РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Цæгат Кавказы федералон зылды Æддагон-базарадон банчы разамонæг Александр Дыренкоимæ. Рæгъмæ рахастæуыд дыууæвæрсыг æмгуыстады æмæ социалон иумæйаг проекттæ царды рауадзыны нысантæ.
Æддагон-базарадон банчы æххуысæй 6-12 июлы республикæйы уыдзæн, традицион чи ссис, уыцы Æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Фыдыуæзæгмæ фæндагыл». Ацы ран банк йæхи æвдисы фестивалы генералон æмгуыстгæнæджы хуызы. Программæйы сты бæстæйы горæтты театрты спектакльтæ, концерттæ, дæсныдзинад æвдисыны мадзæлттæ.
Александр Дыренко куыд радзырдта, афтæмæй уыцы рæстæг Дзæуджыхъæу суыдзæн стыр сценикон фæзуат, банк æхсызгонæй ацы культурон проекты цур кæй балæудзæн, уый фæрцы. Ныхас ма рауад «Пушкинаг картæ»-йы тыххæй дæр. Æддагон-базарадон банчы хицауы ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Кавказы федералон зылды ацы картæйæ æппæты рæвдздæр пайда кæнынц Цæгат Ирыстоны.
Зæгъæм, ацы азы райдайæнæй «Пушкинаг картæ» рауадзыны тыххæй Цæгат Кавказы федералон зылды æрыгæттæ балæвæрдтой 300 мин курдиаты, схардз сыл кодтой 400 милуан сомы. Фембæлды ма æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны «Нымæцон къабаз»-ы проекты гæнæнтæй спайда кæныны тыххæй. Уый фæрцы скъоладзаутæн фæзындзæн цалдæр авналæны баивыны фадат. Уæдæ ныййарджыты фадæттæ дæр фæуæрхæдæр уыдзысты.
Бетъырбухы дунеон экономикон форумы РЦИ-Алани æмæ Æддагон-базарадон банк цы бадзырд бафыстой, уый зынгæ фæуæрæхдæр кодта æмгуыстад. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй, Æддагон-базарадон проекттыл банк цы социалон æмæ инвестицион проекттыл архайы, банчы бæрны уæвæг нырыккон технологитæ æмæ авналæнтæ республикæйæн бар дæттынц, цæмæй йæ размæлæууæг нысантæ афойнадыл лыггонд цæуой. Сергей Меняйло ма бузныг загъта банчы разамындæн æмгуыстады тыххæй.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














