Социалон кусæджы боны агъоммæ бабæрæг кодтам Дыгуры районы цæрджытæн социалон лæггæдтæ кæныны паддзахадон бюджетон куыстуат. Куыстуаты ис, цæрджыты алы къордтæн алыхуызы социалон лæггæдтæ чи дæтты, ахæм аст хайады. Лæмбынæгдæр коллективы æрвылбон архайды тыххæй аныхас кодтам куыстуаты директор Беккуызарты Артем æмæ йæ хæдивæг Дарчиты Мæдинæимæ.
Артемы куыстуаты директорæй снысан кодтой 2021 азы. Разамынд дæтты 124 адæймагæн. Социалон куыст, зæгъгæ, куы фехъусæм, уæд нæ цæстытыл ауайынц кусæн уаты бадæг специалисттæ, фæлæ уый бынтон афтæ нæу. Коллективы фылдæр хай – сылгоймæгтæ æрвылбон, боныхъæды æууæлтæм нæ кæсгæйæ, ацæуынц, сæ зæрдыл æнæрæдыд цы адристæ дарынц, уыдоныл, æххуыс кæнынц ацæргæ адæмæн, инвалидтæн, фæллойы ветерантæн, иунæгæй чи цæры, уыцы æвæгæсæг хистæр кары адæмæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн.
Æмæ, кæд социалон кусджыты архайд æхсæнады ирдæй нæ зыны, уæддæр уый æвæры бындур социалон культурæ-йæн, адæймаджы уды хуыздæр миниуджытæ рабæрæг кæны, æххуыс кæны уыцы æхсæнадæн йæ тæккæ æнæхъахъхъæд къордтæн – ас адæм æмæ сывæллæттæн.
Дыгуры районы дæр ахæм æххуысхъуаг цæрджыты нымæц гыццыл нæу.
– Нæ коллективы ис 124 адæймаджы, уыдонæй 74 – социалон кусджытæ, кæцытæ æрвылбон араст вæййынц районы центр æмæ Къора-Урсдон, Хъарман-Сындзыхъæу, Дур-Дур, Мустыздæх æмæ станицæ Николаевскаямæ. Дигорайы чи кусы, уыдоныл фæдзæхст ис фæйнæ 11 адæймаджы, хъæуты чи архайы, уыдоныл та – фæйнæ авды. Ацæргæ адæймагæн дзурæг æмбал куы уа, уæддæр ын цины хос у, фæлæ ма йын йæ хæдзар куы афснайа, хæринаг куы скæна, цæхæрадоны куы акуса, дуканийæ йæ цы хъæуы, уыдæттæ куы ‘рбахæсса, уæд ын уый ахъаззаг æххуыс у. Рохуаты нæ зайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ æвæрæз бинонтæ, рынчын сывæллæттæ.
Иудадзыг куыст цæуы, социалон лæггæдтæ исын кæмæн æмбæлы, уыцы граждæнты сбæлвырд кæнын æмæ сæ хыгъдмæ бахæссыныл дæр. Æххуыс сын кæнæм, закъоны сусæгдзинæдтæ – фиддонтæ куыд фыст цæуынц æмæ сæ исын кæмæн æмбæлы, уыдæттæ сын амонынц.
Уæрæсейы Федерацийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады бардзырдмæ гæсгæ сарæзтам мобилон социалон службæ ацæргæ адæмæн æххуыс раттыны тыххæй. Службæйы æмгуыстады бадзырды бындурыл ис юрист, психолог, инвалидты реабилитаци кæныны специалист. Æрбахонæм администрацийы кусджыты дæр, дохтырты, Цæгат Ирыстоны социалон фæдзæхстад æмæ иннæ ведомствæты специалистты. Ацы азы фыццаг кварталы мобилон службæ 16 хатты уыд районы хъæутæ æмæ горæт Дигорайы. Мобилон службæйы машинæйæ, 65 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы граждæнты медицинон æххуыс райсынмæ, диспансеризацимæ фæхæццæ кæнæм районы медицинон куыстуæттæм, – радзырдта нын Беккуызарты Артем.
Куыстуаты бæстыхæйттыл æрзылдыстæм – ирд, сыгъдæг уæттæ, уæрæх кæрт – æфснайд. Бæрæг у, фидар фæтк дзы кæй ис, уый.
