Такси æмæ логистикæ, хæрзуынддзинады къабаз, арæзтад æмæ æрвылбоны лæггæдтæ, хиконд дзаумæттæ, рекламæ æмæ маркетинджы къабæзты йæхицæн чи кусы, уыцы адæймæгты нымæц нæ республикæйы азæй-азмæ фылдæр кæны. Абоны онг регистрацигонд æрцыд 69,9 адæймаджы. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы аз 2 июнмæ уыдон республикæйы бюджетмæ раттой 118 миуан сомы, уый, фаронимæ абаргæйæ, у 34,7 проценты фылдæр.
Ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты уæлæдарæс хуыйæн æмæ цалцæггæнæн ателье «Сыгъзæрин æнгуырстуан»-ы лæггæдтæй Дзæуджыхъæу æмæ хъæуты цæрджытæй бирæтæ пайда кодтой. Уæдæй рацыд 25 азы, ательейæн ивд æрцыд йæ исбонады хуыз. Ныр дзы кусынц, Бабаты-Дауиаты Альбинæ йæ алыварс кæй æрбамбырд кодта, уыцы фæлтæрдджын, куыстуарзаг мастер-хуыйджытæ.
– Ацы аз ныл æххæст кæны дыууын фондз азы. Астæй стæм, алчидæр нæ йæхицæн кусы. Уæлæдарæс хуыйæм, цалцæг æй кæнæм. Ме ‘мбæлттæ иууылдæр æвзаргæ хуыйджытæ сты, алцæмæдæр иттæг хорз арæхсынц, – зæгъы Альбинæ.
Социалон хызæгты сæ рекламæйы охыл не ссардзæн адæймаг. Рекламæ хъуаг не стæм, алкæмæн дæр ис йæхи клиенттæ, бирæ азты дæргъы кæмæн лæггад кæны, ахæмтæ, зæгъгæ, нын бамбарын кодтой кусæндоны. Сæ æвæллайгæ куысты фæрцы сæ фылдæрæй-фылдæр адæм базонынц, уый та цыфæнды социалон хызæджы уæвынæй дæр ахадгæдæр у. Хатт дзы æнæраст, хиппæлыны фæдыл информаци дæр бирæ вæййы, алцыдæр рабæрæг вæййы, сæ лæггæдтæй спайда кæнынмæ куы бацæуынц, уæд.
– Куыстуаты истори райдыдта 2001 азы. Экономистыл сахуыр кодтон, фæлæ мæм хорз каст уæлæдарæс хуыйын. Бацыдтæн хуыйджыты курсытæм. Æвæццæгæн, туг хæссы: мæ фыдымад хорз хуыйæг уыд, уымæ гæсгæ бауарзтон ацы дæсныйад. Раздæр чысыл æндæрхуызон уыд нæ архайд: уыд дзы кæрдæг, йæхицæн райста, нырма æрыгон чи уыд, фæлтæрддзинад кæмæ нæ уыд, ахæм чызджыты. Стæй уæд мæхæдæг иу иннæйы фæдыл райдыдтон куыстмæ исын. Куы-иу федтон арæхстджын чызджы, уæд-иу æм фæдзырдтон, рацу махмæ, зæгъгæ. Афтæмæй нæ рауад, бирæ азты кæрæдзи фарсмæ чи кусы, ахæм хъомысджын къорд. Цы ном скодтам нæхицæн, уый ныр æнæ мах æххуысæй кусы, – сæ архайдимæ нæ дарддæр зонгæ кæны Альбинæ.
Официалон æгъдауæй ателье нал сты, сæхицæн чи кусы, уыцы статусмæ гæсгæ фæллой кæнынц. Афоныл фидынц хъалонтæ, сæ куыстæй рухс у сæ зæрдæ. Ныры дуджы ма адæймаг хуыздæр цæмæ хъуамæ бабæлла. Йе ‘мкусджыты тыххæй ра-
дзурын Альбинæйы куы ракуырдтам, уæд цингæнгæ райдыдта йæ ныхас:
– Креативон директор Лазарты Оксанæ йæ бакастæй дæр бæрæг у. Нæ уарзынц ме ‘мбæлттæ, куы сæ феппæлынц, уый. Интернеты дæр ма нæ раздæры ательейы ном ис ссарæн, æндæр социалон хызæгты не ‘вдисæм нæдæр нæхи, нæдæр нæ архайд. Ныр демæ ныхас кæнын, мæ хъуыдытæ та, мæ куыст тагъддæр цæмæй фæуон, цæмæй клиенты ‘рбацыдмæ йæ дзаума цæттæ уа, æмæ нæ разыйæ баззайа, уыимæ сты, – зæгъы Дауион. Уый сæйрагдæр у сæ куысты, ууыл æнцайы сæ æппæт архайд дæр!
ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
авторы ист къам














