Куыст – циндзинады гуырæн, зæрдæйы рухс

0
36

Хуссар Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иуы цæрынц æрыгон бинонтæ. Уыдонæн сæ къухы бафтыд сæ хæдзарад фæдарынæн традицион хъæууон цардыуаг нырыккон технологитимæ баиу кæнын. Бинонты хицау Джиоты Альберт, йæ бинойнаг Хъазиты Азау, сæ дыууæ гыццыл чызджы Мия æмæ Мария, афтæмæй Интернеты амоны хи блог, чи йæ кæсы, уыдонæн дзуры фермерон царды хабæрттæ.

Фосдарынады хъуыддæгтæ Альберт зоны йæ сабибонтæй фæстæмæ. Зæххы куыст уарзы, фосмæ зилы. Йæ хистæртæн æххуыс кодта, ныр та йæм ис хи фосдарынадон фермæ. Раздæр Джиотæ сæ хæдзарад дардтой Цхинвалы кæрон, фæлæ, хизæнуæтты бынаты цæрæн хæдзæрттæ куы сарæзтой, уæд фосы уавæрыл мæт кæнын бахъуыд. Раст зæгъгæйæ, æнæ ‘ххуысæй нæ баззад. Уæзæгты Константин æмæ Джиоты Фидары руаджы фос бахъахъхъæдта, Цхинвайлаг районы Хеиты хъæуы райста зæххы хай.

Цыдæриддæр дзы ногæй фæзынд, уыдон Джиойы-фырт йæхи къухтæй сарæзта, фæлæ, сæйрагдæр зындзинад, электрон тых дзы кæй нæй, уый у. Бахъуыд æй генератор æлхæнын, фæлæ уæддæр фарста æндæр хуызы хъæуы лыг кæнын. Хи хъаруйæ электрон тых æртæ фазæйы бæрц бауадзынæн хъæуы æхца. Иу рæстæг дардтой фыстæ, фæлæ сын сæ бирæгътæ бахордтой.

Ныртæккæ дарынц хъуццытæ, бырынкъджынтæ, кæрчытæ. Фæнды йæ стурвосы нымæцыл бафтауын, бассейны кæсаг дарын, хъæрмуæттæ саразын. Фæлæ йын уыдæттæн фæрæзтæ нæ фаг кæны. Фермеры алы бон дæр райдайы хурыскастимæ. Фосмæ базилы, холлаг сын ратты, уый фæстæ Азау бавналы хъуццытæ дуцынмæ, холлаг цæттæ кæнынмæ, æндæр хъуыддæгтæм. Азау у бæрнон: цыхтытæ æрцахсы, уæй кæны æхсыр дæр.

Кæд æмæ Джиоты Альберт сæрмагонд нысаниуæджы къорды уæнг у, уæддæр хæдзарадыл уый нæ зыны. Азау та раздæр уыд ансанбль «Симд»-ы музыкалон кусæг, ныртæккæ йæ сæры хицауæн æххуыс кæны бинонты хъуыддаджы. Фермеры хатдзæгмæ гæсгæ, хъæууон фыдæбон хуымæтæг куыст нæу, уый цардыуаг у, нæдæр дзы хуыцаубонтæ ис, нæдæр – бæрæгбæттæ. Фæлæ, сæ куысты фæстиуджытæ фенгæйæ, сæ зæрдæтæ барухс вæййынц.

Цыхт ахсгæйæ дæр пайда кæнынц фыдæлтыккон фæлтæрддзинадæй, пепсинты кой сæм нæй, æхсыр уæй кæнынц зонгæтæн. Фæстæдæр райдайдзысты æхсырагурджыты хыгъд парахат кæнын. Фæнды сæ, цæмæй адæм зоной, æхсыры литры фæстæ ахъаззаг фæллой кæй лæууы, фос зылд кæй домы, хæдзарад дарыны хъуыддаг фидар фæткыл кæй ис, уый.

