Бæрзонд æнтыстытæ

0
5

Фесты рауагъдонты фæлварæнтæ. Нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз Иумæйаг фæлварæн Цæгат
Ирыстоны скъоладзаутæ раттой æнтыстджынæй, бæрзонд бæрæггæнæнтимæ. Астæуккаг скъола каст чи фæцис, уыцы чызджытæ æмæ лæппуты ‘хсæн ис, сыгъзæрин майданыл чи фæци, ахæмтæ дæр. Сты 43 скъолайы ахуырдзаутæ, æдæппæт –  268 адæймаджы.

Цалдæр боны размæ, Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театры РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло кадджын уавæры ратта, «За особые успехи в учении»-йы фыццаг къæпхæны аттестаттæ æмæ сыгъзæрин майдантæ рауагъдонтæн. Нæ республикæйы Сæргълæууæг зæрдæбын арфæтæ ракодта æрыгон фæлтæрæн, сæ ныййарджытæ  æмæ  ахуыргæнджытæн.

– Абон вазыгджын  æмæ рæсугъд  бæрæгбон канд медалисттæн нæу, фæлæ æппæт скъолаты рауагъдонтæн дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыры æнтыстдзинæдтæ алкæй къухы нæ бафтыдысты, фæлæ йæ тых æмæ зондæй чи архайдта, уыцы сывæллæттæн та бæрзонд бæрæггæнæнтыл фæуын бантыст. Æрмæст уый нырма уæ царды фыццаг æмæ цыбыр æнтыстдзинад у. Разæй уæм кæсы уæ сæйрагдæр – амонд æмæ профессионализмы фæндаг, æмæ уæ йæ алчидæр бæстон ыл хъуыды кæнгæйæ равзарæд. Уæлдай бузныджы ныхæстæ зæгъын, бæрзонд æнтыстытæм уæ чи хуыдта, ахуыры бирæ зонындзинæдтæ кæй фæрцы райстат, уыцы ахуыргæнджытæн, бузныг уæ ныййарджытæн дæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы, фидæны нæ чысыл Ирыстон æмæ егъау  бæстæ сымахæй сæрыстыр куыд уой, ныфсджынæй цæут уæ равзæрст фæндæгтыл, – загъта Сергей Меняйло.

Сæдæгай баллтæ  цалдæр предметæй чи райста, ахæм рауагъдонтæ æртæ сты: Черчесты Алыксандр, Гусалты Валерия æмæ  Амина Омарова.

 Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here