Национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæтаг æлыварс», зæгъгæ, ацы национ проекты ахсджиаг хай у, «Цæрынæн чи нал бæззы, уыцы цæрæнуæттæ къаддæр кæнынæн мадзæлттæ аразын»-ы федералон проект.
Йæ сæххæст кæныны нысанимæ нæ республикæйы 2019 азы фидаргонд æрцыд адæмы сæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнбынæттæм раивыны нысанмæарæзт программæ. Бахастой йæм, 2017 азы 1 январмæ кæлæддзагыл æмæ, рацаразæн кæмæн нал ис, ахæмтыл нымад чи ‘рцыд, 43 уыцы бирæфатерон хæдзары. Ныхас цыд, Дзæуджыхъæуы, Дыгуры, Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районты чи ис, уыцы бирæфатерон хæдзæрттыл.
Ацы хæдзæртты цæрæг адæмы ног фатертæм раивыны мадзæлттæ кæронмæ хъуамæ ахæццæ уыдаиккой 2025 азы сентябры. Фæлæ, амынд хъуыддаджы фæдыл республикæйы Хицауад æмæ «Территориты райрæзты фонд» се ‘хсæн цы бадзырд бафыстой, уымæ гæсгæ адæмы сæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнбынæттæм раивыны æппæт мадзæлттæ дæр кæронмæ ахæццæ сты 2023 азы. Азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, программæ æххæстгонд æрцыд, кæлæддзаг хæдзæртты 20,56 мины квадратон метры суæгъд кодтой. Сæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр сты 1 202 адæймагæн.
«Инфраструктурæ – цардæн», зæгъгæ, ацы ног национ проект æххæст кæныны фæлгæты нæ республикæйы 2025 азæй æххæстгонд цæуы адæмы сæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнбынæттæм раивыны программæ. Ацы программæмæ гæсгæ та, 2017 азы 1 январæй 2022 азы 1 январмæ кæлæддзагыл кæнæ, рацаразæн кæмæн нал ис, ахæмтыл нымад чи ‘рцыд, 124 уыцы бирæфатерон хæдзары цæрджыты хъуамæ раивой ног цæрæнбынæттæм. Кæлæддзаг хæдзæртты фæзуат у 76,00 мин квадратон метры, цæры дзы 3 694 адæймаджы. Программæйы ацы хайы архайджытæ сты горæт Дзæуджыхъæу æмæ, Æрæфы районæй фæстæмæ, республикæйы æппæт муниципалон скондтæ – Кировы, Мæздæджы, Рахизфарсы, Дыгуры, Æрыдоны, Алагиры æмæ Горæтгæрон районтæ. Æрæфы район программæйы уымæн нæ архайы, æмæ дзы кæлæддзаг бирæфатерон хæдзæрттæ нæй.
2025 азмæ федералон проектмæ гæсгæ, нысанмæарæзт бæрæггæнæн Цæгат Ирыстонæн уыд кæлæддзаг хæдзæртты 670,00 квадратон метры. Ног фатерты хъуамæ ‘рцардаиккой 40 адæймаджы. Ацы бæрæггæнæн æххæстгонд æрцыд уæлдайджынтæй: ног хæдзæртты ‘рцардысты 19 бинонтæ (51 адæймаджы). Кæй суæгъд кодтой, уыцы кæлæддзаг хæдзæртты иумæйаг фæзуат уыд 987,10 квадратон метры.
Ацы аз куыд пълангонд цæуы, афтæмæй, кæлæддзаг хæдзæртты 2,49 мин квадратон метры фæзуаты чи цæры, уыцы 140 адæймаджы хъуамæ ‘рцæрой ног фатерты.
«Территориты райрæзты фонд»-мæ æрвыст финансон æххуысы фæдыл курдиат ныридæгæн разыйы дзуапп райста.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














