Ирыстоны хуыздæр дохтыртæ

0
11

Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы кæронбæттæн скодтой премийæн «Мегадоктор: 2026 азы Ирыстоны медицинæйы рæзтмæ стыр бавæрæн». Сæ проекттæ рæгъмæ рахастой æмæ сæ комкоммæ уагæй экспертты цур хъахъхъæдтой регионы хуыздæр дохтыртæ.

Преми раттыны хъæппæрис ныр æртыккæгæм хатт æвдисынц РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад, Медицинон академи æмæ компаниты къорд «Мега». Ацы хъуыддаг æрбаиу кодта дохтырты, ахуыргæндты, практикон æгъдауæй сæ арæхстдзинад æвдисæг специалистты. Уыдоны руаджы рæзы æнæниздзинады хъахъхъæнынад Цæгат Ирыстоны.

Кæронбæттæнмæ рацыдысты фараст специалисты, уыдон къорды уæнгтæн радзырдтой сæ куыстыты,  сæ иртасæнты тыххæй, медицинон технологитæ цардмæ куыд хæссынц, уый тыххæй, стæй дзуаппытæ раттой экспертты фарстатæн. Фыццаг преми лæвæрд æрцыд уæлдæр къæпхæны дохтыр-травматолог Плиты Маратæн, амбылдта «Ирыстоны фыццаг хатт кæй сарæзтой, ахæм операци»-йы номинацийы. Уыцы операци нымад æрцыд регионы нырыккон травматологийы ахъаззагдæр къахдзæфыл.

«Ирыстоны низ раиртасыны ног фадæттæ æмæ сæ дзæбæх кæнын»-ы номинацийы фæуæлахиз дохтыр-онколог-маммолог Инна Петриашвили. Уый бацæттæ кодта риуы фæзынæг онкологон низтæ раиртасыны æмæ сæ дзæбæх кæныны мадзæлтты тыххæй проект. Наукон куысты номинацийы уæлахидзау ссис дохтыр-кардиолог, медицинон наукæты кандидат Бигъанаты Руслан. Йæ куысты раиртæста, зæрдæйы алыварс тагъд æрцавдыл алыхуызон архайæг тыхтæ куыд зынынц, уыдæттæ.

Эксперттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй премийы руаджы медицинон æмæхсæнад сæ дæсныйадон хъæппæристæ рæгъмæ хæссынц, кусынц сыл, ног технологитæй пайда кæнынц, Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады раззæгдæр практикæтæ царды уадзынц.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here