Медиаæдасдзинад æмæ цифрон технологитæ

0
11

Медиафорум «Цифрон Кавказ» цыппар боны цыд Махачкалайы. Арæзт уыд, ацы къабазы чи кусы, уыцы æрыгон специалисттæн Цæгат Кавказ æмæ Уæрæсейы ног регионты минæвæрттæн. Ахуырадон фæзуаты цы бирæвæрсыг хъуыддæгтæ æвзæрстой, уыдоны ‘хсæн сæйрагдæр уыд цифрон æдасдзинад æмæ фейкты ныхмæлæуды темæ.

Нырыккон царды уавæрты техникон æгъдауæй коммуникациты каналтыл гæрæнгонд сси информаци хæццæ кæнын, иннæмæй та, адæммæ цы информаци цæуы, уый сæм æвзæрын кæны æнæнцойдзинад, знæтдзинад æмæ катай. Уый та æхсæнад кæны æнæууæнк. Социологон наукæты доктор Лариса Паутова уый фæдыл загъта йæ хъуыдытæ:

– «Æхсæнадон цæстæнгас»-ы фонд æмæ Æхсæнадон цæстæнгас иртасыны æппæтуæрæсеон центр аразынц æрфæрстытæ, адæм кæй сæнæууæнк сты, уымæ гæсгæ сæ хатдзæгтæ æцæгдзинад æвдисæг не сты. Уый канд Уæрæсемæ нæ хауы, æнæхъæн дунейы дæр адæмы æууæнк дæлæмæ хауы. Канд хицаудзинадмæ, æхсæнадон цардмæ нæ, фæлæ бинонтæ, хæлæрттæ æмæ зонгæтæм дæр. Цы кæнын хъæуы уыцы уавæры? Иуæй, схицæн кæнын хъæуы хи, интернеты цы каналтæм бафыста адæймаг йæхи, уыдоны кæцыдæр хайæ. Уæд суæгъд уыдзæн, æгæр бирæ чи сси, уыцы информацийæ. Иннæмæй – цард куыд у, афтæмæй йæ райсын хъæуы, цард дæр афтæмæй аразын хъæуы, – у ахуыргонды хатдзæг.

Информацион хæст нæ рæстæджы æцæгдзинад у. Йæ ныхмæ лæууын хъæуы, мæнгдзинадæй æцæгдзинад æвзарын царды домæн у. Медиаæдасдзинад уымæй аразгæ вæййы: хъусынгæнинаг фæзынд, уæд уал æй базон, раст у æви фейк, стæй йæ уæд равæр. Нырыккон технологитæ фадат дæттынц канд дзыллон информацийы фæрæзтæн нæ, фæлæ кæцыфæнды адæймагæн дæр æрмæджытæ исын æмæ сæ интернеты дæттын. Сæ дзæвгар хай баст вæййы тас, знæтдзинад æмæ æндæр æппæрццæг монцтæ расайынмæ. Форумы практикон, дискуссион, стратегион ахуырты æвзæрст цыдысты, сæ не ‘руадзыныл архайд куыд хъуамæ цæуа, ууыл. Æппæт дæр баст у æдасдзинадимæ нæ нырыккон царды. Паддзахадæн, стæй æхсæнадæн ахсджиаг у ахæм специалисттæ цæттæ кæнын.

Форумы архайдтой регионты Рæзты управлениты центрты минæвæрттæ, уыдонæй иу – Стъараполы центры разамонæг Александра Силицкая:

– Кавказы информацион фæз сабыр никуы уыд, уымæ гæсгæ не знæгтæ арæх æрвитынц нæ регионмæ, адæмы кæрæдзийы ныхмæгæнæг информаци. Ахæм форумтæ та ахъаз сты нæ цæттæдзинад æмæ æмгуыстад æмбæлгæ æмвæзадыл дарынæн. Уый ахъаз у нæ куысты фейктæ иртасынæн, куы хъæуа, уæд та кæрæдзийы фарсмæ ‘рбалæууын дæр.

Уæрæсейæгты сæрмагонд æфсæддон операцийæ хабæрттимæ чи зонгæ кодта æмæ кæны, уыдоны – телеканал НТВ-йы æфсæддон уацхæссæг Алексей Ивлиев, газет «Известия»-йы æфсæддон уацхæссæг Денис Кулага æмæ форумы эксперт, телеканал «Russian Today»-ы шеф-редактор Дженнифер Ковтун бæстон радзырдтой медиафорумы архайджытæн æфсæддон журналистикæ æмæ кризисон коммуникациты архайды фæдыл. Уыцы темæйыл нæ газеты иннæ номыры цæудзæн бæстон ныхас таурæгъон Алексей Ивлиевимæ. Нæ кæсджыты базонгæ кæндзыстæм, сæрмагондæй нæ газетæн цы интервью ратта йæ цард æмæ ‘фсæддон уацхæссæджы куысты фæдыл, уыимæ.

