Æнгом æмгуыстады бындурыл

0
50

Уæрæсейы Æрдзы министрады программæты Цæгат Ирыстоны архайды тыххæй цыди ныхас РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ Уæрæсейы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министры фыццаг хæдивæг Джамбулат Хатуовы кусæг фембæлды рæстæг Мæскуыйы.

Бæлвырддæр зæгъгæйæ, æркастысты Дзæуджыхъæу æмæ Суадаг, Ногхъæуы доныбылтæ фидаргæнæн амаддзæгтæ саразыны фарстатæм. Ацы объектты уавæрмæ æркæсын бафæдзæхста   Уæрæсейы Президент Владимир Путин республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ фембæлды

Уымæй уæлдай ма Дзанайты Барис æмæ Джамбулат Хатуов ныхас кодтой  æдзæллаг уавæрмæ чи æрцыд рæстæджы цыдимæ, уыцы барражтæ, доныбылтæ фидаргæнæн амаддзæгтæ æмæ донмарæнты бындурон цалцæджы мадзæлтты тыххæй.

Сбæлвырд кодтой, регионы районты фыццаг рады фесафын кæй хъæуы, æрдзæн стыр зиандæттæг Паддзахадон реестрмæ хаст ахæм 12 объекты. Уый саразын къухы бафтдзæн федералон проект «Генералон æфснайæн»-ы фæрцы.

Уымæй уæлдай ма кусæг фембæлды æркастысты хъæбæр коммуналон æппарæнты, профилон инфраструктурæ нырыккон уагыл рацаразыны, контейнертæ балхæнын æмæ сæ сæвæрынæн фæзуæттæ бацæттæ кæнынмæ.

– Цæгат Ирыстон æрдзон ххæзнатæй хъæздыг регион у. Æмæ мах хæс у æрмæст сæ бахъахъхъæнын нæ, фæлæ сæ фæфылдæр кæнын. Уый тыххæй тынг стыр куыст цæуы. Æрмæст ацы аз республикæйы Уæрæсейы Æрдзы министрады программæты фæлгæты арæзт æрцæудзæн 380 милуан сомы аргъ алыхуызон мадзæлттæ. Фæрæзтæ лæвæрд æрцæудзысты Дзуарыхъæуы доныбылтæ фидаргæнæн амаддзæгтæ саразынæн. Уымæй уæлдай ма фæуыдзысты Бехъаны цады донмарæны цалцæггæнæн куыстытæ, стæй ссыгъдæг кæндзысты Фыййагдон æмæ Урсдоны донвæдтæ. Ныридæгæн кæронмæ æрхæццæ Беслæн Теркæй бахъахъхъæнынæн доныбылтæ фидаргæнæн амаддзæгты бындурон цалцæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах дарддæр дæр архайдзыстæм, стыр æххуыс нын чи кæны, уыимæ – федералон программæтæм хъæугæ мадзæлттæ бахæссынмæ, уыцы профилон министрадимæ æнгом  æмгуыстад хъомысджындæр кæныныл, –  фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here