Æнæхин æмæ зæрдæхæлар бинонтæй зыдтой стыр Елхоты Бохаты Юри æмæ йæ цардæмбал Тменаты Раисæйы. Хъыгагæн, Юри цалдæр азы размæ ацыд йе ‘цæг дунемæ, фæлæ Тменон дарддæр хæццæ кæны хæдзары æмæ Бохаты мыггаджы фарн. Æрæджы йæ райгуырдыл сæххæст 85 азы.
— Хорз зыдтон æмæ абон дæр зонын Бохаты æмæ Тменаты бинонты, — зæгъы Елхоты хъæуы абоны хистæртæй иу, Цæгат Ирыстоны кадджын ветеран Хабæты Батмырзæ. — Куы бахæстæг кодтой, уæд сæ циныл цин кодтой æгас хъæубæстæ. Дыууæрдыгæй дæр — хæрзæгъдау, æфсармджын, зæрдæхæлар æмæ фæллойуарзаг адæм. Уымæн сын уыдис стыр кад æппæт хъæубæсты.
Хæсты сывæллæтты фæлтæры минæвар Раисæ хæрз æрыгонæй æрлæууыд фæллойы фæндагыл. Балæууыд йæ мады фарсмæ æмæ йын æххуыс кодта, йæ хъару цас амыдта, уый бæрц. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Елхоты консервгæнæн заводмæ хуымæтæг кусæгæй. Уæлдæр ахуырад райсынæн ын фадат нæ уыд. Тменон куыстуаты æппæт фæллойгæнджытæн дæр йæхи бауарзын кодта, хæдæфсарм æмæ æнæзивæг кæй уыд, уымæй. Фæлтæрдджын кусджытæ та йын æнæвгъау амыдтой куысты сусæгдзинæдтæ.
Никуы рох кодта Раисæйæ ахуыры фæндаг, йæ фадæттæм гæсгæ райста базарадон кусæджы дæсныйад æмæ фæкуыста Кировы районы фæлхасадон къабазы пенсимæ рацæуыны онг.
Йæ цардæмбал Юриимæ схъомыл кодтой æмæ царды фæндагыл сарæзтой иунæг цъæхдзаст чызджы. Уый дæр у сæхи хуызæн уæздан, адæмæн уарзон йе ‘гъдау æмæ йе ‘фсармæй. Ныр йæхицæн ис æртæ хъæбулы, уыдоны рæвдауынæй мадымад не ‘фсæды.
— Афтæ бафæндыди Томæ æмæ сиахс Энгельсы, цæмæй ацы бон нæ æртæ кæрдзынмæ æрхонæм нæхиуæтты, мыггаг, сыхбæстæ, — дзырдта Тменон. — «Нæ» зæгъын сын не сфæрæзтон.
Æмæ рæсугъд рауад йæ бæрæгбон Бохаты-Тменаты Раисæйæн. Æрбамбырд сты йæ циныл бацин кæнынмæ йæ тиу Барисы (рухсаг уæд) фырттæ Батрадз æмæ Чермен сæ бинонтимæ, Бохаты мыггаджы минæвæрттæ, бирæ хиуæттæ æмæ хæлæрттæ, сиахсы бинонтæ. Иу иннæмæй хуыздæр арфæтæ фæкодтой юбилярæн.
Сæмбæлдысты бинонты бæрæгбоны кадджын уазджытæ дæр: Кировы районы Ветеранты уынаффæдоны сæрдар Бедойты Феликс, «Аланты Ныхас»-ы районы хайады уынаффæдоны сæрдар Къубалты Солтан, ацы хайады хистæрты къорды сæрдар Хабæты Батмырзæ. Кировы районы ныр дыууын азæй фылдæр ис хорз фæтк: хистæр фæлтæры минæвæртты районы разамынды Кады гæххæттæй схорзæхджын кæнын. Уазджытæ уыцы хæс сæххæст кодтой. Кады гæххæтты загъд ис: «Бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллой кæй фæкодта æмæ Кировы районы райрæзтмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый фæдыл æмæ йæ райгуырды 85 азы кадæн. Районы администрацийы сæргълæууæг Батиаты Хъазыбег».
Бедойты Феликс ма юбилярæн скодта зæрдылдарæн лæвар районы хистæр фæлтæры номæй.
Сæ цард сæхи фæндиаг рæсугъд æмæ амондджынæй цæуæд Тменаты Раисæ æмæ йæ байзæддæгтæн!
КЪУБАЛТЫ Аркади














