Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ республикон программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы цыппæрæм къæпхæн. Йæ архайджытæ æнтыстджынæй раттой фæлварæнтæ æмæ райстой сæ дипломтæ. Бæрæгбонмæ ‘рбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон æххуысады министр Абайты Юри, Уæрæсейы Адæмон хæдзарады академийы Паддзахадон разамынды уæлдæр скъолайы директор Олег Кондратенко.
Кадджын уавæры мадзал байгом кодта æмæ йæ архайджытæн арфæ ракодта Сергей Меняйло:
– Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ хъуамæ æнкъарой паддзахады æххуыс, æмæ сабыр царды рæстæг дæр сæ бон уа пайда æрхæссын нæ бæстæ æмæ йæ адæмæн. Нæ хъæбатыртæ алы бон дæр стыр сгуыхтдзинæдтæ æвдисынц тохы быдыры. Ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй æвдисынц, цы у патриотизм, цæттæ сты Уæрæсейы адæмты сæраппонд цавæрфæнды зындзинæдтæм дæр. Ахæм адæм хъæуынц алы къабазы дæр. Сымах стут нæ ныфс. Нæ зæрдæ дарæм, цы хъарутæ хардзгонд æрцыд уæ ахуыр æмæ практикæйы рæстæг, уыдон дзæгъæлы кæй нæ уыдысты! Зæрдиаг арфæ уын кæнын, цы нысантæ æвæрут уæ размæ, уыдон æнтыстджынæй сæххæст кæнут!
Арфæйы ныхæстæ программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы архайджытæн ракодтой: Тускъаты Таймураз, Абайты Юри æмæ Олег Кондратенко дæр.
Куыд зонæм, афтæмæй программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы сæйраг хæс уыдис сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ветеранты бацæттæ кæнын, цæмæй сабыр царды сæ бон уа профессион æгъдауæй разамынд дæттын промышленность, социалон, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ царды иннæ къабæзты. Цас æнтыстджын рауайдзæн ацы æнæмæнгхъæугæ проект, уый та цард йæхæдæг равдисдзæн.
Программæйы цы 32 адæймаджы архайдта, уыдонæн ахуыры рæстæг иудадзыг фараст мæйы дæргъы сæ фарсмæ лæууыдысты фæлтæрдджын разамонджытæ. Сæ ахуырадон программæ сын бацæттæ кодтой Уæрæсейы Адæмон хæдзарады академийы Паддзахадон разамынды уæлдæр скъола æмæ паддзахадон службæ, Автономон æнæкоммерцион организаци «Россия – страна возможностей». Уымæй уæлдай, семæ куыстой нæ республикæйы æппæт министрадтæ æмæ районты разамонджытæ дæр. Кæронбæттæны къæпхæнмæ дзы цы 28 адæймаджы æрхæццæ, уыдонæн ныр сæ бон уыдзæн паддзахадон хицаудзинад æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон æмæ æндæр организациты кусын.
Рæствæндаг уæнт!
ГАПБАТЫ Алетæ














