Лæвар згъорæн центр

0
33

Куыд рабæрæг, афтæмæй тагъд Дзæуджыхъæуы фæзындзæн лæвар згъорæн центр. Йæ бынат уыдзæн Терчы былгæрон, Хъесаты Колкайы уынджы.

Уæрæсейы 22 горæты ахæм центртæ аразынмæ бавналдзысты. Уыцы проектыл бакуыста Уæрæсейы рог атлетикæйы федераци. Хабæрттæ социалон хызтæм рахаста горæты мэр Милдзыхты Вячеслав.

Ныртæккæ цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ, аразджытæ уал фæллойгæнджытæ æмæ фидæны персоналæн аразынц æрлæууæн бынæттæ. Уадзынц сæм электрон тых, æндæр хъæугæ фæрæзтæ. Милдзыхы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй дзæуджыхъæуккаг центры уыдзæн згъорæн тæлмытæ, сæ уæлцъар æдас æрмæгæй æхгæд, афтæмæй.

«Æнæмæнг, уыдзæн дзы уæлæдарæс раивæн бынæттæ, хихсæнтæ, тренировкæ скæнын æмæ лекцитæм байхъусыны фадæттимæ залтæ, фæлладуадзæн фæзтæ, хæринаг бахæрыны фадæттæ æмæ бинонты фæлладуагъдæн уавæртæ. Центры фарсмæ уыдзæн бинонты фæлладуагъд æмæ воркауты фæзтæ. Нæ зæрды ис футболы фæз æмæ йæ алфамбылæйттæм базилын дæр. Ацы хъæппæрис ахсджиаг æрмæст профессион спортсментæн нæу, фæлæ, йæ зæрды сæрæн архайд кæнын кæмæн у, æнæниз цардыуаг чи ‘взары, уыдонæн дæр», – загъта Милдзыхты Вячеслав.

Ацы проект æнæмæнг фæзындзæн, рог атлетикæйæ архайынвæнд кæмæ ис, уыдоныл дæр. Куыстытæ фæуыдзысты 1 сентябрмæ.

Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here