Сæ нæмттæ рох нæ уыдзысты

0
8

Æрвылаз 1 июлы Уæрæсейы фæбæрæг кæнынц, 1945 азы фæстæ, хæцæнгарзимæ Фыдыбæстæ чи хъахъхъæдта алыхуызон хæстон ныхмæлæуды рæстæг, уыцы ветеранты бон. Афганистан, Сири, Цæцæны хæст æмæ иннæ хæстон операциты цы хъæбатыр лæппутæ архайдта, уыдоны кадæн Дзæуджыхъæуы, Æфсæддон намысы аллейы 2024 азы  æвæрд æрцыд стыр дур. Ацы сæрмагонд бынаты хæстæгдæр рæстæг æвæрд æрцæудзæн цыртдзæвæн контртеррористон операцийы архайджытæн.

Знон мысæн бынатмæ æрбамбырд бирæ адæм.

Хъæдгæройнаг Лолаты Ритæ, Альбинæ æмæ Эльвирæ ныр 30 азы мысынц сæ иунæг æфсымæры. 1996 азы йе ‘фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ, Лолаты Æхсар хъæбатырæй фæмард Цæцæны хæсты. Афицерыл цыд æрмæст 25 азы. Йæхи цард ратгæйæ, бахъахъхъæдта бирæ æфсæддонты фыдбылызæй. Йæ ном хæссы хъæуы уынгтæй иу.

Дзæуджыхъæуы 17-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнæг Зæнджиаты Зæринæимæ ‘рбацыдысты мадзалмæ. Сæ кълас сæрыстырæй хæссы хæстон быцæуты ветеран, ацы скъолайы рауагъдон Цæболты Владимиры ном. – Æнæмæнг, рæзгæ фæлтæримæ хъæуы патриотон-хъомыладон куыст кæнын. Хъуамæ сывæллæттæ зоной сæ хъæбатыр æмзæххонты нæмттæ, – загъта Зæринæ.

Николаевскы станицæйæ ссыд Цæллаты Альбинæ. Ацы бонмæ йæм ис уæлдай зæрдæйы ахаст. Фæсарæйнаг æвзæгты ахуыргæнæг кусы бынæттон скъолайы. Йæхи хъæппæрисæй райдыдта хъæугæ æмæ вазыгджын куыст. Интернеты тыгъдады бацыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фондмæ.

– Махæй рохуаты не сты нæ хъæбатырты нæмттæ. Арæх нæм скъолайы вæййы цымыдисаг мадзæлттæ. Ныртæккæ бирæ фæсивæд, уыдонимæ нæ ахуырдзаутæй цалдæры ныййарджытæ, архайынц cæрмагонд æфсæддон операцийы. Райдыдтон сыл æрмæг æмбырд кæнын, фæстæдæр мæ куыст рапарахат. Бацæттæ кодтам проект «Ирыстон æмæ Хъырымы хъæбатыртæ». Хистæр фæлтæримæ æмбæлгæйæ, хъæугæ информаци æмбырд кæндзыстæм æппæт хæстон быцæуты ветеранты тыххæй, – зæгъы Альбинæ.

Адæм, æнкъардæй лæугæйæ, хъуыстой, Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыдоны бинонты  æхсæнадон организацийы цæгатирыстойнаг хайады сæрдар Татьяна Днепровскаяйы раныхасмæ.

Æмбырды архайджыты раз раныхас кодта горæты æфсæддон комиссариаты минæвар Игорь Нагайцев.

– Бирæ азтæ рацыд, фæлæ зæрдæйы хъæдгом нæ дзæбæх кæны. Бузныг, чи ‘рбацыд, чи нæ рох кæны хъæбатырты нæмттæ, уыдонæн, – загъта Татьяна Днепровская.

Хæстæгдæр рæстæг цыртдзæвæн кæм уыдзæн, уыцы бынаты сæвæрдтой бирæ дидинджытæ.

Гугкаты Жаннæ,

къам систа Татьяна ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here