Ахадгæ уынаффæтæм æркастысты

0
53

Хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæн арæзт æрцыд радон æмбырд республикон проект «Фæткæвæрæн практикæтæ æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнтæн»-ы фæлгæты.

Ацы хатт сæ профессионалон фæлтæрддзинадæй æмбырды архайджыты фæхайджын кодтой РЦИ-Аланийы Хъæууон хæдзарады министрады кусджытæ.

Æмбырды архайдтой Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов, стæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Бясты Игорь.

Йæ раныхасы Александр Реутов фæбæрæг кодта, экономикæйы æппæт къабæзты программæтæ хъомысджынæй царды рауадзын æнгом баст кæй у административон разамынды хæрзхъæддзинадимæ. Куыд загъта, афтæмæй, хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнтæ цы мадзæлттæ аразынц, уыдонмæ лæмбынæг хъус дарын, аккаг аргъ сын скæнын æмæ сæ хуыздæртæй пайда кæнын хъæуы.

Хъæууон хæдзарады министрад æмбырды архайджыты размæ рахаста, Цæгат Ирыстоны агропромышленнон комплексы куыстыл хорзырдæм чи фæзындзæн, йæ рацарæзтæн чи фæахъаз уыдзæн, ахæм инновацион ахастытæ æмæ куыстыл ахадгæ уынаффæтæ. Министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Мæхъиты Алан йæ раныхасы фæбæрæг кодта, министрад абон банымайын кæй æмбæлы, рæстæджы домæнтæн дзуапп раттын йæ бон кæмæн у, агропромышленнон комплексы ахæм нырыккон фæткæвæрæн иуæгыл.

Сессийы фæлгæты ма ныхас цыди кадрты нымæц фæфылдæр кæныныл – бæлвырддæр та, хъæууонхæдзарадон къабаз сифтонг кæнын дæсны специалисттæй. Ноджы ма йæ архайджытæ ацыдысты тесттæ, разамынд дæттыны фарстытæн дзуаппытæ раттой.

Уæлдай æргом сессийы аздæхтой темæ «Ног цæстæнгас æнæхъæугæ нæ вæййы»-мæ æмæ дзы республикон программæ «Ирыстоны æхсар»-ы архайæг Икъаты Юри паддзахадон службæйы йæ фæлтæрддзинады тыххæй лæмбынæг радзырдта.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, проект «Фæткæвæрæн практикæтæ хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнтæн» царды уагъд кæй цæуы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй æмæ арæзт у, нæ республикæйы экономикæйы раз цы нысантæ лæууы, уыдон сæххæст кæнынмæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here