Рассветæй рацæуæгæн – кад

0
57

Нырыккон ирон интеллигенцийы курдиатджын минæвæрттæй иу, ахуыргонд, журналист, литературæиртасæг  Хозиты Раждены фырт Барисыл 15 июны сæххæст 70 азы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Хозийы-фыртæн йæ юбилейы фæдыл бирæтæ раарфæ кодтой. Æрыдоны районы йæ райгуырæн Рассветы хъæуы та йын раттой «Рассветы хъæуы кадджын гражданин»-ы ном. Барисæн кадджын ном раттой ирон æвзаг, литературæ æмæ æгъдæуттæ хъахъхъæныны хъуыддагмæ стыр æвæрæн бахæссыны тыххæй.

Рассветы администрацийы сæргълæууæг Бирæгъты Вадим юбиляры тыххæй загъта:

– Барисæн йæ райгуырæн хъæуы цæрæг адæм стыр кад кæнынц. Хозийы-фырт йæ царды фылдæр хай кæд Дзæуджыхъæуы æрвиты, уæддæр ын йæ райгуырæн хъæуимæ ис фидар бастдзинæдтæ, нæ цины æмæ хъыджы хъуыддæгты заман махимæ вæййы. «Рассветы хъæуы кадджын гражданин»-ы ном кæмæн раттам, Барис у фыццаг ахæм адæймаг, æмæ ацы æууæл дзурæг у, Хозийы-фыртæн стыр кад кæй кæнæм, ууыл.

– Мæ райгуырæн «Рассветы хъæуы кадджын гражданин»-ы ном мын кæй раттой, уыцы хабарыл æхсызгонæй сæмбæлдтæн. Чи мæм ис, уыцы хæрзиуджытæй ацы кадджын ном нымайын æппæтæй зынаргъдæрыл. Кадджын ном цæмæй ма сæгад кæнон, æппæт гæнæнтæй ууыл архайдзынæн. Ацы цаумæ бардарæг æппæт адæмæн – стыр бузныг, – загъта Хозийы-фырт.

Патриотон клуб «Райгуырæн бæстæ» Бирæгъты Вадимæн бахаста Хозиты Барисæн «Рассветы хъæуы кадджын гражданин»-ы ном раттыны фæндон. Бирæгъы-фырт ацы хъæппæрисыл æхсызгонæй сразы. Кæй зæгъын æй хъæуы, Барис ноджы кадджындæр хæрзиуджыты аккаг у. Хозийы-фыртæн канд рассветæгтæ нæ, фæлæ æппæт Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм дæр стыр кад кæй кæнынц, уымæн мæхæдæг бирæ хæттыты æвдисæн уыдтæн.

Барис! Дæ юбилейы фæдыл дын зæрдиаг арфæ кæнын! Ноджыдæр ма бирæ азты дæргъы дæ уарзон адæмы фæрныгады сæраппонд цæмæй æнтыстджынæй фæллой кæнай, уый дын мæ зæрдæ зæгъы!

Хъарданты Тимур

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here