Хæххон паддзахадон аграрон университеты арæзт æмбырды рæстæг ахуырадон проект «Фермеры скъола»-йы цыппæрæм хай кастфæуæвæг 30 адæймагæн дипломтæ раттой.
Программæ баххæст кодтой «Россельхозбанк», Уæрæсейы Хъæууон хæдзарады министрад æмæ Цæгат Ирыстоны Хицауады æххуысæй. Дыууæ мæйы æмæ æрдæгмæ проекты архайджытæ зæхкусæг-фермерон хæдзарад саразыны, агротуризмы райрæзт æмæ агропромышленнон комплексы къабазы бизнесы куыст æххæст кæныны фæдыл программæтæ рахатыдысты. Проекты цыппæрæм хайы рæстæг ахуырад ацыдысты архайæг амалиуæггæнджытæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинойнæгтæ, стæй, амæй размæ амынд проект каст чи фæци, уыдоны хиуæттæ.
Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь æмæ «Россельхозбанк»-ы Бизнесы райрæзты цæгатирыстойнаг центры директор Мзокты Олег ног фермертæн профессион уагæй ногæй бацæттæ кæныны тыххæй дипломтæ раттой. Ахуырадон курсыты æппæтæй разæнгарддæрæй чи архайдта, агроуниверситеты ректор Гогаты Олег ахуыргæнæндоны питомникæй дыргъбæлæсты талатæ райсыны бардæттæг сертификаттæй уыцы фондз адæймаджы уæлæмхасæн уагæй схорзæхджын кодта.
Фæззæджы агроуниверситет æххæст кæнын райдайдзæн ахуырадон программæйы фæндзæм хай.
РЦИ-Аланийы Хъæууон хæдзарады министрады пресс-службæ














