытæ æмбæлдысты дæргъвæтин къухæмдзæгъдимæ. Алкæмдæр дзы равдыстой сæ культурæ æмæ традицитæ, бæрæгбоны сæйраг хъуыды та уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, хæлардзинад æмæ иудзинад.

Уазджытæн зæрдиаг арфæ ракодтой районы хицауады минæвæрттæ, дины кусджытæ, загътой, абон нæ бæстæ зын уавæры кæй ис, æмæ сæйрагдæр у кæрæдзимæ æнгом æрбалæууын, хистæртæн, кæрæдзийæн аргъ кæнын, Райгуырæн бæстæйыл иузæрдион уæвын. Черменыхъæуы хæлардзинад æмæ аивады бæрæгбон æвдисæн у Уæрæсейы граждайнаг иудзинадæн. Йæ саразджытæ æмæ архайджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм бæрæгбæттæ сты адæмты иудзинад нæ бæстæйы фидæны размæцыд æмæ фæрныгадмæ стыр бавæрæн.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here