Дзæуджыхъæуы уыд политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады 38-æм конференцийы фыццаг хай. Архайдтой дзы амынд хайады нымæрдар, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Политикон советы уæнгтæ, депутаттæ, стæй республикæйы æппæт районтæй делегаттæ.
Сергей Меняйло йе ’ргом аздæхта партийы рагагъоммæйы хъæлæскæнынады бæрæггæнæнтæм, Паддзахадон Думæйы депутатты æвзæрстытæм цæттæ кæныны хъуыддагмæ, стæй, «Иугонд Уæрæсе»-йы Адæмон программæ куыд æххæст кæнынц, уымæ. Уымæй уæлдай, партийы уæнгтæ хæстæг æмгъуыдмæ куысты пълан сбæлвырд кодтой.
– Сентябры уыдзысты бæстæйы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы депутатты æвзæрстытæ. Æнхъæлмæ нæм кæсы вазыгджын æвзарæн кампани. Æвзарджыты фылдæр хай махыл цæмæй схъæлæс кæной, партийы регионалон хайад йæ размæ раздæрау ахæм хæс æвæры. Æвзæрстытæ хъуамæ ацæуой иттæг æргомæй æмæ закъонон уагæй. Æддагон тыхтæ æппæт Уæрæсейы (уыимæ – нæ республикæйы дæр) уавæр сызмæнтынмæ кæй хъавынц, уый нымайгæйæ, æргом æвзæрстытæн ис уæлдай стырдæр ахадындзинад, – загъта Сергей Меняйло.
Хицауы бынатахсæг адæймаджы ныхасмæ гæсгæ, фидæны æвзæрстыты рæстæг парти чи бавдисдзæн, мартъийы кæрон «Иугонд Уæрæсе» сарæзта уыцы кандидатты равзарыны фæдыл рагагъоммæйы хъæлæскæнынад. Ацы хъæлæскæнынады архайдтой 52 мин цæгатирыстойнагæй фылдæр. Паддзахадон Думæйы ныры депутаттæ Мæхъиты Зураб æмæ Таймазты Артур систы хъæлæскæнынады раздзогтæ.
Партийы регионалон хайады нымæрдары ныхасмæ гæсгæ, «Иугонд Уæрæсе» ног Адæмон программæ аразыны куыст дарддæр æххæст кæны. Ныридæгæн цæгатирыстойнæгтæ 8 мин фæндонæй фылдæр æрæмбырд кодтой. Ацы фæндæттæ бар дарынц территоритæ аив кæныны, ахуыргæнæндæттæ бындуронæй цалцæг кæныны, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæнын æмæ æндæр хъуыддæгтæм.
– Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы куыст дарддæр æххæст кæнын æмæ партийы ахадгæ Адæмон программæ саразынæн фылдæр фæндæттæ барвитын æмбæлы. Æхгæд æмбырдты заман нæ, фæлæ дзыллæты фæндæтты бындурыл кæй саразой, фидæны æвзæрстытæм ахæм программæимæ кæй ацæудзыстæм, уый нымайгæйæ, ацы хъуыддагæн ис уæлдай фылдæр ахадындзинад, – бафиппайдта Сергей Меняйло.
Цæгат Ирыстон партийы 23-æм æппæтуæрæсеон съезды чи бавдисдзæн, конференцийы архайджытæ æртæ ахæм делегаты: партийы регионалон политсоветы уæнг, фыццаг вице-премьер Отарты Георгийы, стæй «Иугонд Уæрæсе»-йы райдиан хайæдты нымæрдартæ Хъуысаты Вероникæ æмæ Сергей Шиленкойы – равзæрстой. Партийы съезд уыдзæн 28 июны Мæскуыйы.
Санаты Альбинæ