Стъараполы телеканал «Свое ТВ»-йы тематикон программæты хицау Ирина Ивановскаяйы базонын фæндыд, сылгоймагæн æфсæддон журналист суæвынæн цы хъæуы, уый. Эксперттæ йын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй, журналист уæвгæйæ, хъуамæ ацæуай сæрмагонд медицинон курсытæ, æрмæст уый фæстæ дæ бон у æфсæддон журналистæй кусын.

– Цифрон æдасдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй. Æхсæнады зондахастыл æвзæрырдæм зынынц, цæмæй нæ хорз цардмæ бæлджытæн уыцы фадат ма уа, уый тыххæй сын сæ фæндæттæ афоныл хъуамæ сæ хъуыры фæбадын кæнæм, иуварс сæ кæнæм. Адæмæн æмбарын кæнын хъæуы, знаггад ракæныны охыл цы информаци дæттынц, уый цы хуызы ис рахатæн æмæ йæ парахат кæнын нæ уадзыныл кусын. Нæ телеканалыл æнæбæлвырдгонд хабæрттæ нæ дæттæм, æнкъарæнты уæлархайдæй ис æхсæнады хъуыдыкæнынад зыгъуыммæ кæнын, уымæй дæр хызт стæм. Информаци раст у æви нæ, уый, цалынмæ сбæрæг кæнæм, уæдмæ эфиры нæ рацæуы, – зæгъы Ирина.

– Ацы форум кæд комкоммæ баст нæу нæ архайдимæ, уæддæр арæх рауайы афтæ, æмæ, ме ‘мкусджытæ цы информаци ‘рбадæттынц, уый бахъæуы рахатын, раст у æви нæ. Бæрæг кæнæм, нæ кусджытæ, стæй пъырыстыфты службæ æрвылаз социалон хызæгтæй цы ист бæрæггæнæнтæ ‘рбарвитынц, уыдон. Бæстондæр мæ фæнды базонын, медиаæдасдзинадимæ баст фарстатыл куыд кусын хъæуы, уый. Ме ‘мкусджытæн сараздзынæн семинар, бакæсдзынæн лекци, цæмæй æцæг информаци фейкæй иртасой. Сæрмагонд æфсæддон операци цæуы ныр, рæстдзинад зонын ахсджиаг у, уæлдайдæр, нæ кусджытæ дæр дзы кæй архайынц, уый нæ разæнгард кæны ацы куыстмæ, – зæгъы Дагестаны УФССП-йы æдасдзинады хайады кусæг Гурият Курбанмагомедова.

Медиаты сæйрагдæр тасдзинад уый мидæг ис, æмæ хицаудзинады ахадындзинад фесафыныл кæй цæуы архайд, регионты уыцы фарста уæлдай ахсджиаг у. Адæмы æууæнк аразгæ у, информаци йæм чи хæццæ кæны, уыдонæй. Бафæлладысты, куыд сæ цæрын хъæуы, уыдæттæ сын чи амоны, уыцы блогертæй. Раздæр уыдысты дзыллон информацийы фæрæзтæ, æрмæгыл дзуапп чи дæтты, ахæм адæймæгтæ. Ныр алкæй бон дæр у цыфæнды дæр ныффыссын, скæнын æмæ йæ блогы раттын. Цæмæй йæ кæсджыты нымæц фылдæргæнгæ цæуа, ууыл у йæ хъуыды, адæмы зондахастæн уый цы дæтты, уый йæ не ‘ндавы. Политолог, регионалон политикæйы рæзты центры президент æмæ телеграм-каналы автор Илья Гращенков форумы архайджыты базонгæ кодта, медиа, блогтæ æмæ каналтæ аудиторийы цæстæнгас аздахыныл куыд архайынц, уыимæ.

Хабæрттæ цы бынат ахсынц, сæ нысан, аргъгонд сын куыд цæуы, афойнадыл æмæ рæстаг хъуамæ уой. Уый журналистæн иууыл ахсджиагдæр у йæ куысты.

– Хицаудзинад кæдфæнды дæр хъуамæ афойнадыл дзуапп дæтта, цы хабæрттæ дæттынц дзыллон фæрæзтæ, уыдонæн. Чысылдæр куы фæфæстæ кæной, кæнæ сæхи хъусæй куы дарой, адæм уыдæттæ хæстæг хæссынц сæ зæрдæмæ. Рæстæг ивы, йемæ – æппæт дæр, уыимæ, журналистикæ дæр. Фылдæр æрхуымхæссæг информаци цæуы адæммæ. Раздæр сæ лæвæрдта хъуыддагмæ дæсны адæймаг, ныр дзы чифæнды дæр хабæрттæ ацаразы, йæхицæй ма йыл бафтауы, афтæмæй. Уымæ гæсгæ къæрцхъус уæвын хъæуы, – у йæ хъуыды Мæхъхъæлы Республикæйы Президент æмæ Хицауады пресс-службæйы управленийы сæйраг специалист Хусейн Гагиевæн.

Цыппар боны ахуырты фæстæ масс-медиайы кусджытæ сæ хæдзæрттæм афæндараст сты, цы зонындзинæдтæ райстой, уыдонæй пайда хæсдзысты адæмы æдасдзинад, стæй, æмткæй райсгæйæ, сабыр цардæн.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here