Хъæуы ма йыл бакусын

0
35

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз Пятигорскы «ТАСС-Кавказ»-ы пресс-центры куыд загъта, афтæмæй, республикæйы цы туристон илци (сбор) фидаргонд æрцыд, уый бавдыста, уынаффæ раст кæй уыд, уый.

Йæ ахадындзинад регионы экономикæйыл ныридæгæн хорзырдæм фæзынд – уыцы фæрæзтæй цалцæггонд цæуынц алыхуызон объекттæ, курорты уавæртæ нырыккон домæнтæм гæсгæ нывыл кæнынц.

Фæлæ, Тускъайы-фырты хъуыдымæ гæсгæ, уыцы илци алкæмæй æмхуызон исгæ нæу, уæлдайдæр, ныхас бирæсывæллонджын бинонты тыххæй куы цæуа, уæд. «Сывæллæтты туризм, фыццаджыдæр, рæзгæ фæлтæрæн ахъаз у нæ бæстæ хуыздæр базонынæн, Цæгат Ирыстоны Национ музеймæ бацæуынæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй равæрд экспозицитæм лæмбынæг æркæсынæн… Æмæ, æвæццæгæн, æрыгон адæймагæй туристон илци æмбырд кæнын раст хъуыддаг нæу», – фæбæрæг кодта Парламенты Сæрдар.

Тускъаты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, туристон илци регионы экономикæйæн ахъаз у, фæлæ ма йыл бакусын хъæуы, цæмæй уыцы æхцайы фæрæзтæ уæлæмхасæн уаргъæй ма æрæнцайой бинонтыл. Парламенты Сæрдар ма фæбæрæг кодта, сывæллæтты туристон илцийæ суæгъд кæнын, уыимæ, бирæсывæллонджын бинонты дæр, нырма æрмæст хъуыды кæй у, æмæ йыл ныртæккæ куыст кæй цæуы.

ДАТИТЫ Ольгæ,
15-æм РЕГИОН

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here