Æнæнцой зæрдæ

0
11

Нæ мадæлон æвзаг кæй сæфы, кæй йыл ничиуал дзуры, абон нæ сагъæс ууыл у. Хъæуы исты мадзæлттæ аразын. Ахæм ныхæстæ та, бæрæг куыд у, афтæмæй фылдæр фæкæнынц, къаддæр чи аразы, уыдон. Алкæмæ дæр афтæ кæсы, æмæ йæ, зæгъгæ, хъуамæ уый скæна, аразгæ та – æндæр исчи. Æмæ дардæй уынаффæтæ кæны, йæхи цот та сæ мадæлон æвзагыл нæ дзурынц.

Раст зæгъгæйæ, дзургæ бирæ чи нæ кæны, фæлæ хъуыддагæй чи архайы, ахæмтæ дæр ма нæм ис. Уыдон сæ размæ сæвæрдтой мадæлон æвзаг, нæ культурæ, традицитæ цæмæй  ма фесæфой, ахæм хæс. Сæ удæй бацыдысты исты бæлвырд мадзæлттæ саразыныл, æмæ сын æнтысгæ дæр кæны, уымæн æмæ, кусын кæй фæнды, уый ницавæр цæлхдуртæ бауромдзысты.

Уыдонæй иу у, æнæ уæлдай ныхæстæй йæ хъуыддаг чи аразы, сывæллæтты сæ мадæлон æвзаг ахуыр кæнынæн йæ уд чи нывонд кæны, уыцы æцæг ирон чызг Гæздæнты Агуындæ, англисаг æвзаджы ахуыргæнæг. Ничи йæ хæсджын кæны сывæллæтты иронау дзурыныл ахуыр кæнын, фæлæ уыцы нысан йæхæдæг сæвæрдта йæ размæ. Канд ахуыр нæ кæны сабиты, фæлæ, цæмæй æрмæг хуыздæр бамбарой, уый тыххæй æрхъуыды кодта алыхуызон фæрæзтæ.

Гæздæнты чызг райгуырд Дзуарыхъæуы, ирондзинад бæрзонд æвæрд кæм у, ахæм бинонты ‘хсæн. Фæлæ, кæмæ æркуывта, уыдон – Елуатæ, æфсæддон дæсныйадыл хæст кæй сты, уымæ гæсгæ сæ цард арвыстой Уæрæсейы алы горæтты. Ахæм уавæрты та æвзаг бахъахъхъæнын зындæр у. Уæдæ йе ‘ртæ сывæллоны дæр кæцæй сахуыр уыдзысты, скъолаты, рæвдауæндæтты дæр æрмæстдæр уырыссагау куы дзурынц, уæд. Агуындæ бамбæрста, алцыдæр йæхицæй аразгæ кæй у, æмæ райдыдта архайын.

Зыдта йæ, сывæллæттæ се ‘взаг традицион хуызы зынтæй кæй бамбардзысты, æмæ æрхъуыды кодта æндæр мадзал. Уый та у хъазты, зарджыты, интерактивон видеоæрмæджыты хуызы сын ирон дзырдтæ, ныхас амонын. Кæд æм ныв кæныны курдиат нæй, уæддæр-иу цыдæртæ аныв кодта, æмæ сын сæ быны иронау æмæ уырыссагау фыста, нывы хъайтар цы архайы, уый. Зæгъæм, «лæппу фæцæуы», «чызг бады», «дада кусы», «нана цъында бийы» æмæ афтæ дарддæр. Уымæй уæлдай, бинонты, цæрæгойты, халсарты, дыргъты, зайæгойты нæмттæ сæ нывтæм гæсгæ ахуыр кæны.  Агуындæ куыд зæгъы, афтæмæй йæхицæн никуы ныббарстаид, йæ цот иронау куы нæ зыдтаиккой дзурын, æмæ йæ методикæ парахатæй амонын райдыдта. Нывтæй дарддæр ма сын сæхи, иронау ахуыр кæнгæйæ, видеомæ сисы æмæ сæ нырыккон нымæцон технологиты фæрцы рапарахат кæны. Уый сабитæм тынг диссаг кæсы, телевизорæй нæ æвдисынц, зæгъгæ, æмæ ноджы тынгдæр тырнынц ахуырмæ.

Фæстагмæ сæм зонгæты, сыхæгты сывæллæттæ дæр æрбаиу сты, æмæ ахæм хуызы иронау ахуыр кодтой, сæ аудитори та кодта уæрæхдæр. Агуындæ куыд зæгъы, афтæмæй нæм бирæ ис курдиатджын, йæ мадæлон æвзагыл чи дзуры, ахæм сывæллæттæ, фæлæ тæрсынц, куы фæрæдийой, æмæ æфсæрмы кæнынц дзурын. Ахæмтæн та хъæуы æххуыс кæнын. Сывæллон æй куы æмбара, дæхæдæг дæр зæрдиагæй архайыс æмæ уымæй æхцондзинад исыс, уæд уый дæр разæнгард кæны.

