Нæ фыдæлты цард

0
38

Фыццаг заман адæм афтæ цардысты, æмæ-иу сыхæгтæ се ’хсæны ныхас рахастой, цæмæй фæйнæ фондз суарийы æрæвæрой æмæ дзы балхæной иу куырæт æмæ хæлаф балцы цæуыны тыххæй. Кæд-иу дзы балцы цыдысты, уæд-иу иннæтæ уый æрцыдмæ æнхъæлмæ кастысты. Науæд сын балцы цæуæн нæ уыдис.

Балцы та кæдæм цыдысты? Калакмæ, æхсæз абазийыл чырæ ластой. Сæ дарддæры балц уыд Кæсæгмæ. Цыдысты Беслæныхъæуæй дæлæмæ, Бæтæхъойыхъæуы рæгътæй суанг Елхоты рæгътæм. Ацæуæн дзы нæ уыдис, æмæ-иу нæ уæндыдысты цæуын. Балцы-иу чи ацыд, уый-иу фæстæмæ сæ хæдзармæ куы ’рбацыд дзæбæхæй, уæд-иу гал аргæвстой æмæ-иу куывд скодтой, нæ бæлццон сæрæгасæй нæ хæдзарыл сæмбæлдис, зæгъгæ.

Нæ рагфыдæлтæ кæд фос дардтой, уæддæр сæ цард фылдæр аразгæ уыд хæхтæй дæр: сырдтыл цуан кодтой æмæ уымæй цардысты. Хор дæр сæ нæ хъуыдис.

Афæдзæй-афæдзмæ-иу цас амардтой, уый-иу нымайын дæр нæ фæрæзтой æмæ-иу сын се ’фсæрты дзоныгътæ синагыл бакодтой, афтæмæй-иу сæ хæдзары къултыл сауыгътой. Цалынмæ-иу къултæ байдзаг сты, уæдмæ сæ нæ калдтой адæм, стæй-иу банымадтой, чи цас амардта, уый. Сæ бæрæггæнæн та уыдис уыгард – иу мæй кæй амардтой, уымæн – хицæн уыгард, иннæ мæй дæр – афтæ. Дыууадæс мæйы алы удæн дæр дыууадæс уыгарды кодтой, æндæр нымайын нæ зыдтой. Хор дæр-иу бирæ нæ хардз кодтой, æрмæст ссæдз меркъайы афæдзмæ – уый дæр хъæбæрхоры кæрдзын. Хордтой йæ сырды фыдимæ. Уыдонæй кодта се стæг фидар, сæ туг – тыхджын. Сау хохмæ-иу ацыдысты æмæ-иу се ’ккой къæйтæ æрхастой кæрдзын кæнынæн. Иу къæй-иу кодта къуыриваг.

Сæ сылгоймæгты цард та афтæ уыдис, æмæ-иу хъæдæй фæрсчытæ скодтой æмæ-иу дзы хæлынкæрцытæ бахуыдтой. Æмæ-иу йæхи тынгдæр чи сæлвæста, уый-иу амбылдта, уымæн-иу айхъуыст йæ хорзы кой адæмыл. Иу хатт иу чызг хуымонтæн кæрдзын ахаста холлагхæссæн тæсчъы, æмæ йæм хуымонтæ алырдыгæй кастысты дæлæмæ. «Цы ’лвæст, хæрзконд чызг фæцæуы», – загътой хуымонтæ. Чызг бахæццæ хуыммæ, дзуры: «Айсут мын мæ чыргъæд ме ’ккойæ. Фæтасæн мæ нал ис. Мæ тæнтæ мын фæрсчытæ схуынкъ кодтой». Уæд хуымонтæй иу дзуры: «Де ’фхæрд буар сдзæбæх уыдзæн, фæлæ дæ кад æмæ дæ намыс нал ферох уыдзысты». Чызг дæр фæмæсты ис æмæ йæ гæрзтæ æмæ хæлынкæрц фелвæста хуымы астæу. «Амæн мæ йæ кад дæр нæ хъæуы æмæ йæ намыс дæр. Абонæй фæстæмæ ацы дзаума чи скæна, уый арв æрцæвæд», – загъта чызг.

29-аздзыд ДЗУСАТЫ Рæмоны чызг Гостиаты ныхæстæй
йæ ныффыста ÆЛБОРТЫ Барысби 1926 азы. ЦИГСИИ-йы архив

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here