Хæдзарадон архайд фæхъомысджын кæнынæн райсæн ис æфстау, фæлæ йæ цы 800 мин сомы хъуыд, уыдоны бæсты Джиойы-фырт райста æрмæстдæр 500 мин сомы. Æхцайы иу хайæ тракторæй ралæгъз кодта рагон акъоппыты дзыхъхъытæ, йæ мызд у 35 мин сомы, арæзтæдты куыстыты дæр ма балæууы…

Фермæ фестырдæр, фæхъомысджындæр кæнынæн сæ хъæуы электрон тых бауадзын, æнæ уымæй сыгъдæггæнæнтæ нæ сараздзынæ, фосы фæстæ æфснайынæн хъæугæ ифтонггарз нæ сæвæрдзынæ. Нæлхæ скæнынæн сæ хъæуы цæрвцæгъдæн балхæнын, кæд уал хуры батарейтæ сæвæра, æндæр гæнæн нæй. Фæлæ растдæр æмæ хуыздæр у электрон тых æрбауадзын.

Альберт æмæ Азауы зæрды ис фос 60 сæры онг фæфылдæр кæнын, афтæмæй сæ бон бауыдзæн æхсыр æрвылбон исын, хæдзар, хъæугæ кусæн бæстыхæйттæ саразын. Хæдзары цур та æхсыр уæйгæнæн байгом кæнын. Проект Альберт йæхæдæг сарæзта, арæзтадон факультеты ахуыры азтæ йын фæахъаз сты. Йæ бæллиц у цæрджытæм хæрзхъæд бынæттон продукци хæццæ кæнын, рагон традицитæ хъахъхъæнгæйæ, хъæууон хæдзарады рæзтыл кусын. Чи æрбацæуы Хеиты хъæумæ, уыдон тынг бадис кæнынц сæ тырнындзинадыл, алкæмæй дæр бузныг сты.

Джиоты бинонты зонынц æрмæст Хуссары нæ, фæлæ æддагон бæстæты дæр, уый та Интернеты хи блог кæй байгом кодта, уый руаджы. Альберты бафæндыд сæ цард равдисын. Æцæгæйдæр, бирæтæ нæ зонынц, хæдзарад куыд арæзт у, уый. Йæхæдæг дæр арæх фæкæсы, дунейы адæм сæхи хъуыддæгтæ куыд аразынц, куыд слæууынц сæ къæхтыл, уымæ.

Уæрæсейы, æндæр бæстæты цæрджытæ æхсызгонæй кæсынц интернеты Альберты куыстмæ æмæ, сын баххуыс кæнынмæ чи вæййы цæттæ, чидæртæ сæ разыйæ баззайынц… Джиотæ, сывæллæттæ хæдзары фосмæ куыд райгондæй зилынц, уыдæттæ æвдисынц. Уæлдай ахорæнтæ дзы нæ вæййы, хъуццыты райсомы æрдыгъд, ноггуырд рæуæдты фыццаг къахдзæфтæ, быдыры куыст, хос куыд кæрдынц, куыд æфснайынц… Мия уарзы кæрчытæн хæринаг дæттын, Мария та – рæуæдтæн хъæбыстæ кæнын… Видеоæрмæгмæ кæсджытæ сæм æрвитынц сæ фыстæджытæ.

Чызджытæн кæрчытæ æмæ хъуццытæ систы хæдзары уарзон цæрæгойтæ, нæ сæ тæрсынц, хæринаг сын дæттынц, семæ хъазынц. Афтæмæй сæ зæрдæты фæзыны фæллоймæ уарзондзинад. Ныртæккæ интернеты Джиотæм кæсы 700 адæймаджы, се ‘нтыстдзинад баст у царды æцæгдзинадимæ.

Азауы загъдау Интернеты фæрцы сæ афтæ бирæ адæм кæй базондзæн, уый æнхъæл нæ уыдысты. Альберт куыд дзуры, афтæмæй, сывæллæттæ зæххы куыстæн аргъ куы кæной, уæд уый амонд у…

Хъæцмæзты Зæринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here