Парламентон Ассоциацийы конференци

0
40

Цæгат Ирыстоны сенатор Федерацийы Советы Виталий Назаренко Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойы амындæй архайдта Цæгат Кавказы XIII Парламентон Ассоциацийы конференцийы Дагестаны.

Конференцийæ рауад Уæрæсейы закъонæвæрынадон субъектты æмныхасы фæзуат, регионтæ сты Цæгат Кавказы федералон зылды хæйттæ. Куысты ма балæууыдысты Донецкаг Адæмон Республикæйы минæвæрттæ дæр.

Виталий Назаренко раныхас кодта Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойы номæй. «Мæ зæрды ис регионалон парламентариты æмбаргæ архайды фæткæн аргъ скæнын. Нæ бæстæйы Адæмты иудзинады аз æргом аздахын хъæуы нациты ‘хсæн разыдзинад фидар кæнынæн закъонæвæрынадон хъæппæристæ æмæ сæ царды рæсугъдæй уадзыны хъуыддагмæ, уæрæсейаг гражданин уæвынмæ, иудзинадмæ, нæ адæмы æмуддзинадмæ. Мæн уырны, Цæгат Кавказы федералон зылды закъонæвæрынадон оргæнтæ уæрæсейаг парламентаризм хуыздæр кæнынмæ стыр бавæрæн кæй хæсдзысты, барадон паддзахад фидардæр кæй кæндзæн, регионты социалон-экономикон рæзт кæй цæудзæн, уый», – загъд ис Валентина Матвиенкойы ныхасы.

Конференцийы программæ хъæздыг уыд алыхуызон хъуыддæгтæй, фæлæ уæлдай æргом аздæхтой Цæгат Кавказы федералон зылды регионты социалон-экономикон рæзты сæйраг рахæцæнтæм. Æркастысты паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ царды уадзыны фарстайыл. Уыдоны фæрцы граждæнты царды уавæртæ зынгæ фæхуыздæр уыдзысты.

Темæтæй сæйрагдæр уыд иумæйаг барадон фæзуат саразынæн закъонæвæрынадон бындуртæ бацæттæ кæнын, граждæнтæн æххуысы мадзæлттæ аразын, бирæсывæллонджын бинонты уавæртæ хуыздæр кæнын, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонты ахсджиаг фарстатæ уайтагъд лыг кæнын.

Виталий Назаренко конференцийы кæронбæттæны куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы фæзуат ссис фарстатæн комкоммæ дзуаппытæ ссарыны бынат. «Регионты минæвæрттæ ацы ныхасы кæй архайдтой, уымæй йæ ахъаз бæрзонд у. Сæ бон уыд сæ хъуыдытæ, хатдзæгтæ, сæ фæндæттæ рæгъмæ рахæссын, афтæмæй нæ бон бауыдзæн тыхстаг фарстатæ алыг кæнынæн ахадгæ уынаффæтæ рахæссын. Цæгат Кавказы Парламентон Ассоциаци нырмæ дæр йæхи практикон уагæй равдыста, регионты ‘хсæн ахастытæ ноджы фидардæр кæндзысты», – загъта сенатор.

Æлборты Зæлинæ,
сенаторы æххуысгæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here