Дзанайты Ольгæ. Ирыстоны æргомзæрдæ хъæбул

0
36

Фыдæлты зарджытæ ирон царды уидæгтæ сты. Не ‘гъдау, миддуне, нæ уаг, нæ фарн, нæ ном æмæ нæ цæсгом….  Цæмæй  нæ ирондзинад   нæ абоны адæмы ‘хсæн фидар уа, фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæуа, чи сты нæ фыдæлтæ, уый нæ бæстæ æмæ ма суанг дунейы цæрæг адæмтæ зоной æмæ йæ æнкъарой, ууыл йе ’взонгæй йæ царды фæстаг бонтæм  зæрдиаг æмæ бæстонæй архайдта дæсны хормейстер, педагог, РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Дзанайты Ольгæ. Хъыгагæн, абон æй йæ уарзон райгуырæн  Ирыстоны дзыллæ, зæрдæйы уæззау хъыг æмæ масты æнкъарæнтимæ, æрвитынц йæ фæстаг фæндагыл – йе ‘нусон бæстæмæ.  

Цы загъдæуа, хъысмæттæ уарæг, Стыр Хуыцау ын  æвдай æхсæз азæй фылдæр цæрæнбон нæ саккаг кодта. Фæлæ йæ  царды алы къахдзæф дæр уыд æххæст ирондзинады арфæйагдæр миниуджытæй. Уæздандзинад, рæсугъд миддуне, адæмуарзондзинад, ирон адæмон зарæгæн лæггад кæнын…. 

Ивгъуыд æнусы æвдайæм азты астæу райдыдта Дзанайты Ольгæйæн йе сфæлдыстадон фæндаг зарæджы аивад æмæ кæстæрты хъомылады дунейы. Цы сфæлдыстадон артдзæстыты сæргъы лæууыд, уыдон сты республикæйы зарæггæнджыты скъола (хоровая школа), Аивæдты республикон лицейы зарæггæнджыты къорд «Арион», фольклорон ансамбль «Чепена», Хæххон паддзахадон аграрон университеты зарæггæнджыты къорд «Æфсати», Бетъырбухы Мариинаг театры филиал  Цæгат Ирыстоны концертон залы зарæггæнджыты къорд… Ацы æмæ ма æндæр вокалон къордты Ольгæйы уарзт æмæ зæрдиаг ахаст  фыдæлтыккон зарæгмæ арвæй бæрæгдæр, хурæй æргомдæр уыд. Зыдта ирон адæймаджы миддуне, Ирыстоны ивгъуыд йæ фондз æнгуылдзы хуызæн.  Йæ зæрдæйы алы тагæй, йæ зонды алы чырæгæй дæр æнкъардта, фыдæлтæ нæ дзуæрттыл, бардуæгтыл, историон цаутыл, паддзахы заман æмæ советон дуджы, ныры рæстæджы фæллой æмæ лæгдзинады зарджытæ  кæуыл æмæ цæмæн арæзтой, цы мидис æмæ сын нысан уыд æмæ ис, уый. Уыцы æнкъарынад æмæ æмбарынад  хæстæг уыд, сфæлдыстадон  зæрдиаг куыст цы бирæ профессионалон æмæ хæдахуыр зарæггæнджытимæ кодта, уыдонæй сæ алкæмæн дæр хистæрæй-кæстæрмæ. Афтæмæй, фæндзай азæй фылдæр Ольгæ уыд  национ вокалон аивады æвæллайгæ зиууон. Ирон зарæг йæхи æмæ, уыйау ирон фыдæлтыккон зарæг йæ зæрдæйæн зынаргъ кæмæн у, уыцы уæздан хистæртæ æмæ цæхæрцæст кæстæртимæ æрзылд фæсарæнты æмæ нæ Уæрæсейы бирæ горæтты. Мингай аивадуарзджытæ-иу, йæ цæттæгонд адæмон æмæ нæ композиторты фыст зарджытæм хъусгæйæ, куы æхсызгонæй сæ мидбылты худтысты, куы та-иу æнкъард кодтой, нæ фыдæлты уæззау, фæлæ намысджын цардыуаг-иу сæ цæстытыл  раст кинойы хуызæн сæ цæстытыл ирдæй ауад.

Курдиатджын хормейстер Дзанайты Ольгæ, йæ адæмы раз ыл цы хæс æвæрд ис, уый бæлвырд æнкъардта. Йемæ кусын, концертты, сфæлдыстадон изæрты архайын, даргъ  æмæ цыбыр балцвæндагыл цæуын дæр уыд стыр цин, амонд æмæ зонды хос, æнæферохгæнгæ бæрæгбон. Хистæртæн – æгъдаудæттæг, кæстæртæн – зондамонæг. Аив  – йæ бакаст æмæ миддунейæ. Зондджын æмæ фендджын. Уый хуызæн адæймæгтæй фæзæгъынц, Хуыцауысконд, дунесфæлдисæгæй арфæгонд, зæгъгæ. Ирыстон  æмæ  нæ бæстæ уарзта  сыгъдæг æмæ æргомзæрдæ хъæбулы уарзтæй. Аивады къабазы  йын кодта æрдхæрæны удуæлдай лæггад… Цы фарны бæркад байтыдта йе ‘мцæдисон дæсны зарæггæнджытимæ мингай аивадуарзджыты удты æмæ зæрдæты, уый   рухс æнусон у. Рохуат æм нæ уæнды… 

 Газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы коллектив

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here