Дарддæр нæ ныхас уыд Дарчиты Мæдинæимæ. Уый нын сæ коллективы архайды тыххæй радзырдта, растдæр зæгъгæйæ та йæ равдыста нымæцты:
– Нæ социалон кусджыты нымæц хъуамæ уа 74, фæлæ ныртæккæ сты 67 адæймаджы, ис нæм уæгъд бынæттæ, Дигорамæ нæ хъæуы авд адæймаджы. Мызд сыгъдæгæй исдзысты 30 мин сомæй гыццыл фылдæр.
Ацы азы фыццаг кварталы æдæппæтæй 65998 социалон лæггады лæвæрд æрцыд 1023 адæймагæн, æвæгæсæг бинонтæ æмæ рынчын сывæллæттæн – 180. Нæ баргонд адæмы социалон къорды граждæнтæй се ‘нæниздзинад фæфидардæр кæнынмæ азы фыццаг кварталы республикон Геронтологон центрмæ арвыстам фараст адæймаджы.
Лæмбынæг каст цæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæм. Æдæппæтæй сæ нымæц у 240, уыдонимæ мобилизацигонд хæстонты – 56, 103 – бархионты, 50 – чи фæмард, уыдоны, 9 – æбæрæгæй фесæфæг æмæ 22 – демобилизацигонд хæстонты бинонтæ. Алы бинонтæн дæр сарæзтам социалон паспорт. Алкæуыл дæр дзы фидаргонд ис, цы фарстатæ æмæ сæм къуылымпыдзинæдтæ сæвзæры, уыдон аиуварс кæнынæн дзуапдæттæг кусæг. Сæ хæдзæртты сæ бæрæг кæны мобилон службæ дæр, дæтты сын алывæрсыг социалон, барадон æмæ психологион æххуыс. Афтæ, азы фыццаг кварталы мобилон службæ бабæрæг кодта 39 бинонты. Лæвæрд сын цæуы барадон æххуыс. Зæгъæм, 15 бинонтæн баххуыс кодтам социалон æмæ æндæр фиддонтæ райсыны тыххæй хъæугæ гæххæттытæ саразынмæ, 15 бинонтæн раттам хæлцы продукттæ.
Рынчын æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæтты дæр рохуаты нæ уадзæм. Арæх сын саразæм хъæлдзæг бæрæгбæттæ, раттам сын лæвæрттæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонмæ, æрæджы та – Сывæллæтты хъахъхъæнæн дунеон бонмæ. Нæ бон цæмæй у, уымæй сæ рæвдыдхъуаг нæ уадзæм, – загъта Дарчиты Мæдинæ.
Социалон кусджытæ кæмæ кæсынц, уыцы ацæргæ адæм æхца фидынц, æмæ, кæд фидынц, уæд цæй тыххæй, зæгъгæ, уыцы фарстæн Мæдинæ ратта ахæм дзуапп: – Йæ материалон уавæр къуындæг кæмæн у, уыдонæн лæггæдтæ сты лæвар, фæлæ, зæгъæм, йæ къух кæмæн амоны, уыдонæн нæ социалон кусджытæ уагæвæрдмæ гæсгæ уæлæмхасæн лæггæдтæ раттынц. Се ‘ргътæ бæрзонд не сты, афтæмæй сын сæ бон у бафснайын – рудзгуытæ ныхсын, цæхæрадоны куыстытæ бакæнын, сæ фиддонтæ сын бастдзинады хайады бафидын, дуканийæ сын хъæугæ продукттæ ‘рбахæссын, хæринаг скæнын æмæ афтæ дарддæр.
Артем æмæ Мæдинæ æмдзыхæй дзырдтой, се ‘ппæт кусджытæ дæр сæ размæ æвæрд хæстæм бæрнон цæстæй кæй кæсынц, раппæлыны аккаг кæй сты, фæлæ дзы ракуырдтам, уæддæр дзы газеты фæрстыл искæй нæмттæ разынæд, зæгъгæ. Куыд сбæрæг кодтам, афтæмæй хуыздæрты рæгъы сты: Татьяна Израилова, Сокаты Ритæ, Байты Фатимæ, Мæрзойты Ирæ, Аркъауты Шурæ, Калоты Майя… Се ‘ппæт ранымайынæн æгæр бирæ сты, фæлæ ацы æнгом коллективæн, уыдонимæ та нæ республикæйы æппæт социалон къабазы кусджытæн зæрдиаг арфæ кæнæм сæ профессион бæрæгбоны фæдыл. Нæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, сабыр арвы бын фæрныг, амондджын цард. Кæуыл узæлут, уыдонæн ныфсы хос стут, æмæ сын цы хъармдзинад дæттут, уый уæм хорздзинæдтæй здæхæд!
ГАПБАТЫ Алетæ














