12 июнь — Уæрæсейы Бон

0
28

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы кадджын цæрджытæ!

Зынаргъ æмбæлттæ!

Зæрдæбынæй уын паддзахады сæйраг бæрæгбон – Уæрæсейы Боны тыххæй арфæ кæнын. Уый ма нын дæтты нæ цытджын бæстæйы хъæздыг истори, йæ хъæбатыр ивгъуыд, дунеон цивилизацимæ йæ ахадгæ бавæрæн æрымысынæн фадат.

Уæрæсейы Бон хуымæтæг ничи схондзæн, къæлиндары бæрæг дары. Уый у сæрибары, нæ Райгуырæн бæстæйы иудзинады, сæрыстырдзинады бæрæгбон. Æмхуызонæй тырнæм хæрзтæм, æнтыстытæм, хæдбардзинадмæ. Æнæмæнг, кад кæнæм нæ бирæнацион адæмæн, сæ фыдæбонæй, курдиатæй, лæгдзинадæй Фыдыбæстæ чи арæзта, уæрæсейæгты уыцы бирæ фæлтæртæн. Нæ рагфыдæлтæ цы стыр хъуыддæгтæ сарæзтой, уыдонæй нырыккон наукон, культурон æмæ техникон æнтыстытæй мах сæрыстыр стæм, нæ цытджын бæстæйы æнæфехæлгæ хай кæй стæм, уымæй, ныры æмæ фидæны раз нæ бæрнондзинад æмбарæм.

Зонæм æй, нæ тых нæ иудзинады ис. Истори уый бирæ хæттыты равдыста, æрмæстдæр иумæ, æрбангом уæвгæйæ, Уæрæсейы адæмыл фæуæлахиз уæвæн нæй! Абон нæ хæстонтæ раззагдæр хаххыл æвдисынц иудзинад, хъахъхъæнынц паддзахады хæдбардзинад æмæ æдасдзинад. Фæсчъылдымы чи ис, уыдон та фронтæн æххуыс кæнынц. Мах иумæ цавæрфæнды æвзарæнты сæрты дæр ахиздзыстæм.

Зынаргъ æмбæлттæ! Мæ зæрдæ сымахæн, уæ бинонтæн зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырдзинад, фарн. Нæ Райгуырæн бæстæ æмæ Ирыстонæй  сæрыстырдзинад нын раттæд ног æнтыстытæ. Сабырдзинад æмæ хорздзинæдтæй хайджын ут! Уæрæсейы Боны хорзæх уæ уæд!

 Сергей Меняйло,

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы
Сæргълæууæг

 

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

РЦИ-Аланийы Парламент æмæ уын мæхи номæй арфæ кæнын Уæрæсейы Боны тыххæй!

Бæстæйы сæйраг бæрæгбон æвдисы национ иудзинад, фæлтæрты ‘хсæн бастдзинад, Райгуырæн бæстæйыл бæрнондзинад. Ацы бон сæрыстыр стæм нæ Фыдыбæстæйæ, йæ кадджын ивгъуыдæй, æвæджиауы культурон æмæ удварны бынтæй.

Уæрæсейы ивгъуыд дзаг у уæлахизтæй, наукон ногдзинæдтæй, культурон æнтыстытæй, фæллойæ. Ацы бон мах кад кæнæм нæ хистæртæн, уыдон сарæзтой хъомысджын бæстæ, бахъахъхъæдтой йæ хæдбардзинад. Абон нæ бæстæйы сабыр фидæн хъахъхъæнынц  хæстонты ног фæлтæртæ, æвдисынц æцæг патриотизм, цы хæс сыл æвæрд ис, уый сыгъдæгæй æххæст кæнынц.  Сæ уды хъомысыл дис кæнæм, райгонд сæ стæм.

Уæрæсейы адæмты иудзинады аз ацы бæрæгбонæн ис уæлдай ахадындзинад, бирæнацион бæстæйы тых йæ адæмæй у, сæ иудзинадæй, се ‘нæбасæтгæ хъомысæй. Нæ алкæй хæс дæр у нæ цытджын бæстæйы сæраппонд кусын, аккаг фæлтæртæ хъомыл кæнын.

Уæрæсейы Боны арфæтæ райсут, зынаргъ ирыстойнæгтæ, мæ зæрдæ уын зæгъы сабыр цард, хорздзинæдтæ æмæ фарн!

 Тускъаты Таймураз,

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here