Оперативон штабы æмбырд

0
11

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Серей Меняйлойы разамындæй ацыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указмæ гæсгæ арæзт цардыуаджы æппæт къабæзты æнæкъуылымпы куысты, терроры ныхмæ, инфраструктурон куыстуæттæ, организацитæ æмæ æхсæнадон уагæвæрд зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны мадзæлттыл дзуапдæттæг республикон Оперативон штабы æмбырд.

Боны фæткы сæйрагдæр фарстатæ уыдысты Цæгат Ирыстоны фæзуаты аразгæ дефицит, æнæбындурон бæрзонд æргътæ сæвæрын ма бауадзын хæдтулгæты артагæн. Сфидар кодтой фæстауæрцы æнæивгæ норматив, стæй уæлрадон æмæ коммуналон службæты моторон артагæй пайда кæныны фæтк. Уымæй уæлдай, æркастысты регионы артаг æмæ энергетикæйы объекттæ терроризмæй бахъахъхъæныны куысты бæрæггæнæнтæм.

Æмбырды архайдтой барадхъахъхъæнæн, цæстдарæн, дзуапдæттæн ведомствæты, æххæстгæнæн хицауады оргæнты минæвæрттæ æмæ республикæйы районты бынæттон хиуынаффæйады сæрдартæ.

Æмбырд байгомгæнгæйæ, Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, ныртæккæ артаджы фарста рæстмæ алыг кæныны тыххæй æппæт мадзæлттæ дæр арæзт кæй цæуы.

– Æнæбындурон стыр бафарст кæй ис заправкæты, уый аххосæй дзы стыр рад сæвзæры, артаджы аргъ та фæбæрзонддæр вæййы. Уæ хъус дарут, цæмæй автозаправкæты станцæты хицæуттæ артаг гыццылдæр уæй кæныны уынаффæ сæхæдæг ма хæссой. Æппæт уынаффæтæ дæр,  ахæм æнæмæнгхъæугæ уавæр куы сæвзæра, уæд хъуамæ уынаффæ кæна æрмæстдæр республикæйы Оперативон штаб. Автозаправкæты хицæуттæ сæхæдæг артаджы æргътыл куы схæцой кæнæ та, гыццылдæр куы уæй кæной, уæд сæ ныхмæ хъæугæ мадзæлттæ конд æрцæудзæн, – загъта Сергей Меняйло.

Æмбырды архайджытæ æркастысты республикæйы цæрджытæ, куыстуæттæ æмæ, социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы организацитæ æнæкъуылымпытæй артагæй æфсадынæн уæлæмхасæн мадзæлттæм. Ныхас ма цыди регионы артаг æмæ энергетикæйы комплекс терроризмы фæзындтытæй бахъахъхъæныны тыххæй æдасдзинадæн тæссаг сæвзæргæ уавæртыл.

Фарстаты фæдыл докладтæ скодтой: РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур, монополиты ныхмæ федералон службæйы управленийы разамонæг Плиты Алан æмæ иннæтæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Сæрдары пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here