Цæмæй нæ хистæртæ рæвдыд уой

0
9

Кæмæ цы хъысмæт кæсы, уый ничи зоны. Кæддæры сæрæн сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ сæ кары бацæуынц, низтæ сыл стыхджын вæййынц, æмæ сæ уæд, æнæмæнгæй, фæхъæуы искæй æххуыс. Цæмæй нæ хистæртæ буц æмæ рæвдыд уой, уый тыххæй сæ фарсмæ балæууынц социалон службæйы кусджытæ.

Камбилеевкæйы  цæрæг, фæллойы ветеран Галина Купина хауы хистæр фæлтæрмæ. Зындзинæдтæ куыд нæ федта 81-аздзыд сылгоймаг, фæлæ райдзастæй кæсы цардмæ. Райгуырд дард Новосибирскы облæсты, фæлæ бирæ азты размæ йæ амонд ссардта Ирыстоны – Гæбæраты мыггаджы. Йæ цардæмбалимæ схастой лæппу æмæ чызг. Галина бирæ уарзы йæ хъæбулы хъæбулты. Кæстæртæ рохуаты нæ уадзынц Галинайы, фæлæ цæргæ æмæ кусгæ æндæр рæтты кæнынц. Галина бирæ рæстæг бакуыста посты хайады хицауæй, хæларæй цард адæмимæ.

– Иунæгæй ницы бакæнин, – загъта Галина. – Стыр бузныг дæн нæ хъæуы социалон кусæг Джиоты Фатимæйæ. Мæн хуызæн æвæгæсæг адæмæн зæрдиаг лæггад кæны. Фатимæ никуы ницæмæй бацыд мæ зæрдæхудты, йæхицæй цæстуарзондæр, æнæзивæгдæр нæй, у хæларзæрдæ адæймаг. Мæ алы курдиат дæр уайтагъд сæххæст кæны. Уыимæ, тынг хъæлдзæг у. Йæхицæн ис стыр бинонтæ, фæзминаг кæстæртæ, фæлæ мах рохуаты нæ уадзы. Мæ сусæг ныхæстæ, мæ сагъæстæ дæр уымæн фæкæнын. Æнæзивæгæй алы куыст дæр кæны, мæ хæдзары къуымтæ мын сыгъдæг дары.

Галина бузныг у Горæтгæрон районы адæмæн социалон лæггæдты центры разамындæй. Саразынц сын хъæлдзæг концерттæ, æрæджы та балцы уыдысты Уæлладжыры комы, бабæрæг кодтой сылгоймæгты моладзандон, сбуц сæ кæнынц чысыл лæвæрттæй.

– Уæ куыст æнцон нæу, уый зонын, фæлæ дзы æхсызгондзинад исыс? – бафарстон Фатимæйы.

– Мæ бацыдмæ тынг фенхъæлмæ кæсынц, мæ бæрны цы 10 адæймаджы ис, уыдон. Сæ хъысмæт, сæ зæрдæйы уаг алыхуызон у. Цыбырты Азæйыл цæуы 86 азы, цæргæ-цæрæнбонты зæрдиагæй фæкуыста дзулфыцæн цехы. Мулдарты Славик æмæ йæ бинойнаг Зæлинæйæн сæ уарзон хъæбул фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы. Рыстзæрдæ æмæ рынчын сылгоймаг у Гæбæраты Светланæ. Йæ фырт Димæ ацыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ æмæ нал сыздæхт. Се ’хсæн ис инвалидтæ дæр. Мæхæдæг йæ рæстæджы сахуыр кодтон Дзæуджыхъæуы медицинон училищæйы, уыцы зонындзинæдтæ мæ арæх бахъæуынц. Алкæмæ дæр сæ фæлмæн дзурын, ницы хъуаг сæ уадзын. Карджын адæмæн сæйрагдæр у ныхасæмбал. Фæрсæй-фæрстæм куы абадæм, уæд сын уый дæр æхсызгон вæййы.

Дохтыры æххуыс сæ арæх бахъæуы. Ахæм рæстæг иумæ ацæуæм поликлиникæмæ, хостæ сын балхæнын, сæ хъалонтæ сын бафидын, дуканийæ, цы хъæуы, уый æрбахæссын, фæзæгъын сын, дзурут мæм цыфæнды афон дæр, æмæ уыцы æнгом бастдзинад æххуыс у мæ куысты.

Фатимæ 42 азы цæры Камбилеевкæйы. Уыдонæй 17 азы лæггад кæны хъæубæсты хистæр фæлтæрæн.

Æнгом æмæ стыр бинонты рæдаукъух æфсин схъомыл кодта цыппар лæппуйы æмæ чызг, цин кæны йæ хъæбулы хъæбултыл. Рустам, Роберт, Ренат, Хетæг æмæ Регинæ царды рæсугъд фæндагыл æрлæууыдысты. Сæ ныййарджыты фарн æмæ кад бæрзонд хæссынц.

– Кæддæриддæр мæ куыстмæ цæуын æхсызгонæй. Зæрдæйæ уарзын, мæ бæрны цы ацæргæ адæм ис, уыдоны. Бузныг дæн нæ центры разамонæг Токаты Маринæйæ, фыццæгæм дæлхайады хицау Гæбæраты Венерæйæ. Бæрæгбоны арфæ кæнын ме ’мкусджытæн се ’ппæтæн дæр, – загъта Фатимæ.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here