РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд ведомствæты ‘хсæн къамисы æмбырд, хуыздæрæнрайст (приоритетный) проект «Хæрзвадат горæтаг фалдзустæ» царды куыд уагъд цæуы, уый тыххæй. Боны фæткы сæйраг темæтæ уыдысты 2026 азы хæрзвадæттæ саразыны пълантæ æмæ Æппæтуæрæсеон конкурсы архайынмæ бавдыстытæ (заявка) равзарын.
Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат куыд загъта, афтæмæй ацы аз 41 æхсæнадон фæзуаты банывыл кæнынæн лæвæрд æрцæудзæн 431,1 милуан сомы. Куыстыты фылдæр хай бакæндзысты Дзæуджыхъæуы, уым сног кæндзысты 18 æхсæнадон зонæйы, иннæтæ та – республикæйы районты.
Æмбырды архайджытæ лæмбынæг æркастысты, хæрзвадат горæтаг фалдзусты хуыздæр проектты Æппæтуæрæсеон конкурсы категори «Чысыл горæттæ æмæ хъæутæ»-йы фæуæлахиз уæвыныл чи тох кæны, Дзæуджыхъæуæй уыцы фондз, стæй Æрыдоны, Дыгуры, Кировы æмæ Мæздæджы районтæй бавдыстытæм.
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав загъта, Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт конкурсы фыццаг хатт кæй архайы. Уый бавдыста, раздæр экологион æгъдауæй завод «Электроцинк»-мæ йе ‘ввахсдзинады тыххæй фыдбылызджыныл нымад чи уыд, Промышленнон микрорайоны «Малая водная», зæгъгæ, уыцы объект. Ныр Терчы донбыластæрды 36 мин квадратон метры хъуамæ арæзт æрцæуа, афæдзы æппæт афонты фæллад уадзын кæм æмбæлдзæн, ахæм рекреацион тæлм. Проектмæ гæсгæ дзы уыдзæн, горæтæгты зæрдæмæ чи фæцæудзæн, ахæм цъæхвæлыст, сифтонг æй кæндзысты нырыккон спортивон æмæ сывæллæтты хъазæн фæзтæй.
Сæ проекттæ бавдыстой муниципалон скондтæ дæр. Афтæ, Æрыдоны горæты центрон парк банывыл кæнынмæ хъавынц, Дигорайы – Тогойы-фырты уынг æмбæлгæ уагыл рацаразын. Елхоты раздæры стадионы бынаты сæ зæрды ис парк «Елхот». Разызинады фæзуат» саразын, уыимæ, стадион дæр хæлд не ‘рцæудзæн, йæ алыварс та фæзындзæн ног фæлладуадзæн æмæ культурон мадзæлттæ аразæн тæлмытæ. Мæздæджы районы проектмæ гæсгæ та Мæздæджы горæты Октябры 50 азы номыл центрон фæз сног кæндзысты – уым саразынц горæты цæрджыты стырдæр ахадгæ æхсæнадон мадзæлттæ.
Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, æмбырды ныхас цæуыл цыд, уыцы
куысты ахадындзинад:
– Республикæ фыццаг аз æнтыстджынæй нæ архайы æмæ царды нæ уадзы, нæ горæттæ æмæ хъæуты æддаг бакаст хорзырдæм чи ивы, уыцы федералон проект «Хæрзвадат горæтаг фалдзустæ»-йы. Абон цы проекттæм æркастыстæм, уыдон, æнæмæнг, хъæуынц нæ республикæйы цæрджыты. Ног объекттæ хъуамæ хынцой горæттæ æмæ хъæуты цæрджыты домæнтæ, æнгомдæр кæной алы фæлтæрты минæвæртты.
Уæлдæр ныхас цы бавдыстытыл цыд, уыдон се ‘ппæт дæр æрвыст æрцæудзысты Æппæтуæрæсеон конкурсмæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














