Хъæлдзæг æмæ райдзастæй

0
13

Рæзгæ сабийы хъæлдзæг цæстæнгасæй адæймаджы зæрдæ барухс вæййы, йе ‘ппæт мæстытæ, хъыгтæ дзы айрох вæййынц. Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон сабитæ сæ ныййарджытæ, нанатæ æмæ бабатимæ, сæ хъомылгæнджытимæ раивылдысты Дзæуджыхъæуы, районты горæтты сæйраг фæзтæм, парктæм, сквертæм.

Æмæ куыд нæ, сывæллæтты бартæ, сæ сæрибартæ закъоны бындурыл уыдоны фæрцы хъахъхъæд цæуынц. Дзæуджыхъæуы, Хетæгкаты Къостайы номыл культурæ æмæ фæлладуадзæн парк знон хорз суазæг кодта æппæт сывæллæтты дæр. Бæрæгбон саразджытæ куыд амонынц, афтæмæй дыууæ боны дæргъы парчы кусдзысты тематикон фæзтæ, алыхуызон сæрæн хъæзтытæн дзы фадæттæ ссардзысты рæзгæ сабитæ.

Уæдæ сæ алкæмæ дæр уыд сæ арæхстдзинад равдисыны бар. Бавнæлдтой пряниктыл рæсугъд нывтæ кæнынмæ, хи армæй конд дзаумæттæ аразынмæ. Туризмы бындуртыл дзырдтой, амыдтой сæ, робототехникæйы хуызтæ кодтой æмæ æндæр цымыдисаг хъуыддæгты уæлхъус балæууыдысты.

Парк æмæ æндæр фæзты ма уыд бæрæгбоны æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ дæр, концерттæ, сфæлдыстадон коллективтæ дæр сæ арæхстдзинад æвдыстой. Æнæмæнг, нæ сабитæ сæ бæрæгбон арвыстой хъæлдзæг æмæ райдзастæй. Сæ алы бон дæр ахæм рæсугъд уæд!

Къамтæ систа Татьяна Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here