– ЦИПУ-йы фæсарæйнаг æвзæгты факультеты мемæ ахуыр кодта Гæбæраты Алинæ. Ныртæккæ цæры Францы, ис ын æхсæзаздзыд сывæллон. Кусы францаг æвзаджы ахуыргæнæгæй, фæлæ йын сæйрагдæр у йæ мадæлон æвзаг. Уый дæр ацы методикæмæ гæсгæ ирон æвзаджы рæзтыл  архайы Францы. Къуыри иу хатт видеобастдзинадæй фæныхас кæнæм иронау, сыгъдæг дзуры сывæллон дæр. Уый мын бацамыдта исын интернеты хызæгæй цæттæ нывтæ, видео-
кадртæ, æмæ сывæллæтты иронау дзурын кæнын. Йæ амындмæ гæсгæ, æз дæр афтæ райдыдтон кусын. Бæрæг рæстæг сайтæн бафидын æмæ мæ курдиат ныффыссын, цавæр нывтæ æмæ мæ видеосценаритæ хъæуы, уый тыххæй æмæ сæ райсын. Дарддæр та, куыд зонæм, афтæмæй сын сæ архайдмæ гæсгæ тексттæ æрхъуыды кæнын уырыссагау, иронау сæ тæлмац кæнын æмæ сæ сабиты размæ хæссын дыууæ ‘взагыл. Цæмæй сæ фылдæр адæм уыной, уый тыххæй «Telegram» каналы бакодтон сайт «Ирон саби», æмæ уым мæ куыстытæм гæсгæ, кæй фæнды, уыдон ахуыр кæнынц иронау. Ацы каналæн ма йæ хорздзинад уый мидæг ис, æмæ уыцы кадртæ райсæн æмæ сæ пайда кæнæн ис телефонты дæр, — зæгъы Агуындæ.

Гæздæнты чызг куыд зæгъы, афтæмæй цыфæнды информаци дæр хъазты хуызы куы бамбарын кæнай, уæд æй сывæллæттæ тагъддæр бахъуыды кæнынц, стæй йæ æвзаджы «къæбицмæ» бахæссынц.

Ныртæккæ сайт «Ирон саби»-йы ис базон-базонтæ, уыцы-уыцитæ, цыппаррæнхъонтæ, зарджытæ, нымæцтæ, цыбыр видеонывтæ… Зæгъæм, нæ разы уынæм ахæм видеокадр: зæххыл æвæрд сты иу асыкк æмæ иу чыргъæд. Хъуысы Агуындæ – амонæджы ныхас: «Асыччы æвæрæм халсартæ, чыргъæды – дыргътæ». Æмæ фæрсы, кæдæм цы хъæуы æвæрын æмæ йын йæхæдæг дзуапп дæтты: «Кæрдо – чыргъæдмæ, картоф – асыкмæ», «Чылауи – чыргъæдмæ, уырыдзы – асыкмæ».

Амонæг дыргътæ æмæ халсарты нæмттæ куыд дзуры, афтæ, сæ нывтæ сын æвдисгæйæ, иугай цæуынц сæ амынд бынæттæм, æмæ сæ сабитæ бахъуыды кæнынц. Кæнæ чиныг-магнитыл ис чызг æмæ лæппуйы фигурæтæ. Чиныджы сыфтыл ма ис «скъаптæ» арæзт дæр. Уырдыгæй исынц алыхуызон дзаумæттæ, сæ нæмттæ сын дзурынц, афтæмæй, æмæ сæ чызг æмæ лæппуйыл ныхасынц æмæ афтæ дарддæр. Ахæм бирæ алыхуызон хъæзтыты руаджы сывæллæттæ канд ирон дзырдтæ нæ бахъуыды кæнынц, фæлæ ма дзы райсынц стыр æхцондзинад дæр.

Ныртæккæ Гæздæнты Агуындæ кусы Уæлæмхасæн ахуырады центры англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Уыцы ахуырады артдзæсты разамынд хорз зонынц Агуындæйы уарзондзинад йæ мадæлон æвзагмæ æмæ йын бафæдзæхстой, цæмæй, англисаг æвзаджы къласæй уæлдай, ирон кълас дæр сараза æмæ йæхи методикæмæ гæсгæ сабиты ахуыр кæна. Кæнгæ дæр афтæ бакодта. Ныртæккæ уæлдæр амынд скъолайы ахæм уроктæ амоны Агуындæ. Уыцы уроктæ баппарынц интернеты хызæгмæ дæр, афтæмæй парахат кæнынц нæ мадæлон æвзаг. Йæ ахуыргæнинæгтæ та кæнынц фылдæрæй-фылдæр. Йæхи кæстæртæн та у цæвиттойнаг.

Мадæлон æвзаджы фарн æнустæм амайгæ мæсыг у, æмæ дзы иу дур дæр чи бавæра, уый арфæйаг хъуыддаг аразы. Уымæн æмæ дон æртахгай æмбырд кæны. Алчидæр Гæздæнты Агуындæйы хуызæн æнæнцой зæрдæ куы уаид, бирæ дзурыны бæсты хъуыддагæй куы архаид, уæд абон не ‘взаджы уавæр ахæм мæгуыр нæ уаид. Кусын дæ куы фæнда, уæд амал ссардзынæ…

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here