Мыдадзын цырæгътæ – фронтæн

0
43

Мæздæджы районы цæрджытæ сарæзтой акъоппытæн мыдадзын цырæгъты парти æмæ сæ цæттæ кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг не ‘мзæххонтæн арвитынмæ.

Цырæгътæ цæттæ кодтой Социалон лæггæдтæдæттæн комплексон центры национ проект «Бинонтæ»-йы фæлгæты арæзт мастер-классы. Мадзалы архайджытæн биноныгæй бавдыстой сæ аразыны технологи, бамбарын кодтой, быдыры уавæрты хæстонтæн уый рухс æмæ хъармы дæргъвæтин æнæфæсайгæ гуырæн кæй у.

Регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло зæрдиаг арфæ ракодта, хæсты быдыры знаджы ныхмæ тохгæнæг æфсæддонтæн чи æххуыс кæны, уыцы граждæнтæн.

«Стыр бузныг зæгъын, Уæрæсейы сæраппонд тохгæнæг лæппуты фарсмæ чи балæууы, алывæрсыг æххуыс сын чи бакæны, нæ республикæйы уыцы цæрджытæн. Уæлдай тынгдæр хæстонтæ æнхъæлмæ кæсынц ахæм æххуысмæ сæ уарзон Ирыстонæй», – йæ телеграм-каналы ныффыста Сергей Меняйло.

 Бутаты Азæмæт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here